Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы Ӕрвыстӕг Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон рӕзты сӕйраг фӕндӕгтӕ ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хицауады куысты бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй

0
282

Зынаргъ депутаттӕ ӕмӕ Хицауады уӕнгтӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ йӕ уазджытӕ!

Фарон ацафон дӕр сӕмбӕлдыстӕм ацы залы. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй радон хатт ӕркӕсӕм, нӕ къухы цы саразын бафтыд, стӕй хӕстӕгдӕр фидӕны цы нысантыл бакусын хъӕудзӕн, уымӕ. Нӕ размӕ бирӕ хӕстӕ лӕууы, ӕмӕ цас раздӕр бафтой нӕ къухы, уый нӕ иумӕйаг хъарутӕй аразгӕ у. Фӕлӕ нӕ нысанты сӕйрагдӕр у, ӕрӕджы Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин йӕ Ныстуаны цӕуыл дзырдта, уый — нӕ бӕстӕйы адӕмты царды бӕрзонд ӕмвӕзад.

Республикӕйы Хицауад йӕ ӕрвылбоны архайды бӕстон хынцы, районты цӕрджытӕ сӕ иумӕйаг ӕмбырдты цы лыггӕнинаг фарстытӕ сӕвӕрынц, уыдон. Уыимӕ, национ проекттӕм цы объекттӕ нӕ бахаудысты, уыдон та ӕххӕст кӕнӕм республикон нысанмӕ арӕзт инвестицион программӕйы фӕлгӕты.

Зӕгъӕм, фӕндаггон хӕдзарады уавӕр банывыл кӕнынӕн Финансты министрад бацагуырдта уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ 250 милуан сомы бӕрц.

Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕмбӕлгӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссын хъӕуы республикӕйы бюджетмӕ ӕмӕ бавналын сӕрмагонд амынддзинӕдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Районты цӕрджытимӕ фембӕлдтыты адӕм цы фарстытӕ фӕнысан кодтой, уыдон алыг кӕнынӕн 4 азмӕ дихгонд ӕрцыд 390 милуан сомы бӕрц. Ӕмӕ уыцы куыст амӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕндзыстӕм, цӕмӕй ӕххуысхъуаг адӕм сӕхиуыл банкъарой аудынад.

Афтӕ архайгӕйӕ, лыггонд цӕудзысты цӕрӕнбынӕтты тыхстаг фарстытӕ. Рӕстӕг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй бынӕттон цӕрджытимӕ комкоммӕ фембӕлдтытӕ пайдайаг рауайынц.

Уыимӕ, кусын хъӕуы ӕппӕт сӕйраг нысантыл дӕр.

Дзӕвгар азты дӕргъы цы бирӕ фарстытӕ бамбырд, уыдон алыг кӕнӕн ис сӕйрагдӕр национ проектты фӕлгӕты. Уыцы проектты фӕлгӕты цы ӕхца дихгонд цӕуы, уый та хъуамӕ хардзгонд цӕуа хӕдзардзинӕй ӕмӕ йӕ нысаныл — уый уыдзӕн сӕйрагдӕр ӕвдисӕн, уыцы ахсджиаг проекттӕ ахадгӕ хуызы ӕххӕстгонд кӕй цӕуынц, уымӕй.

Уынал ӕмӕ Фыййагдоны куыстады хауӕццӕгтӕ ӕфснайӕн бынӕттӕ асыгъдӕг кӕнын, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы районты фӕндаггон хызӕг рацаразын, Дзӕуджыхъӕуӕй Мӕздӕгмӕ нырыккон автомобилон фӕндаджы арӕзтад… Уыдоныл ныртӕккӕ куыст цӕуы. Хӕстӕгдӕр фидӕны та — курорт «Мамысон»-ы арӕзтад, Беслӕны социалон-экономикон райрӕзтыл куыст, стадион «Спартачы» рацарӕзт, сӕрмагонд проект «Хӕххон Дыгур»-ы фӕлгӕты ног фӕндаджы арӕзтад, Дзӕуджыхъӕуы Центрон парчы цалцӕг, Сабырдзинады проспекты рацарӕзт. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ӕмӕ иннӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ саразын къухы бафтдзӕн ӕрмӕстдӕр федералон центры ӕххуысӕй.

Дӕнцӕгӕн ӕрхӕсдзынӕн, Цӕгат Ирыстон сӕрмагонд паддзахадон программӕты куыд архайы, уый. Афтӕ, цыппар азмӕ уыцы программӕты фӕрцы нӕ республикӕйӕн цы фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцыд, уыдоны рӕзт ӕртӕ хаттӕй фылдӕр рауад — 5 миллиардӕй 17 миллиарды онг.

Сӕрмагондӕй мӕ арфӕ ракӕнын фӕнды Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Путинӕн, республикӕйы ахсджиаг проекттыл иудадзыгдӕр кӕй ауды, уый тыххӕй.

Нӕ сӕйраг нысан та у ӕппӕт уыцы ӕууӕлтӕй ахадгӕ хуызы спайда кӕнын ӕмӕ бӕстон бакусын 2030 азмӕ республикӕйы Социалон-экономикон райрӕзты стратегийы уавӕгӕвӕрдтыл.

