Нӕхи хъахъхъӕнӕм ӕрдзон фыдбылызтӕй

0
263

Куыд зонӕм, афтӕмӕй махмӕ зӕйтӕ арӕхдӕр фӕцӕуынц рагуалдзӕджы. Уӕдӕ сӕрды ӕмӕ суанг зымӕджы уазӕлтты дӕр сӕ кӕнон нӕ уадзынц. Адӕмон хӕдзарадӕн ӕгӕрон фыдбылызтӕ кӕй ӕрхӕссынц, уымӕй уӕлдай ма адӕймаджы ӕнӕнхъӕлӕджы зиантӕ дӕр ӕрцӕуы. Уый та ницӕмӕй баххӕст кӕнӕн вӕййы.

Алыхуызон ӕрдзон фӕзындтыты ‘хсӕн зӕйтӕ стыр бынат ахсынц, хӕдзарадон объекттӕ ӕмӕ адӕймаджы цардӕн цы стыр знаггӕдтӕ ӕрхӕссынц ӕрвылаз, уыдоны гуырахсты. Ахуыргонд зӕйиртасджытӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй лӕсӕнтӕ рацӕуынц, 20 ӕмӕ уымӕй фылдӕр градустӕ кӕм уа, ахӕм ӕмуырдгуытӕй нӕ, фӕлӕ ма къаддӕр уырдыг къӕдзӕхты фӕхстӕй дӕр. Уый тыххӕй бирӕ дӕнцӕгтӕ ӕрхӕссӕн ис куыд хӕххон районтӕй, афтӕ быдыры уырдыг зӕххытӕй дӕр.

Ахӕм фӕзуӕттӕ та Цӕгат Кавказы чысыл нӕй. Зӕгъӕм, иудадзыг зӕйтӕ кӕм паддзахиуӕг кӕнынц, уыцы фӕхстӕ Цӕгат Ирыстоны ахсынц ӕппӕт фӕзуӕтты 80 проценты. Уый чысыл нӕу мах хуызӕн гыццыл республикӕйы. Уымӕн ӕмӕ Цӕгат Ирыстон ахсы 8 мин квадратон километры кӕнӕ Цӕгат Кавказы экономикон районы хӕххон хайы 1 процент.

Цӕвиттон, 2004-2005 азты зымӕг уыд митджын. Суанг ноябры фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ уарынтӕ миты хуызы райдыдтой республикӕйы хӕххон тӕлмы. Транспортон фӕрӕзтӕн фылдӕр хатт цӕуӕн нӕ уыд Арвыком ӕмӕ Уӕллажжыры комы фӕндӕгтыл. Уымӕн ӕмӕ зӕйтӕ арӕх цыдысты хӕхты бӕрзӕндтӕ ӕмӕ къӕдзӕхты фӕхстӕй.

Историйы сыфтӕ куы рафӕлдахӕм, уӕд базондзыстӕм, зӕйтӕ, лӕсӕнтӕ, ӕндӕр ӕрдзон фӕзындтытӕ алы аз дӕр стыр фыдбылызтӕ кӕй арӕзтой Ирыстоны хӕхбӕсты цӕрӕг адӕмӕн. Зӕгъӕм, 1850 азы мит бирӕ ныууарыд, ӕмӕ цы тыхджын зӕй расайдта, уый бындзарӕй ныххафта Нармӕ ӕввахс хъӕу — Джинаты хӕдзӕрттӕ. Дыккаг ахӕм цау та ӕрцыд 1932 азы Къуыдаргомы. Уӕд, йӕ гуырахст стыр кӕмӕн уыд, ахӕм зӕй йӕ «хъӕлӕсы» ахаста Джусойты хъӕуы 27 хӕдзары, ӕмӕ йӕ амӕттаг баисты 131 адӕймаджы.

Мӕхӕдӕг дӕр ӕвдисӕн уыдтӕн ахӕм ӕбуалгъ цауӕн. Ӕрыгонӕй бирӕ хӕттыты туристон ӕмӕ альпинистон балцыты уыдтӕн нӕ республикӕйы ӕппӕт хӕххон кӕмтты дӕр ӕмӕ ма хорз хъуыды кӕнын, 50-60-70 азты зӕйтӕ цы бӕллӕхтӕ сарӕзтой, уый. 1957 азы Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты студентты къорд туристон балцы уыд Уӕллаг Ларсмӕ хӕстӕг, Хъазыбеджы хохы фахсы. Ӕнӕнхъӕлӕджы зӕй рацыд ӕмӕ къорды уӕнгтӕй ӕртӕ адӕймаджы фӕкодта йӕ быны.

Ӕрдзы хивӕнд митӕ нӕ канд адӕмы зиантыл нӕ ныууадзынц. Зӕйтӕ куы рацӕуынц Арвыком ӕмӕ Уӕлладжыры комы фӕндӕгтыл, уӕд хардз кӕнын бахъӕуы дзӕвгар фӕрӕзтӕ, цӕмӕй уыдон ногӕй кусын райдайой, ӕмӕ ам ахъуыды кӕнын дӕр ӕмбӕлы.

Цӕвиттон, сӕ рӕстӕджы дыууӕ фӕндаджы дӕр арӕзт цыдысты, афӕдзы дӕргъы сыл ӕнӕсцухӕй цӕуӕн куыд уа, ахӕм нысанимӕ. Суанг ма Арвыкомы рагон фӕндаджы дӕр хъуыдыгонд цыдысты зӕйӕ хъахъхъӕнӕн арӕзтӕдтӕ, кӕд нӕм уӕды рӕстӕджы фӕндаггӕнӕн куыстыты фаг фӕлтӕрддзинад нӕ уыд, уӕддӕр.

