Фӕндӕгтӕ цалцӕггонд ӕрцыдысты

0
280

Мӕздӕджы фӕндӕгты 18 участочы цӕмӕй цалцӕггонд ӕрцӕуой, ууыл бацархайдтой ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты активисттӕ. Ацы фӕндӕгтӕ  бахастой цалцӕггӕнинӕгты номхыгъдмӕ ӕмӕ йӕ барвыстой регионы разамындмӕ.

— Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты фӕндаггон инспекци Цӕгат Ирыстоны ӕртыккаг аз ӕххӕст кӕны проект  «Мард фӕндӕгты картӕ». Уыцы рӕстӕгмӕ дзӕуджыхъӕуккаг фӕндӕгтӕ цалцӕггонд цыдысты ӕнӕкъуылымпытӕй, мӕздӕггӕгтӕ та — къуыхцытимӕ. Адӕм иудадзыг фӕндӕгты уавӕрӕй хъаст кодтой. Ацы аз уавӕр цӕхгӕр  аивта, ӕрӕджы радон рейд сарӕзтам Мӕздӕджы районы сӕргълӕууӕг ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ.  Кировы, Юбилейон ӕмӕ Октяброн уынгты, стӕй транспорты ӕрлӕууӕн бынӕтты уавӕрӕй разыйӕ баззадыстӕм, горӕты кӕройнаг фӕндӕгты уавӕр та фӕуинаг у. Зӕгъӕм, Сырхӕфсӕддонты ӕмӕ Соколовскийы уынгты бордюртӕ кӕй нӕй, стӕй дзы канализацион люктӕ асфальтӕй ӕмбӕрзт кӕй сты, адӕм уыдӕттӕй ӕмӕ ӕндӕр ӕууӕлтӕй хъаст кодтой. Адӕм дзӕвгар рӕстӕг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты,  уыцы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуой, — зӕгъы  проектмӕ  цӕстдарӕг Таутиаты Хъазыбег.

Чи раргом, уыцы аиппытӕм се ‘ргом аздӕхтой районы разамонджытӕ ӕмӕ  баныхас кодтой хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕныныл.

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here