Арфӕтӕ — Уӕрӕсейы Мыхуыры бонмӕ

0
486

Цӕгат Ирыстоны мыхуыры кусджытӕ!

Зынаргъ ӕмбӕлттӕ!

Арфӕ уын кӕнын Уӕрӕсейы Мыхуыры боны фӕдыл.

Ацы бон ӕртӕсӕдӕ азы размӕ дунейы рухс федта фыццаг газет «Ведомости», бындур ын сӕвӕрдта паддзах Петр I. Уӕдӕй нырмӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, фӕлӕ мыхуыры фӕрӕзты ахадындзинад нӕ фесӕфт. Царды нӕ фӕкъуылымпы сты, кӕд зындзинӕдтӕ ӕййафынц, уӕддӕр газеттӕ ӕмӕ журналтӕ рауадзыныл чи кусы, уыцы мыхуыргӕнджытӕ, корректортӕ, верстальщиктӕ, уацхӕсджытӕ, редактортӕ архайынц вазыгджын ӕмӕ бирӕвӕрсыг хъуыддагыл.

Цӕгат Ирыстоны мыхуыры кусджытӕм ис стыр фӕлтӕрддзинад, царды ӕцӕгдзинӕдтӕ ‘вдисыныл зӕрдиагӕй архайынц, кӕддӕриддӕр вӕййынц рӕстуд. Уӕ хъазуатон куысты, уӕ равзӕрст дӕсныйадыл уӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивут, йӕ ахадындзинад ын бӕрзонддӕр кӕй кӕнут, уый тыххӕй уын бузныг зӕгъын.

Сымах фӕрцы дунейы рухс фенынц республикон, районты, ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ ведомствӕты газеттӕ, рауадзут зындгонд ӕмӕ ӕрыгон ахуыргӕндты наукон фӕллӕйттӕ, нӕ поэттӕ ӕмӕ фысджыты литературон уацмыстӕ, ахуыргӕнӕн чингуытӕ, ирон ӕвзагыл аргъӕуттӕ. Уыдӕттӕ рӕзгӕ фӕлтӕртӕн стыр ахъаз сты нӕ истори, нӕ культурӕ, нӕ ирон ӕвзаг хуыздӕр базонынӕн.

О, ӕцӕгӕйдӕр, Интернет, информацион технологитӕ, бастдзинӕдтӕ сӕхицӕн бынат ссардтой нӕ царды, фӕлӕ ма нын ис уыдонӕй ахсджиагдӕр хӕлар — мыхуыры фӕрӕзтӕ. Нырыккон хабархӕссӕг гуырӕнтӕ цавӕрфӕнды размӕцыд ӕмӕ ӕххӕст куы уой, уӕддӕр нӕ бон ӕнӕ газеттӕ ӕмӕ журналтӕ, чингуытӕ нӕ бауыдзӕн.

Ацы рӕсугъд бӕрӕгбон уӕ алкӕмӕндӕр суӕд йӕ куыстӕй сӕрыстыр уӕвыны мадзал. Сымах уе ‘мзӕххонтӕн ӕххуыс кӕнут, Ирыстоны, Уӕрӕсейы, дунейы мидӕг цы цаутӕ цӕуы, уый тыххӕй сӕм ӕппӕт хабӕрттӕ афойнадыл фӕхӕццӕ кӕнут. Рӕгъмӕ рахӕссут сӕ тыхстаг фарстытӕ, фӕагурут, хуыздӕр сӕ куыд банывылгӕнӕн ис, ахӕм фӕндӕттӕ. Уыдӕттӕ конд цӕуынц нӕ уарзон Ирыстоны рӕсугъд абон ӕмӕ фидӕны сӕраппонд.

Уе ‘ппӕт хъуыддӕгты дӕр ӕнтыстджын, амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг ут!

БИТАРТЫ Вячеслав,

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг

 

Зынаргъ журналисттӕ, полиграфийы,

дзыллон коммуникациты фӕрӕзты кусджытӕ!

Уӕрӕсейы Мыхуыры боны фӕдыл уын зӕрдӕбын арфӕтӕ кӕнын!

Ацы бӕрӕгбон иу кӕны, алы бон дӕр республикӕ, бӕстӕ ӕмӕ дуне цӕмӕй цӕры, уыцы ӕхсӕнадон-политикон цауты тыххӕй нӕм ӕппӕт хабӕрттӕ чи хӕццӕ кӕны, уыцы дӕсны специалистты.

Ирыстоны кӕддӕриддӕр мыхуыры фӕрӕзтӕм, дзырдмӕ уыдис уӕлдай бӕрнон ахаст, уацхӕссӕджы дӕсныйад та уыдис кадджын, ӕууӕнкджын. Уацхӕсджытӕ кӕддӕриддӕр ӕвдыстой ӕхсӕнады ахаст, ныхасы тыхӕй ахъаз кӕнынц вазыгджын фарстытӕ алыг кӕнынӕн.

Цӕгатирыстойнаг журналистты ӕмӕхсӕнад хъахъхъӕны сӕ дӕсныйады хуыздӕр бындуртӕ, раздӕры кусджыты фӕлтӕрддзинад, афтӕмӕй рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕнынц. Сӕ кӕсджытӕм фӕхӕстӕгдӕр уӕвыны охыл бавнӕлдтой социалон хызтӕй пайда кӕнынмӕ дӕр.

Ацы бон уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, амонд, бинонты фӕрныг цард, ног сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдтӕ!

Алексей МАЧНЕВ,

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сӕрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here