Ногбоны “сой-сой”

0
327

Ӕрцӕуы та зӕронд нымадӕй Ногбон. Адӕймаг бӕллицтӕй, ныфсытӕй цӕры. Ӕнӕ ныфс нӕртон хъару дӕр асӕтты ӕмӕ къӕдзӕх уӕйыг зыгуымы голлаг фесты, ӕнӕ ныфс зонд дӕр саумылаз сӕвӕры, адӕймаг джихтӕ кӕнын райдайы.

Ӕрцӕуы та зӕронд нымадӕй Ногбон, ӕмӕ та мах дӕр нӕхицӕн хуыздӕр фидӕнӕй ныфсытӕ ӕвӕрдзыстӕм. Фӕлӕ ивгъуыд, абон ӕмӕ фидӕн иу халыл ӕртӕ фӕрдыджы хуызӕн сты, кӕрӕдзийӕ сын фӕхицӕнгӕнӕн нӕй. Абон ивгъуыды фарнӕй фӕрнджын куы нӕ уӕм, уӕд бӕллиццагдӕр фидӕнмӕ цӕуӕн нӕй.

Ӕмӕ та мӕ бафӕндыд нӕ ивгъуыды сатӕг суадонӕй баназын. Мӕ цӕстытыл та ауадысты нӕ Ногбоны размӕ хӕдзары змӕлдтытӕ.

Мах-иу цыппар ӕфсымӕрӕй, нӕ мад ӕмӕ нӕ фыдымады фӕстӕ рауай-бауай кодтам, сӕ алы змӕлдмӕ дӕр сын кастыстӕм. Фыркъатӕ, цӕукъатӕ, дедатӕ ӕвзалы цӕстытимӕ ӕмӕ Ног азмӕ цӕттӕ кӕныны бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ. Хӕдзары иу дурын пец уыд. Суг-иу дзы бандзӕрстой, стӕй-иу ыл уӕле ӕвзалы ныккалдтой. Хӕдзары уӕттӕн-иу сӕ дуӕрттӕ байгом кодтой, ӕмӕ-иу къуымтӕ иууылдӕр схъарм сты. Сылгоймӕгтӕ пецы цур архайдтой ӕмӕ сӕ хъыгдаргӕ кодтам. Мӕ мад-иу дзулфыцӕны дуар рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фегом кодта, ӕмӕ йӕ цӕстӕй царв кӕмӕн лӕпъиры, ахӕм уӕливых райста. Хъазы сис тад царвы атылдта ӕмӕ йӕ байсӕрста. Рӕстӕггай-иу пецы зынгтӕ ӕртыскӕн кӕнӕ къадзонӕгӕй асхъаудта, цӕмӕй ма мынӕг кӕной. Хъыгдаргӕ кӕй кодтам, уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ иннӕ уатмӕ нӕ фыдыфыдимӕ арвыста. Уымӕн йӕ сынтӕг уыд пецы фӕсчъылдыммӕ. Пецы тӕвдӕй-иу къул дзӕбӕх схъарм ис, ӕмӕ-иу уыцы хъарммӕ мах дӕр иуафон тӕгӕрфынӕй аистӕм, йӕ таурӕгъмӕ хъусгӕйӕ. Фӕлӕ-иу уӕддӕр, нӕ зӕрдӕ фынгмӕ ӕхсайдта ӕмӕ-иу иуафон, ӕмбисӕхсӕвмӕ ӕввахс, райхъал стӕм, ӕмӕ-иу Ног азы дзаджджын фынгыл рабадтыстӕм. Ӕмӕ ма дӕ хъӕуы — нал…

Бон-иу дзир-дзир кодта, кӕркуасӕнтӕ-иу ахицӕн сты, афтӕ-иу мӕ мӕ фыдыфыд сӕумӕцъӕхӕй сыстын кодта, цом ӕмӕ «сой-сой» скӕнӕм, зӕгъгӕ. Хуыссӕгхъӕлдзӕгӕй-иу хъӕдхъиутӕй рабадтӕн. Уый-иу уӕхстыл фиутӕ бакодта ӕмӕ-иу цӕхӕрадоны бандзӕрста, рагацау цы хус цъыхырытӕ ӕмӕ хъӕмп ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл. Арт-иу уайтагъд схӕцыд, йӕ базыртӕ-иу сцагъта. Уый-иу мын мӕ къухы уӕхст фӕсагъта ӕмӕ-иу загъта: «Артмӕ йӕ бадар ӕмӕ, сой-сой, хингӕнӕджы цӕстытӕ басудзӕнт» — ныхъхъӕр кӕн. Ӕз ӕрдзӕй фырнымд, ӕфсӕрмыгӕнаг рахастон, фылдӕр мӕхинымӕр дзурын уарзтон, ӕмӕ мӕ хъӕр мӕхимӕ дӕр нӕ фехъуыст. Ныхъхъӕр кӕн тынгдӕр, нӕ цъыхырытӕ фӕфӕуынц, зӕгъгӕ, мыл схъӕр кодта уый, фӕлӕ дзы ницы рауад, ӕрмӕст сӕргуыбырӕй кастӕн, уӕхстӕй фиутӕ артмӕ куыд тӕдзынц, уымӕ. Ӕрмӕст-иу дӕлӕсыхӕй, уӕлӕсыхӕй хъуыстис хъӕлӕсджын лӕппуты: «Сой-сой!..»