Уыимӕ, цӕмӕй федералон центр республикӕйӕ ахӕм стыр фӕрӕзтӕ дих кӕна, уый тыххӕй пайда кӕнын хъӕуы нӕхи консолидацигонд бюджетӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕлдай ахсджиагдӕр проекттӕ ӕххӕстгонд цӕуынц ӕмӕфсисады бындурыл. Ӕмӕ фӕстаг цалдӕр азы мах зӕрдиагӕй кусӕм, цӕмӕй республикӕйы бюджеты хи ӕфтиӕгтӕ рӕзой.

Абон фидарӕй нӕ бон зӕгъын у: 2016 азы цы бюджетон-финансон политикӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтам, уый хорзӕрдӕм ивддзинӕдтӕм ӕркодта. Уымӕн ӕвдисӕн бӕлвырд бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Афтӕ, фӕстаг 4 азы дӕргъы бюджет рӕзы, йӕ бӕрцыл бафтыд 13 миллиард сомӕй фылдӕр.

Республикӕйы Хицауад ӕмӕ хъалонты службӕйы ӕнгом ӕмархайды фӕрцы 6,3 миллиард сомы бафтыд, хъалонтӕ ӕмӕ ӕндӕр фиддонтӕй цы ӕфтиӕгтӕ райсӕм, уыдоныл. Уыцы хъуыддаджы сӕ архайд фӕхъомысджындӕр кодтой муниципалитеттӕ дӕр. Афтӕмӕй, уыдон дӕр фылдӕр ӕвӕрӕн хӕссынц нӕ иумӕйаг финансон авналӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕныны хъуыддагмӕ.

Ӕппӕт уыцы мадзӕлтты фӕрцы зынгӕ фӕкъаддӕр сты республикӕйы хӕстӕ. Зӕгъӕм, паддзахадон хӕс 600 милуан сомы фӕкъаддӕр кодтам, бюджеты хӕстӕ та фесты дыууӕ хатты къаддӕр. Уыимӕ, зынгӕ фӕкъаддӕр кодтам раздӕры азты ӕфстӕутты хӕстӕ дӕр.

Ӕмӕ ныртӕккӕ ӕбӕлвырд нымӕцтыл нӕ дзурӕм. Ӕппӕт уыцы куыст комкоммӕ баст у адӕмы раз паддзахады социалон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддагимӕ.

Фӕстаг азты бӕлвырд мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй къаддӕр кӕна коммерцион ӕфстӕутты бӕрц дӕр. 2017 азӕй фӕстӕмӕ та махӕн ис бюджетон ӕфстӕутты реструктуризацийы архайыны фадат.

Уыимӕ, коммерцион кредиттӕ бюджетон ӕфстӕуттӕй ивын кӕй райдыдтам, уый фӕрцы нӕ къухы бафтыд 1 миллиард сомы сфӕстауӕрц кӕнын. Уыцы ӕхцайӕ та, абарынӕн, саразӕн ис нырыккон инновацион скъола 1 мин ахуырдзауӕн.

Нӕ размӕ цы нысантӕ ӕвӕрӕм, уыдонӕй иу у республикӕйы экономикон райрӕзтӕн уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ аразын ӕмӕ хи ӕфтиӕгтӕй барвӕндонӕй пайда кӕнын. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы нысан къухы бафта, уый тыххӕй сӕххӕст кӕнын хъӕуы бӕлвырд домӕн: нӕ регион хъуамӕ бахауа, субъекттӕн йӕхи ӕфтиӕгты бӕрцмӕ гӕсгӕ 10 проценты бӕрц дотацитӕ кӕмӕн дӕттынц, уыдоны номхыгъдмӕ.

Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, нӕ размӕ сӕвӕрдтам бӕлвырд нысан — фӕкъаддӕр кӕнын республикӕйы бюджеты дотациты бӕрц. 2015 азӕй нырмӕ дотациты бӕрц фӕкъаддӕр кодтам 8,7 процентӕй. Уый нӕ къухы бафтыд, хи ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг уыцы бӕрӕггӕнӕн хъуамӕ схӕццӕ уа 10 процентмӕ.

Республикӕйы Хицауад хъуамӕ адарддӕр кӕна бӕстон куыст бюджеты хи ӕфтиӕгтӕ бӕрзонддӕр кӕныныл. Уый тыххӕй та бӕстондӕр цӕст дарын хъӕуы хъалонфидӕг субъектты архайдмӕ ӕмӕ амалхъомадон куысты ӕфтиӕгтӕ хынцыны хъуыддагмӕ. Уыимӕ, хъӕуы аразын экономикон ӕууӕлтӕ, цӕмӕй хъалонфидджыты архайд уа ӕргомдӕр.

Ӕркӕсын хъӕуы, паддзахадон ӕмӕ муниципалон исбонадӕй куыд пайдагонд цӕуы, уымӕ дӕр, цӕмӕй ӕфтиӕгтӕ ноджы фылдӕр уой. Муниципалитетты разамонджытӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ ӕргом ӕмархайд кӕной хъалонты службӕимӕ. Уыимӕ, бӕстон цӕстдард хъуамӕ уа, бынӕттон бюджетты ӕфтиагджын хай куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уымӕ дӕр.

Фӕлӕ ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кӕнын иу хъуыддаг у, хӕдзардзинӕй сӕ спайда кӕнын та — бынтон ӕндӕр.

Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, хицаудзинады республикон оргӕнтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсой бюджетон фӕрӕзтӕ хардз кӕныны хъуыддагмӕ.

Нӕ къухы бафтыд бюджеты нывылдзинад, ӕмӕ ӕппӕтдӕр аразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы фӕтк мауал фехӕла.

Нӕ къухы цы хъуыддӕгтӕ саразын бафтыд, уыдон нын ныр фадат дӕттынц, цӕмӕй бавналӕм, фарон цы фарсты кой скодтой, уый лыг кӕнынмӕ. Комкоммӕ та дзурын, нӕ адӕмы ӕфтиӕгтӕ чысыл кӕй сты, ууыл. Уый ӕппӕт бӕстӕйы уавӕр у, ууыл ӕрӕджы йӕ Ныстуаны ӕрдзырдта Владимир Путин дӕр. Фӕлӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл бӕлвырд куыст цӕуы, ӕмӕ махӕн дӕр абон фадат ис ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссынӕн.

Зӕгъӕм, фыццаградон фарстыты ‘хсӕн ис ахуыргӕнджыты мызды хъуыддаг дӕр. Бацагуырдтам уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ, цӕмӕй скъолаты ахуыргӕнджыты мызд фӕфылдӕр уа. Ацы аз уыцы нысанӕн радих кодтам 300 милуан сомы.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Президенты Уынаффӕйӕ та ног ахуыры азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ кълӕсты разамонджытӕн уӕлӕмхасӕн фыст цӕудзӕн фӕйнӕ 5 мин сомы. Уӕлдӕр амынд уынаффӕты фӕрцы ахуыргӕнджыты мызд бӕлвырд фылдӕр кӕй фӕуыдзӕн, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнын.

Ӕмӕ ахӕм куыст кӕндзыстӕм бюджеты ӕппӕт къабӕзты дӕр, цӕмӕй фылдӕр кӕной хи ӕфтиӕгтӕ, цӕмӕй рӕзой нӕ адӕмы ӕфтиӕгтӕ дӕр.

Дарддӕр куыст цӕуы социалон ӕххуысы мадзӕлттӕ сног кӕныныл. Зӕгъӕм, ацы азӕй фӕстӕмӕ ногӕй фидын райдайдзыстӕм, хъӕуты чи цӕры ӕмӕ чи фӕллой кӕны, бюджетон къабазы уыцы кусджытӕн цӕрӕнуӕтты-коммуналон лӕггӕдты фиддонты конпенсацитӕ. Ныртӕккӕ уыцы адӕм сты 4,5 мины. Уыцы компенсацитӕ фидынӕн республикӕйы бюджетӕй дихгонд ӕрцыд 45 милуан сомы.

Цалдӕр азы фӕстӕ ногӕй дӕттын райдыдтам ныййарӕджы регионалон капиталы ӕххуыс дӕр. Ацы азы кӕронмӕ ахӕм ӕххуыс райсдзысты 2 мин бинонтӕ.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй бӕстон цӕстдард уа, раздӕры азты кӕй нал ӕххӕст кодтой, фӕлӕ ныр кӕй сног кодтам, социалон ӕххуысы уыцы мадзӕлтты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды, национ проект «Демографи»-йы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн ацы аз 1,9 миллиард сомы кӕй радих кӕндзыстӕм, уый (ивгъуыд азимӕ абаргӕйӕ, 300 милуан сомы фылдӕр).

Цъыбыркъух бинонтӕн ӕххуысы мадзӕлттӕй иу суыдзӕн мӕгуырдзинадимӕ тохы фӕлварӕн проект дӕр. Уыцы программӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтам 2019 азы. Уый фӕлгӕты 14 бинонтӕн байуӕрстам дуцгӕ хъуццытӕ. Ныр уыцы бинонтӕ цух нал ӕййафдзысты ӕхсыры хойрагӕй. Уыцы ног фӕлтӕрддзинад апарахат кӕндзыстӕм иннӕ районты дӕр.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй ацы программӕйы географи фӕуӕрӕхдӕр уа, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй фылдӕр бинонтӕн хъуамӕ уа фадат уыцы ногдзинадӕй спайда кӕнынӕн. Фидӕны та проект хъуамӕ ӕххӕстгонд цӕуа ӕппӕт республикӕйы дӕр.

Зынаргъ ӕмбӕлттӕ! 2020 азӕн ис сӕрмагонд нысаниуӕг, уый расиддзысты Зӕрдылдарын ӕмӕ намысы азӕй. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм не Стыр Уӕлахизы 75 азы бӕрӕгбон. Республикӕйы кусы бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ цӕттӕгӕнӕг сӕрмагонд комитет. Уый уӕлдай ахсджиаг бӕрӕгбон у не ‘ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕ тӕваг хъуамӕ фӕхӕццӕ уа республикӕйы алы коммӕ дӕр. Бӕрӕгбоны кадӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр хъуамӕ уой Фыдыбӕстӕйыл иузӕрдиондзинады дӕнцӕг, алкӕцы ныхасӕй дӕр хъуамӕ табу кӕнӕм, махӕн Уӕлахиз ӕмӕ сабыр цард чи ӕрхаста, уыцы ветерантӕн.

