Ног азы къӕсӕрыл мыхуыры рацыд УФ-йы профессионалон литераторты цӕдисы республикон хайады альманах «Хӕххон дымгӕ»-йы радон номыр.
Куыд алы хатт, афтӕ та ныр дӕр альманахы 29-30 иугонд чиныг рауад тынг хъӕздыг поэтикон, наукон, прозаикон, публицистон, зонадон ӕрмӕгӕй. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй альманах цӕуы ӕртӕ ӕвзагыл иронау, уырыссагау ӕмӕ англисагау. Рубрикӕ «Нӕ уазджытӕ»-йы бынмӕ дзы бакӕсӕн ис УФ-йы сгуыхт ахуыргӕнӕг Биазырты Валентинӕйы, фысджытӕ Томайты Мисурханы, Багаты Аврамы, Тарасян Сергейы, Патриспанян Каринӕйы уацтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, прозаикон уацмыстӕ.
Профессионалон литераторты цӕдисы уӕнгтӕй альманах мыхуыр кӕны Цомартаты Дунетханы, Торчынты Хъазыбеджы, Бӕдтиаты Юрийы (уый у альманахы сӕйраг редактор), Хадыхъаты Фатимӕйы, Ларисӕ Смагинайы, Гуыбыраты Зӕлинӕйы, Альбинӕ Зайцевайы, Таисия Григорьевайы поэтикон уацмыстӕ. Уыдонӕй сӕ алкӕцыдӕр ӕвдисы сӕ авторты миддунейы, уды ӕмӕ зӕрдӕйы рӕсугъддзинад.
Прозӕйӕ та дзы мыхуыргонд ӕрцыдысты Дауыраты Зояйы, Айларты Вероникӕйы, Касаты Аслӕнбеджы, Виктория Кириловайы, Галинӕ Королевайы, Торчынты Амырханы уацмыстӕ.
Рубрикӕтӕ «Наукон цард»-ы ӕмӕ «Публицистикӕ»-йы бынмӕ дзы ис Гасанты Валерийы, Наталья Куличенкойы, Тменаты Дзерассӕйы, Хъаныхъуаты Зӕлинӕйы, Дзодзыккаты Маргаритӕйы, Гуырионы, Мамиаты Изетӕйы, Цориты Ингӕйы, Баскаты Уырызмӕджы, Шестерова Людмилӕйы, Александр Энглезийы, Тъехты Тамерланы уацтӕ. Чи сӕ бакӕса, уый базондзӕн бӕлвырд цымыдисаг факттӕ нӕ Ирыстоны ирон мыггӕгты ӕхсӕн цавӕр бастдзинад ис, зындгонд ахуыргонд, рухстауӕг Цагъаты Анастасияйы, Бӕдтиаты Юри ӕрӕджы, Хетӕгкаты Къостайы ирон ӕмдзӕвгӕты чиныг «Ирон фӕндыр» уацмыстӕ уырыссаг ӕвзагмӕ кӕй раивта, уыцы ног уагъд чиныджы тыххӕй рецензи ӕмӕ Педагогон институты фольклорон-этнографион ансамбл «ӕртхурон»-ы тыххӕй ӕрмӕджытӕ.
Уыдонӕй уӕлдай альманах «Хӕххон дымгӕ»-йы ног иугонд номырӕй базондзыстут УФ-йы профессионалон литераторты цӕдисы ӕхсӕнадон, сфӕлдыстадон царды ног цаутӕ. Альманах хорз сфидыдта цӕдисы уӕнгты къухтӕй конд нывӕфтыды аивадон куыстытӕй.
Анвараты Валери