Сбæрæг кодтой республикæйы Хæдбардзинады бон

0
9

Цхинвалы сбæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады бон.

Республикæйы Президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ иннæ бæрнон адæймæгтæ сæвæрдтой дидинджытæ республикæйы Хъахъхъæнджыты мемориалон комплексы æмæ æрымысыдысты, Хуссар Ирыстоны сæрибар æмæ хæдбардзинадыл йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры та арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 18-æм аз сбæрæг кæныны фæдыл кадджын æмбырд. Хъамболты Марат йæ рыныхасы бафиппайдта ацы боны ахсджиаг нысаниуæг æмæ загъта:

– Нæ адæм ныффæрæзтой хæст æмæ уæззау фыдæвзарæнтæн, фæлæ сæ райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинад нæ фесæфтой.

Хъамболты Марат ма бафиппайдта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадмæ, аргъ кæмæн нæй, ахæм егъау бавæрæн Уæрæсе кæй бахаста, уый.

– Тæккæ зындæр сахат куы ралæууыд, уæд уæрæсейаг æфсæддонтæ Хуссар Ирыстон бахъахъхъæдтой гуырдзиаг лæбурджытæй, æмæ хуссарирыстойнаг адæм уый никуы ферох кæндзысты, уымæн æмæ мах æнгом кæны нæ иумæйаг истори, не ‘фсымæрдзинад, нæ хæлардзинад, – загъта Хъамболы-фырт.

Æмбырды ныхас кæнгæйæ, Сергей Кириенко куыд загъта, афтæмæй, республикæ, сæрибар æмæ хæдбар цæмæй суа, уымæн бафыста стыр аргъ – сæ цард нæ бавгъау кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хæстон хъæбатыртæ.

– Нацизмæн 2008 азы Цхинвалы ныхкъуырд радтам. Уæд дæр æмæ ныр дæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг, Уæрæсе æнæкæрон арфæ кæны, ирон зæххыл чи схъомыл, ирыстойнаг уыцы хæбатыртæй, – загъта Сергей Кириенко.

Æмбырды архайджыты раз ныхас кодта Сергей Меняйло дæр.

– Ацы рæсугъд æмæ кадджын бон бæрæг кæнæм нæ иудзинады руаджы, стæй Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы. Нæ истори, нæ традицитæ сты иу, иу у не ‘взаг. Хуссар Ирыстоны сæрибар бахъахъхъæдтой алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, æмæ сын абон сæ рухс нæмттæ арæм æмæ сын нæ сæртæй ныллæг кувæм, – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитрий Медведев бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады фæдыл Указ. Ахæм иумæйаг фæнд æмæ æмзонддзинад равдыстой Хуссар Ирыстоны адæм. Афтæмæй ацы цау ссис республикæйы нырыккон историйы ахсджиагдæр къахдзæф.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here