Президенты уынаффӕйӕ бӕрӕгбоны кадӕн алкӕцы ветеранӕн дӕр ӕххуысы хуызы ратдзысты фӕйнӕ 75 мин сомы. Мах та нӕхи ‘рдыгӕй бафтаудзыстӕм ноджыдӕр ма фӕйнӕ 25 мин сомы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕн, инвалидтӕн, ӕрхъулайы бахауӕг Ленинграды цӕрджытӕн, концентрацион лагерты хъизӕмӕрттӕ чи бавзӕрста, уыцы ӕнахъомтӕн. Афтӕмӕй, бӕрӕгбоны кадӕн ӕххуысы иумӕйаг бӕрц суыдзӕн 100 мин сомы.

Уыимӕ, ӕрмӕст бӕрӕгбӕтты рӕстӕг нӕ, фӕлӕ иудадзыгдӕр бӕстон зылд ӕмӕ сыгъдӕггонд хъуамӕ уой мемориалон комплекстӕ, хӕсты хъӕбатырты ӕфсымӕрон ингӕнтӕ ӕмӕ иннӕ цыртдзӕвӕнтӕ. Уыцы куыстмӕ бӕстон цӕстдард хъуамӕ уа муниципалитетты депутатты, бархионты, политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕртты ‘рдыгӕй.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй алы ветеран дӕр бӕрӕгбоны кадӕн фиддон афойнадыл райса. Бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтимӕ иумӕ хъуамӕ бӕстон цӕттӕгонд ӕрцӕуой бӕрӕгбоны кадӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр.

Уыимӕ, хистӕртыл аудыны куыст ӕххӕстгӕнгӕ у иудадзыгдӕр. Сӕрмагондӕй мӕ арфӕ ракӕнын фӕнды Ирыстоны Фӕллойы фыццаг Хъӕбатыртӕ — Гӕздӕнты Булат ӕмӕ Николай Бедухойӕн. Уыдонӕй сӕрбӕрзонд у ӕппӕт республикӕ дӕр. Дыууӕйӕ дӕр дӕсгай азты ӕнӕзӕрдӕхудт фӕллой кӕнынц, сты курдиат ӕмӕ уӕздандзинады дӕнцӕгтӕ.

Ирыстоны бирӕ ис, арфӕйы аккаг чи у, ахӕм кадджын адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ сын мах кад кӕндзыстӕм, цӕмӕй сӕ цардӕй райгонд уой.

Зӕгъӕм, Гӕздӕнты Булат разамынд цы оркестрӕн дӕтты, уый ныр йӕ куыст адарддӕр кӕндзӕн раздӕры кинотеатр «Фыдыбӕстӕ»-йы ног цалцӕггонд агъуысты.

Республикӕйы сарӕзтӕуыд цӕрӕнуӕтты 230 мин квадратон метры — уый у рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнӕй фылдӕр. Ацы азы пъланмӕ гӕсгӕ та арӕзт ӕрцӕудзӕн цӕрӕнуӕтты 240 мин квадратон метры бӕрц. Уыимӕ, фадӕттӕ аразын хъӕуы, цӕмӕй фылдӕр бинонты бон уа цӕрӕнуӕттӕ ӕлхӕнын.

Ӕмӕ, зӕгъӕм, ӕрыгон специалисттӕн ахӕм фадат фӕзыны, сӕрмагонд цӕрӕнуатон субсиди 400 мин сомы бӕрцӕй райсгӕйӕ.

Не ‘ргом здахӕм ӕрыгон бинонты царды уавӕртӕм дӕр. Зӕгъӕм, фарон уыдонӕн байуӕрстам 140 цӕрӕнуатон сертификаты (нысангонд бӕрцытӕй дыууӕ хатты фылдӕр).

Ацы аз та цӕрӕнуаты аргъы иу хай сӕхгӕнынӕн субсидитӕ радих кӕндзыстӕм 85 ӕрыгон бинонтӕн. Уыимӕ, куыст фӕахадгӕдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ рады нырма бирӕ ӕрыгон бинонтӕ ис.

Хуыздӕрӕрдӕм ивы, сӕ раздӕры цӕрӕнбынӕттӕ ӕвӕндонӕй чи ныууагъта, адӕмы уыцы категорийы уавӕр дӕр. Зӕгъӕм, уыдонӕй фарон 632 бинонтӕн дихгонд ӕрцыдысты цӕрӕнуатон сертификаттӕ 1,8 миллиард сомы аргъ. Ныронг нӕм ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ никуыма уыд. Фӕлӕ нырма рады ис 850 ахӕм бинонтӕ. Нӕ размӕ нысан ӕвӕрӕм, цӕмӕй уыдон се ‘ппӕтдӕр ацы аз райсой сертификаттӕ. Уыцы нысанӕн дихгонд цӕуы 2 миллиард ӕмӕ 350 милуан сомы бӕрц.

Уымӕй уӕлдай, граждӕнты цалдӕр категорийы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл дӕр бӕлвырд куыст цӕуы. Зӕгъӕм, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ ӕмӕ инвалидты, гӕрзифтонг быцӕуты ветерантӕ ӕмӕ «чернобылӕгты» царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн ивгъуыд азы федералон бюджетӕй дихгонд ӕрцыд 162 милуан сомӕй фылдӕр. Уый фӕрцы сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кодтой 136 бинонтӕ.

Сӕ цӕрӕнуӕттӕ райстой 66 сидзӕр сывӕллоны дӕр. Ацы аз ма уыдоныл бафтдзӕн ноджыдӕр 73 адӕймаджы.

