Ахуыргæнæгæн – кад

0
10

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы директор, 60 азы дæргъы педагогикæйы къабазы бакусæг Къорнаты Татьянæ Леониды чызг хорзæхджын æрцыд майдан «Ирыстоны намысæн»-æй.

Татьянæ Леониды чызг ахуыргæнæндонæн разамынд цы рæстæг дæтты, уыцы
дыууын æхсæз азмæ ам ахуырдзауты цалдæр фæлтæры рахъомыл сты, бирæ æрыгон ахуыргæнджытæй рауад фæлтæрдджын педагогтæ.

60 азы дæргъы ахуыргæнæджы стаж нымад у царды егъау скъолайыл. Скъола каст чи фæци, уыцы адæм сæ раздæры ахуыргæнæгæн йæ хæрзиуæджы фæдыл зæрдиаг арфæ кæнынц! Къорнаты Татьянæ амынд хæрзиуæджы аккаг у!

Татьяна Шеходанова, авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here