Фӕллойадон чиныг: гӕххӕтты ӕви электронон хуызы?

0
348

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй иуӕй-иу ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцыд уӕрӕсейаг пенсион закъонӕвӕрынадмӕ. Уыцы ногдзинӕдты бындурыл ацы азы дӕргъы алы кусӕг адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхицӕн сбӕлвырд кӕна, йӕ фӕллойадон чиныг гӕххӕтты хуызы ныууадза, ӕви йӕ электронон хуызмӕ раива?

Йӕ фӕллойадон чиныг электронон хуызмӕ раивын чи сфӕнд кӕна, уымӕн йӕ куысты тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ нырӕй фӕстӕмӕ хыгъд цӕудзысты ӕрмӕстдӕр электронон документы хуызы. Гӕххӕттын фӕллойадон чиныгӕй дарддӕр пайда кӕнын кӕй бафӕнда, уыцы адӕмӕн сӕ куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ хыгъд цӕудзысты дывӕрӕй: гӕххӕтты хуызы дӕр, стӕй электронон хуызы дӕр.

2021 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ кусын чи райдайа, уыцы адӕмӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр электронон фӕллойадон чингуытӕ.

Закъоны ӕппӕт уыцы ногдзинӕдтӕ хынцгӕйӕ, УФ-йы Пенсион фонды Цӕгат Ирыстоны хайад адӕмӕн амоны, куысты тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ электронон хуызы дарын пайдадӕр кӕй у, уый. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ электронон хуызмӕ ивд куы ӕрцӕуой, уӕд семӕ архайын дӕр уыдзӕн бирӕ ӕнцондӕр, уыимӕ, фидӕны адӕймаг хъахъхъӕд уыдзӕн йӕ куысты тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ фесафынӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм рӕдыдтытӕй.

Уымӕй уӕлдай, фӕллойадон архайды тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ электронон хуызы куы уой, уӕд адӕймагӕн уӕрӕхдӕр фадӕттӕ ис Пенсион фонды дӕлхайӕдтӕм йӕ куырдиӕттӕ электронон хуызы ӕрвитынӕн, стӕй паддзахадон лӕггӕдтӕй, Пенсион фонды сайты «хи кабинет» байгом кӕнгӕйӕ, пайда кӕнынӕн.

Электронон фӕллойадон чиныджы тыххӕй ӕппӕт информаци дӕр бакӕсӕн ис УФ-йы Пенсион фонды официалон сайты.

Уыимӕ, ацы фарсты фӕдыл адӕмӕн амынддзинӕдтӕ ратдзысты УФ-йы Пенсион фонды Цӕгат Ирыстоны хайады специалисттӕ дӕр. Телефон: 51-80-92.

КЪНАТТАТЫ Маринӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here