Бӕстон куыст цӕуы кӕлӕддзаг цӕрӕн хӕдзӕртты фӕзуат фӕкъаддӕр кӕныныл дӕр. Зӕгъӕм, ивгъуыд азы ахӕм цӕрӕнуӕтты бӕрц фӕци 2 мин квадратон метры къаддӕр. Граждӕнты уыцы категорийӕ Дзӕуджыхъӕуы ног фатертӕ райстой 50 бинонтӕ. Ацы аз та ног фатертӕм раивдзыстӕм Дыгуры ӕмӕ Рахизфарсы районты 36 бинонты.

Рӕстӕг домы, цӕмӕй фылдӕр кӕна алы ахсджиаг объекты арӕзтад. Фӕлӕ хӕрзхъӕддзинады фарст иудадзыгдӕр хъуамӕ уа боны фӕткы. Арӕзтады ӕппӕт къӕпхӕнтӕм дӕр хъӕуы бӕстон цӕстдард.

Подрядчиктӕй алчидӕр хъуамӕ бӕлвырд ӕмбара, медицинон кусӕндӕттӕ, спортивон комплекстӕ ӕмӕ Культурӕйы хӕдзӕрттӕ кӕмӕн аразӕм, уый. Кӕй асайынмӕ хъавӕм? Уӕлӕнгай цӕстӕй нӕй кӕсӕн ӕбӕрнондзинады фӕлтӕрӕнтӕм. Фӕндон хӕссын, цӕмӕй Адӕмон фронты, ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ ӕндӕр организациты минӕвӕрттӕ сбӕрӕг кӕной, ӕрӕджы арӕзт кӕнӕ цалцӕггонд цы социалон объекттӕ ӕрцыдысты, уыдоны уавӕр. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй нӕ къухы бафтдзӕн ӕбӕрнон подрядчикты ных бакъуырын.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй уыцы фарстмӕ уа уӕлдай сӕрмагонд цӕстдард. Уыцы объекттыл комкоммӕ бӕрнон у Арӕзтады министрад.

Уӕрӕсейы адӕмыл аудын — ахӕм фыццаградон нысан сӕвӕрдта бӕстӕйы Президент. Фарстыл кусгӕйӕ, стыр ӕргом здӕхт цӕуы ӕрмӕст ноггуырдты нымӕц фӕфылдӕр кӕныныл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы царды хӕрзхъӕддзинадмӕ, хистӕр фӕлтӕры минӕвӕртты царды дӕргъвӕтиндзинадмӕ. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы уӕлдай ахсджиаг у ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы уавӕр.

Медицинон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинад фӕнывылдӕр кӕнын — уый у сӕрмагонд национ проектты нысан дӕр.

Уыимӕ, фылдӕр ӕргом аздахын хъӕуы профилактикон куыстмӕ, цӕмӕй низтӕ бӕрӕггонд цӕуой рагагъоммӕ къӕпхӕнтыл. Афтӕмӕй къухы бафтдзӕн куыстхъом адӕмы царды дӕргъвӕтиндзинад фӕфылдӕр кӕнын. Уыимӕ, адӕм хуыздӕр хъахъхъӕд цӕудзысты зӕрдӕйы-дадзинты ӕмӕ онкологон низтӕй.

Дадзинты низтӕ дзӕбӕхгӕнӕн регионалон центр хъӕугӕ техникӕйӕ сифтонг кӕныныл ивгъуыд азы схардз кодтам 69 милуан сомы. Ацы аз та уыцы нысанӕн радих кӕндзыстӕм федералон субсидиты 80 милуан сомы.

Бӕстондӕр ифтонггонд цӕуынц сывӕллӕтты поликлиникӕтӕ дӕр. Фарон уыцы нысанӕн федералон ӕмӕ регионалон бюджеттӕй дихгонд ӕрцыд 80 милуан сомы бӕрц. Ацы аз дӕр уыцы куыст дарддӕр кӕндзыстӕм.

Дарддӕр цӕуы Сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындоны рацарӕзт. Хӕцгӕ низты хайады зӕронд бӕстыхайы бынаты арӕзт цӕуы сывӕллӕтты поликлиникӕ. Уымӕй уӕлдай, цалцӕггонд ӕрцӕудзӕн рынчындоны соматикон хайад дӕр.

Зӕрдӕ куыд бавӕрдтам, афтӕмӕй бындурон цалцӕг скодтам ӕрыдоны районы Центрон рынчындон. Тагъд медицинон ӕххуысы клиникон рынчындоны гастроэнтерологи ӕмӕ гинекологийы хайӕдтӕ дӕр тагъд рӕстӕджы ног бӕстыхӕйттӕм раивдзыстӕм.

Лыггонд ӕрцыдысты, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы дӕсгай азты дӕргъы цы фарстытӕ бамбырд сты, уыдонӕй бирӕтӕ. Фондз азмӕ арӕзт кӕнӕ цалцӕггонд ӕрцыдысты 24 медицинон кусӕндоны.

Бындурон цалцӕг райдыдтам республикӕйы психиатрион диспансер дӕр.

Санитарон авиацийы фадӕттӕй спайда кӕнгӕйӕ, ӕвӕстиат ӕххуыс райстой 50 адӕймагӕй фылдӕр (уыдоны нымӕцы — сывӕллӕттӕ дӕр).