Уӕлладжыры комы автомобилон фӕндаджы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд йӕ арӕзтады проекты нысангонд уыдысты зӕйӕ хъахъхъӕнӕн бирӕ къӕлидортӕ ӕмӕ тъунелы арӕзтад, цӕмӕй дурзгъӕлӕнтӕ ӕмӕ къададӕтты сахатӕ дӕр мацы знаггад ракӕной бӕлццӕттӕн. Хорз ма хъуыды кӕнын, фӕндаджы арӕзтады фӕстаг къӕпхӕны бирӕ планеркӕты рӕстӕг-иу цы карз быцӕутӕ бацайдагъ, уый. Сӕ амидингӕнӕг та ӕдзухдӕр уыдис Михаил Залиханов — ӕппӕтуӕрӕсеон геофизикон институты директор. Йӕ рӕстӕджы уыдис ӕрдзон тӕссаг фӕзындтытӕ не ‘руадзыны ӕмӕ ацы фӕндагыл чи цӕуа, уыдоны алыхуызон фыдбылызтӕй бахъахъхъӕныны эксперт ӕмӕ домдта, цӕмӕй ӕппӕт арӕзтадон куыстытӕ дӕр конд цӕуой проектмӕ гӕсгӕ.

Фӕндаг проекты домӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт кӕй не ‘рцыд, уый ӕвзӕр фӕстиуджытӕ ныр дӕр арӕхӕй-арӕхдӕр уынӕм нӕ цӕстӕй. Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд ӕй зӕйты, лӕсӕнты цыды аххосӕй арӕх ӕхгӕнын бахъӕуы. Уӕдӕ фӕндагыл цӕуджытӕй уыдоны бын чи фӕци, ахӕм зианы цаутӕ дӕр чысыл нӕ уыд. Ӕрдзон фӕзындтытӕ нын цы стыр материалон фыдбылызтӕ ӕрхӕссынц, уыдон алы хатт дӕр чысыл нӕ вӕййынц.

Зӕйтӕй тӕссаг уавӕр раздӕры хуызӕн ныр дӕр у ахсджиаг. Зӕйты рацыд развӕлгъау базонын у тынг зын, ӕмӕ, арӕх цы ӕмгъуыдтӕ скӕнӕм, уыдон раст нӕ рауайынц. Фӕстаг цалдӕр ссӕдз азы, хӕххон фӕзуӕттӕ кӕмӕ ис, уыцы фӕсарӕйнаг паддзахӕдты фӕлтӕрддзинадӕй пайда кӕнгӕйӕ, Цӕгат Кавказы дӕр зӕйтӕ уадзын райдыдтам сармадзанты ӕххуысӕй.

Ацы мадзалы руаджы фылдӕр хатт нӕ фӕндаг сӕдас кӕнӕм, фӕлӕ ӕдзух пайда нӕ хӕссы. Уымӕн ӕмӕ, сӕлӕф мит хъызт рӕстӕджы фӕхстыл куы ныддӕвдӕг вӕййы, уӕд ӕй сармадзантӕй цыфӕнды гӕрӕхтӕ куы кӕнай, уӕддӕр йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлдзӕн. Ӕмӕ та уый тыххӕй ам дӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ бацӕуын хъӕуы наукон хуызы. Ӕнтыстджынӕй дзы пайда кӕнынц альпиаг бӕстӕты, ӕмӕ сын чысыл ӕххуыс нӕу ӕрдзы тӕссаг фӕзындтыты ныхмӕ тох кӕныны куысты.

Уӕлладжыры комы ӕмӕ Дыгургомы фӕстаг азты цы ӕнӕнхъӕлӕджы тӕссаг ӕрдзон фӕзындтытӕ ӕрцыд, уыдон дзурӕг сты, майы ӕмӕ нӕм сӕрды мӕйты дӕр зӕйтӕ кӕй цӕудзысты, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ сбӕрӕг кӕнын хъӕуы, Уӕлладжыры комы нӕм цы зӕйуадзӕн сармадзантӕ ис, уыдоны цӕттӕдзинад. Автомобилон фӕндӕгтӕ кӕмдӕриддӕр ис: Арвыкомы, Куырттаты комы, Уӕлладжыры комы, Дыгургомы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцӕуа, ӕрдзыхъӕдмӕ иудадзыг сӕ цӕст чи дара, ахӕм посттӕ.

Зӕйты цыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн ис нӕ республикӕйы бирӕ рӕтты. Сӕ картӕ сын сарӕзта Михаил Залиханов. Ныммыхуыр ӕй кӕнын хъӕуы республикӕйы газетты, цӕмӕй Ирыстоны цӕрджытӕ уыцы бынӕттӕ зоной. Фӕлӕ уыимӕ зонын хъӕуы: хӕхбӕстӕм уӕлдай тӕссагдӕр рӕстӕджыты фистӕг балцытӕ аразӕн нӕй туристтӕн, альпинисттӕн та хизӕн нӕй къӕдзӕхтӕ ӕмӕ хӕхты сӕртӕм.

Уӕлдай тынгдӕр къӕрцхъусдзинад равдисын ӕмбӕлы Цъӕйы ӕмӕ Дыгуры кӕмтты. Уымӕн ӕмӕ дыууӕты дӕр ис фӕлладуадзӕн бынӕттӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинады кусӕндӕттӕ, канат фӕндӕгтӕ. Афӕдзы алы афон дӕр дзы бирӕ адӕм кӕй вӕййы, уый тыххӕй сӕ хъахъхъӕнын хъӕуы ӕрдзон фыдбылызтӕй. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, раздӕр азты Цъӕйы комы цы зӕйтӕ ӕрцыд, уыдон.

Беруаты Барис,

географион наукӕты доктор, профессор,

ССР Цӕдисы спорты мастер

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here