«Никотин, уымӕн буаргъӕдтӕ, никотинхъӕстӕ ӕнӕтамакохуыз продукци республикӕйы чи парахат кӕны, уый дзы стыр ӕхца бакусы, 50 мин сомӕй йӕ фӕивар кӕн, уӕд уыйас ӕфхӕрд нӕ баййафдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн нӕ ноджы карздӕр ӕфхӕрӕн мадзӕлттӕм хъӕуы рахизын», — знон Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, ӕмбырд амонгӕйӕ, йӕ хъуыдытӕ загъта ахсджиаг закъоны проекты тыххӕй.
Парламенты ӕмбырды архайджытӕ байхъуыстой республикӕйы прокурор Александр Морозовмӕ. Уый рӕгъмӕ рахаста «РЦИ-Аланийы никотин, уымӕн буаргъӕдтӕ, никотинхъӕстӕ ӕнӕтамакохуыз продукцийы электронон зилдухӕн гӕрӕнтӕ сфидар кӕныны тыххӕй» закъоны проект ӕмӕ «РЦИ-Аланийы Хицӕн бархӕлдтыты тыххӕй административон бӕрнондзинады фӕдыл» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй документ. Куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй уыцы зианхӕссӕг буаргъӕдты уацары фылдӕр бахауынц рӕзгӕ удтӕ, цалынмӕ федералон ӕмвӕзады фидаргонд закъонӕй никотинхъӕстӕ цъиргӕ, ӕууилгӕ буаргъӕдтӕ уадзӕн куыстӕдтӕ сӕхгӕной, уӕдмӕ уал пайда кӕнын хъӕуы регионалон акттӕй.
Уыцы хатдзӕгтимӕ сразы сты депутаттӕ, сӕ хъуыдытӕ загътой Челдыты Витали, Алексей Мачнев. Уыдис сӕм, административон ӕфхӕрды бӕсты уыцы продукци уӕйгӕнджыты ныхмӕ уголовон ӕфхӕрӕн мадзӕлттӕй пайда кӕныны фӕнд. Прокурор куыд загъта, афтӕмӕй ахӕм хъӕппӕрис йӕ бон рахӕссын у Парламентӕн дӕр, зӕрдӕ бавӕрдта ацы хъуыддагыл иумӕ бӕрнонӕй бацархайынӕй. Дыууӕ документы дӕр ахсджиаг кӕй сты, социалон ахадындзинад сын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уал сӕ фыццаг бакасты сфидар кодтой.
Финансты министр Бутаты Хъасболат депутаттӕ ӕмӕ хуынд адӕмы базонгӕ кодта бюджеты тыххӕй закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл закъоны проектимӕ. Куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй 2020 азы 1 январмӕ бюджеты баззад ӕнӕхардзгонд 150 милуан сомы, ныр сӕ хъуамӕ радих кӕной Дзӕуджыхъӕуы хӕдзарадон архайдӕн. Бутайы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы ивддзинӕдтӕ нӕ фӕзындзысты бюджеты ӕфтиӕгты хайыл, хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты ӕфтиӕгтыл, ӕрмӕстдӕр хӕрдзты хай 150 милуан сомы фылдӕр фӕуыдзӕн. Ацы азы бюджетӕн йе ‘фтиӕгты хай хӕрдзтӕй фылдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ кадавардзинад нӕ бавзардзӕн.
Национ политикӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Тауытты Алыксандр куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй республикӕйы Хицауад фӕндон бахаста, цӕмӕй Олимпаг, Паралимпаг ӕмӕ Сурдлимпаг хъӕзтыты чемпионтӕ ӕмӕ сӕ тренертӕн материалон ӕххуысы бӕрц фидаргонд ӕрцӕуа. Депутат Челдыты Витали куыд загъта, афтӕмӕй ахӕм уӕлахиздзауты, ӕнӕмӕнг, хъӕуы разӕнгард кӕнын, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр рӕстудӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй чи кусы, ныллӕг мызд ӕмӕ пенси чи исы, уыдонмӕ дӕр ӕмбӕлы ахӕм цӕстӕнгас.