«Фӕстауӕрцы куыстады» фӕткӕй пайда кӕнгӕйӕ, аиуварс кӕнын хъӕуы, дохтырмӕ рады ныффыссыны хъуыддаджы ма цы къуыхцытӕ ис, уыдон. «Фӕстауӕрцы куыстады» уагӕвӕрдмӕ цы 13 медицинон кусӕндоны баиу кодтам, уыдон 2019 азы ифтонггонд ӕрцыдысты электронон технологиты фӕрӕзтӕй.

Дохтыры ӕххуыс кӕй бахъӕуы, уыцы адӕм дӕр уӕрӕхдӕр пайда кӕнынц электронон лӕггӕдты фадӕттӕй. Зӕгъӕм, ивгъуыд аз хи сӕрмагонд электронон кабинет «Ме ‘нӕниздзинад»-ы фӕрцы медицинон лӕггӕдтӕй спайда кодтой 17 мин адӕймагӕй фылдӕр.

2020 азы льготон хостӕ дӕттыныл хӕрдзтӕ уыдзысты 340 милуан сомӕй фылдӕр (зӕгъӕм, 2016 азимӕ абаргӕйӕ, 2,5 хатты фылдӕр).

Уыимӕ, фыццаг хатт къухы бафтыд, сӕкӕры низӕй рынчынтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы ӕрмӕджытӕ сты, уыдон дӕр.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй 2020 азы республикӕ архайын райдайа, зӕрдӕйы-дадзинты уӕззау низты азары чи бахауд ӕмӕ амбулаториты уавӕрты кӕй дзӕбӕх кӕнынц, уыцы адӕмӕн хостӕ дӕттыны системӕйы модернизацийы программӕйы.

Мах аразӕм ӕмӕ цалцӕг кӕнӕм рынчындӕттӕ, ӕвӕрӕм сӕ ӕппӕты нырыккондӕр кусӕнгӕрзтӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг хъуамӕ уа дӕсны специалистты къухы. Адӕмы цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадимӕ цы фарстытӕ баст сты, уыдоны ӕбӕрнондзинадӕн бынат хъуамӕ ма уа. Рӕстӕг домы, цӕмӕй дохтыртӕ сӕ куыстмӕ ахаст фӕивой.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕрзхъӕд медицинон лӕггӕдтӕ бакӕндзысты ӕрмӕстдӕр дӕсны специалисттӕ. Нӕ республикӕйы ис, фидӕны хорз дохтыртӕ кӕмӕй рауайдзӕн, ахӕм фӕсивӕд. Ӕмӕ сын хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Уыцы нысанӕн цӕттӕгонд ӕрцыд сӕрмагонд республикон проект.

Профилон министрады размӕ ӕвӕрд ӕрцыд бӕлвырд хӕс —ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйӕн кадртӕ цӕттӕ кӕныны уагӕвӕрд саразын. Цӕмӕй медицинон кусӕндӕттӕм ӕрвыст цӕуой ӕппӕтвӕрсыг цӕттӕгонд специалисттӕ.

Уыцы хъуыддагыл ныридӕгӕн куыст цӕуы. Зӕгъӕм, ӕрӕджы 10 ирыстойнаг дохтырӕн стажировкӕтӕ сарӕзтам бӕстӕйы раззагдӕр медицинон кусӕндӕтты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад хъуамӕ сбӕлвырд кӕна хуыздӕр дохтыртӕ ӕмӕ иннӕ медицинон кусджыты ӕвзарыны фӕтк, уыимӕ хъуамӕ фидаргонд ӕрцӕуа уыцы специалисттӕн зӕрдӕлхӕнӕнтӕ дӕттыны фӕтк дӕр.

Медицинон кусджыты дӕсныйадӕн аргъ кӕнгӕйӕ, хъуамӕ хыгъд цӕуа ӕрмӕст профессионалты хъуыды нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕмы ахаст дӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хуыздӕр дохтыртӕн аккагдӕр лӕвар уыдзӕн цӕрӕнуат.

Нӕ ахсджиагдӕр хӕстӕй иу у медиктӕн куысты аккаг уавӕртӕ саразын. 2019 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медицинон кусджыты мыздыл рӕстӕмбис нымадӕй бафтыд 4 проценты.

Медицинон лӕггӕдты фарст хъӕуты алыг кӕнынӕн ахъаз сты сӕрмагонд программӕтӕ «Земский доктор» ӕмӕ «Земский фельдшер». 2020 азы уыцы программӕты архайдзысты 14 дохтыры ӕмӕ 4 фелсеры. Фыццаградон ӕргом аздахын хъӕудзӕн Мӕздӕджы районмӕ — уым дохтырты кадавар уӕлдай тыхстагдӕр у.

Уымӕй уӕлдай, бацӕттӕ кӕнын хъӕуы социалон ӕххуысы сӕрмагонд мадзӕлттӕ, цӕмӕй дохтыртӕ разӕнгарддӕрӕй кусынмӕ цӕуой республикӕйы районтӕм. Уыимӕ, сӕрмагонд ӕргом аздахын хъӕуы медицинон кусджытӕн цӕрӕнуӕттӕ дӕттыны хъуыддагмӕ дӕр.