Нӕ кӕддӕры нӕргӕ паддзахад уыд Ногбоны ӕртхуроны гуыдынау. Ӕртхурон та иу бинонтыл дих уыд, ӕмӕ мах дӕр иу бинонты цард кодтам. Алчидӕр дзы барджынӕй иста йӕхи хай. Ныр алкӕмӕн дӕр ис йӕхи ӕртхурон, кӕрӕдзийы хӕйттӕм ӕвналын нӕ фӕччы. Фӕлӕ адӕмы ‘хсӕн сындз телӕй гӕрӕнтӕ скӕнӕн нӕй, сӕ сӕрты цъиу дӕр куы нӕ атӕха, сӕ бынты мӕлдзыг дӕр куы нӕ бабыра, хи сойы кӕдмӕ фехсиддзынӕ.

Адӕм «сой-сой» дӕр уымӕн кодтой, ӕмӕ ӕвзӕрстой къух, къах, цӕст, йӕ къах, йӕ къух бӕззы, йӕ цӕст уарзы, нӕ уарзы, уый. Ӕууӕндыдысты цӕстӕфхӕрд, цӕстдзыдыл. Роды, хъуджы къӕдзилыл, цӕхӕрадоны лыстӕг хуымты астӕу-иу бабастой сырх хӕцъилтӕ, уымӕн ӕмӕ алкӕуыл не ‘ууӕндыдысты, тарстысты хингӕнджытӕй, кӕлӕнгӕнджытӕй, ӕдзӕстуарзонтӕй, фыдӕхзӕрдӕтӕй… Ӕмӕ цалынмӕ удӕй уды хсӕн, адӕмӕй адӕмы ‘хсӕн сыгъдӕг ӕууӕнк сӕвзӕра, уӕдмӕ цӕмӕйдӕрты кӕрӕдзимӕ сӕ зӕрдӕ къӕпп кӕндзӕн, ӕхсайдзӕн.

Бирӕ азтӕ рацыд уӕдӕй нырмӕ, «сой-сой» ничиуал кӕны. Ӕз дӕр хъӕргӕнагдӕр нӕ фӕдӕн, цы уыдтӕн, уымӕй баззадтӕн. Раздӕрау уарзын искӕмӕ, мӕхимӕ, мӕ зӕрдӕмӕ хъусын. Ӕмӕ алы зӕронд Ног азы сӕумӕрайсом дӕр мӕ зӕрдӕйы хъармӕй скӕнын фӕлмӕн арт, ныхъхъусын, ныккӕсын мӕ зӕрдӕмӕ. Мӕ цӕстыты фиутӕ уыцы артмӕ фӕтӕдзынц, ӕрмӕст хӕлӕгӕй нӕ, фӕлӕ тӕхудытӕй. Сой-сой фӕкӕнын мӕхинымӕр:

«Сой-сой-сой! Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзиуыл хӕцгӕ цы уой, Ногбоны къуыдыры арт-иу сӕ йӕ алыварсмӕ куыд ӕмбырд кодта сӕ уарзондзинад, афтӕ куыд судза ӕмӕ сӕ хъарм куыд кӕна, ахӕм амонд ратт, Рӕстӕджы фарн!

Сой-сой-сой! Фырау ныхджын куыд уӕм, арсау — хъӕбулджын, каркау — бӕдулджын, ӕмӕ нӕ фӕндӕгтӕ даргъ ӕмӕ уӕрӕх цы уой, ахӕм амонд ратт, Рӕстӕджы фарн!

Сой-сой-сой! ӕфсӕст ӕххормаджы бамбарынхъом куыд суа, хъал — ӕрхӕндӕджы, ӕмӕ арвы цъӕх зӕххы сауимӕ куыд никуыуал баиу уа, ахӕм амонд ратт, Рӕстӕджы фарн!

Сой-сой-сой! Хорзӕй дӕ ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр чи цы кӕны, уый йӕ, фыццагдӕр, йӕхицӕн кӕны, ӕмӕ искӕй бын арт чи ӕндзары, уый дзы йӕхи судзы.

Сой-сой-сой! Хингӕнӕджы, кӕлӕнгӕнӕджы, ӕдзӕстуарзоны, ӕнӕфсис, фыдӕхзӕрдӕйы цӕстытӕ артмӕ ӕрдардӕуӕд ӕмӕ йӕм хуыздӕр зонд ӕрцӕуӕд. Махӕн та фарн ӕмӕ амонд ратт, Рӕстӕджы фарн.

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here