«Дӕсгай, ссӕдзгай азты уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕн зонындзинӕдтӕ чи дӕтты, ахӕм профессортӕ, кӕнӕ дохтыртӕ 10 мин сомы бӕрц пенсиимӕ куы баззайынц, уӕд уый аккаг вӕййынц?» — бафарста Челдийы-фырт. Алексей Мачнев тынг бадис кодта, махмӕ, дам, дохтыртӕн ахӕм пенси ис, зӕгъгӕ. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерланы дзуапмӕ гӕсгӕ, нӕ регионы дохтырты ‘хсӕн ахӕм пенсийы бӕрц у арӕх.
Олимпаг ӕмӕ иннӕ хъӕзтыты чемпионтӕн материалон ӕххуысы тыххӕй ӕхца бюджеты ӕвӕрд ис, документ сфидар кодтой.
Ӕмбырды ма байхъуыстой Дыгуры районы сӕргълӕууӕг Езеты Аланмӕ. Уый бӕстон ӕрдзырдта муниципалон сконды социалон-экономикон рӕзты фарстытыл, се ‘нтыстдзинӕдтыл, цы къуылымпыдзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдӕтты, ӕмӕ фидӕнмӕ нысанты тыххӕй. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, район архайы алыхуызон паддзахадон программӕты, национ проекттӕ царды уадзыныл. Фарон Дигорайы базылдысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕм, паркмӕ. Схардз сыл кодтой 8 милуаны ӕмӕ 21 мин сомы. Фӕндӕгтӕм зилынц, стыр ӕнтыстыл банымайгӕ у Дигорайы фӕрсты цӕуӕг фӕндаджы арӕзтад. Ацы аз кӕронмӕ ахӕццӕ уыдзӕн, ныридӕгӕн дӕр ыл транспорт змӕлы, уыимӕ равдӕлон, горӕты астӕу цы фӕндаг ис, уый.
Дигорайы 5-ӕм рӕвдауӕндон фӕпарахатдӕр кодтой, сарӕзтой дзы ног бӕстыхай 55 бынатимӕ, уымӕй бирӕ бинонтӕ удӕнцойдзинад банкъардтой. Арӕзтадӕн бахъуыд 34 милуан сомы. Алыхуызон программӕты архайгӕйӕ, лыггонд ӕрцыдысты спортивон фӕзтӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, Культурӕйы хӕдзӕрттӕ, ӕндӕр социалон объекттӕ саразыны ӕмӕ сцалцӕг кӕныны фарстытӕ. Районы разамынд стыр ӕргом здахы хъӕууонхӕдзарадон чысыл куыстуӕтты рӕзтмӕ, радих сын кӕнынц ӕхцайы ӕххуыс. Цӕрӕнуӕттӕй сифтонг кӕныны хъуыддаджы дӕр ис бӕлвырд ӕнтыстдзинӕдтӕ.
Езейы-фырт ӕрхаста ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ нымӕцтӕ, программӕтӕ ӕмӕ национ проектты архайгӕйӕ, цы хъуыддӕгтӕ арӕзт ӕрцыд, уыдӕттӕ. Нӕ бамбӕхста, тынгдӕр сӕ цы тыхсын кӕны, уый дӕр. «Районы хъӕуты донӕфсисады фарст нывыл у, фӕлӕ зындзинӕдтӕ ис Дигорайы, доны хызӕг ивинаг у кӕрӕй-кӕронмӕ. Ныридӕгӕн Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрад бацӕттӕ кодтой проектон-хӕрдзты документаци. Проект аслам нӕу, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм, царды кӕй бантысдзӕн, ууыл. Иннӕ ахӕм, аразын хъӕуы сыгъдӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ канализаци», — загъта районы сӕргълӕууӕг.
Уый ма фӕбӕрӕг кодта ӕндӕр вазыгджын бакӕнинаг хъуыддӕгтӕ дӕр, дзуаппытӕ радта депутатты фарстытӕн.
Парламенты ӕмбырды ма равзӕрстой ӕндӕр закъоны проекттӕ дӕр.
Бутаты Эльзӕ