Цӕмӕй ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз ахадгӕ хуызы рӕза, уымӕн хъӕуы фаг финансон фӕрӕзтӕ. Ӕмӕ уыцы нысаны хӕрдзтӕ зынгӕ фӕфылдӕр кодтам.

Зӕгъӕм, 2016 азы йын дихгонд ӕрцыд 8 миллиард сомы бӕрц. Ивгъуыд азы та ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы райрӕзтыл схардз кодтам 13 миллиард сомӕй фылдӕр. Ӕмӕ уыцы бӕрцытӕ ацы аз дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм.

Уыимӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы лыггӕнинаг фарстытӕй ноджыдӕр ма иу у республикӕйы цӕрджытӕн лӕвар медицинон ӕххуыс кӕныны программӕйы финансон ӕфсисады кадаварад. Мӕ амынддзинадмӕ гӕсгӕ, Финансты министрад уыцы кадаварад фӕкъаддӕр кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн бацагуырдта 200 милуан сомы.

Республикӕйы Парламенты хӕстӕгдӕр сессийы уыцы ивддзинӕдтӕ ӕнӕмӕнг сфидар кӕнын хъӕуы, цӕмӕй ӕхца афойнадыл дихгонд ӕрцӕуой программӕйы уагӕвӕрдтӕ адарддӕр кӕнынӕн.

Федералон центры ӕххуысы фӕрцы нӕ къухы ӕфты медицинон кусӕндӕтты инфраструктурӕ рацаразыны хъуыддаг дӕр.

Фидардӕр кӕны медицинон кусӕндӕтты материалон-техникон ифтонгад, кусын райдыдтой ног фелсырон-акушерон пункттӕ Алагиры, Мӕздӕджы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты 6 хъӕуы. 2020 азы ноджыдӕр ма сараздзыстӕм ӕмӕ сцалцӕг кӕндзыстӕм 36 фелсырон-акушерон пункты.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ сараза ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фыццаградон къӕпхӕны системӕйы модернизацийы программӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

Республикӕйы районты цӕрджытӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй куыст ссарой. Уыцы нысанимӕ цы мадзӕлттӕ ӕххӕстгонд цӕуы, уыдонӕй иу у уӕгъд кусӕн бынӕтты армукъа. Уыцы армукъаты фӕрцы адӕмӕй бирӕтӕ куыст бацагурынц.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй ацы къабазы куыст адарддӕр кӕной. Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй уӕгъд кусӕн бынӕтты банчы уа фылдӕр ваканситӕ. Адӕмӕн куыст дӕттыны комитет та хъуамӕ комкоммӕ бастдзинад дара ӕппӕт организацитимӕ дӕр, цӕмӕй бӕрӕг уа хъӕугӕ специалистты номхыгъд.

Уыцы архайды фӕрцы ӕнцондӕр цӕттӕгӕнӕн уыдзысты профессион ахуырад ӕмӕ ног дӕсныйад райсыны программӕтӕ. Уыимӕ, уӕд ирдӕй бӕрӕг уыдзӕн, хӕстӕгдӕр ӕртӕ-цыппар азы цавӕр дӕсныйӕдты специалисттӕ уыдзысты уӕлдай хъӕугӕдӕр, уыимӕ, хъӕуты дӕр.

Адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн ис бӕлвырд ӕууӕлтӕ — кусӕн бынат, профессионалон рӕзты фадӕттӕ, сывӕллӕтты рӕвдауӕндонмӕ ӕрвитыны фадат ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕрыгон специалисттӕ сӕ дӕсныйады раззагдӕртӕ ӕмӕ хуыздӕртӕ суӕвынмӕ кӕй тырнынц, уый раст у. Фӕлӕ уыцы ӕууӕл ӕрыгӕтты хъуамӕ ма къуылымпы кӕна бинонты хъуыддаг бакӕныны фарсты.

Ӕппӕт уыцы ӕууӕлтӕ хынцгӕйӕ, бӕлвырд куыст цӕуы, цӕмӕй фылдӕр кӕна рӕвдауӕндӕтты бынӕтты нымӕц. Ӕмӕ бӕстон куысты фӕрцы нӕ къухы бафтыд уавӕр банывыл кӕнын.

Зӕгъӕм, 2016 азы рӕвдауӕндӕттӕм рады уыд 7 мин сывӕллоны, ныртӕккӕ та — 318 лӕппу ӕмӕ чызджы.

Цыппар азы размӕ нӕ республикӕйы рӕвдауӕндӕтты фӕзынд 210 ног бынаты, ивгъуыд азы та — 10 хатты фылдӕр.

Фӕлӕ фарстыл дарддӕр дӕр хъӕуы кусын. Уыимӕ, сӕрмагонд ӕргом аздахын хъӕуы, цӕмӕй рӕвдауӕндӕттӕ фӕзыной, ныронг кӕм нӕ уыдысты, уыцы микрорайонтӕ ӕмӕ иннӕ цӕрӕн бынӕтты дӕр.

Уымӕй уӕлдай, фылдӕр кӕны, нырыккон домӕнты аккаг цы скъолатӕ рацарӕзтам, уыдоны нымӕц дӕр. Зӕгъӕм, ӕппӕты нырыккондӕр домӕнты аккаг цы скъолатӕ рацараздзыстӕм, уыдоны уыдзӕн 8 мин бынаты.

Уыимӕ, ног скъолатӕ аразгӕйӕ, зӕрдыл дарын хъӕуы, цӕмӕй уыцы бӕстыхӕйтты уа фидӕны уӕлӕмхасӕн ахуырадон бынӕттӕ гом кӕныны фадат дӕр.

Ахадгӕ хуызы аразӕм ӕмӕ цалцӕг кӕнӕм скъолатӕ, уыцы архайды фӕрцы нӕ къухы ӕфты скъоладзауты кӕлӕддзаг агъуыстытӕй ног бӕстыхӕйттӕм раивыны нысан. Уымӕй уӕлдай, дыккаг рады чи ахуыр кӕны, уыцы скъоладзауты дӕр ивдзыстӕм райсомӕй ахуыр кӕныны фӕткмӕ.

Уыимӕ, ног скъолатӕ гом кӕнгӕйӕ, зӕрдыл дарын хъӕуы, скъоладзаутӕ ныронг кӕм ахуыр кодтой, уыцы кусӕндӕтты уавӕр дӕр. Ӕппӕт скъоладзаутӕн дӕр хъуамӕ уа ӕппӕтвӕрсыг ӕмӕ арф зонындзинӕдтӕ райсыны фадӕттӕ.

2018 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы ӕххӕстгонд цӕуы математикон ахуырады рӕзты сӕрмагонд программӕ. Ахӕм программӕйы ивгъуыд азӕй фӕстӕмӕ архайынц, йе ‘ргом хими ӕмӕ биологимӕ чи здахы, уыцы скъоладзаутӕ дӕр.

Сӕрмагонд мадзӕлтты фӕрцы зынгӕ фӕхъомысджындӕр скъолаты материалон-техникон ифтонгад.

Уымӕй уӕлдай, цӕттӕ кӕнын хъӕуы наукон-техникон кадртӕ, нымӕцон технологиты къабазы дӕр хъуамӕ кусой дӕсны специалисттӕ.

Кусын райдыдтой ахуырадон центртӕ «Рӕзты тӕлмытӕ».

Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды, дӕрддзӕф цӕрӕн бынӕтты скъоладзаутӕн дӕр техникон сфӕлдыстады архайыны фадат кӕй фӕзынд, уый тыххӕй. Уӕлӕмхасӕн ахуырады кусӕндӕттӕн ифтонггӕрзтӕ ӕлхӕнынӕн дихгонд ӕрцыд 165 милуан сомы бӕрц.

Сӕрмагонд ӕргом здӕхт цӕуы Мӕздӕджы районмӕ. Уым дӕр ацы аз байгом уыдзӕн технопарк «Кванториум». Куыд зонӕм, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы ахӕм парк ныр ӕнтыстджынӕй кусы азӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ уым алыхуызон ахуырадон программӕты архайынц мин сывӕллонӕй фылдӕр.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ дӕр саразой ӕмӕ ног ахуыры азмӕ Мӕздӕджы «Кванториум» байгом уа.

Фӕлӕ дыууӕ ахӕм технопарчы фаг не сты. «Кванториум»-ы ахуыр кӕныны фадат хъуамӕ уа иннӕ районты скъоладзаутӕн дӕр. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, ацы аз Цӕгат Ирыстоны фӕзындзӕн мобилон «Кванториум». Ӕппӕт хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ кӕм уа, ахӕм сӕрмагонд хӕдтулгӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕудзӕн республикӕйы районтӕ ӕмӕ дӕрддзӕф хъӕутӕм. Уым сывӕллӕттӕн ахуыртӕ араздзысты алыхуызон программӕтӕм гӕсгӕ.

Ӕппӕт уыцы фадӕттӕ республикӕйы фӕзындысты сӕрмагонд национ проектты фӕрцы.

Уыимӕ, хицӕн проекттӕй уӕлдай, ӕргом здахын хъӕуы иннӕ хъуыддӕгтӕм дӕр. Зӕгъӕм, махмӕ бирӕ ис курдиатджын сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ уыдоны сфӕлдыстадон хъомыс раргом кӕнынӕн саразын хъӕуы ӕппӕт нырыккон фӕзтӕ дӕр.

Куыд фӕнд кӕнӕм, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны фӕзындзӕн, горӕт Сочийы цы зындгонд центр «Сириус» кусы, уый хуызӕн егъау ахуырадон центр.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй фарстамӕ ӕркӕса ӕмӕ хӕстӕгдӕр дыууӕ азы дӕргъы проект ӕххӕстгонд ӕрцӕуа.

Ацы мӕйы райдайӕны кадджын уавӕры байгом кодтам планетари. Уый Цӕгат Ирыстоны скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕн суыдзӕн, нӕ бӕстӕйы ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ахуырадон центр. Космосы хабӕрттӕ цымыдис кӕмӕн сты, уыцы фӕсивӕдӕн ма хуыздӕр цы хъуамӕ уа? Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, планетари бабӕрӕг кӕнын карджын адӕмӕн дӕр цымыдисаг уыдзӕн.

Планетари хӕсдзӕн зындгонд конструктор, ССР Цӕдисы Паддзахадон премийы лауреат Къомайты Русланы ном. Уый зӕрдиаг архайды фӕрцы сног кодтам ацы ахсджиаг кусӕндон. Уый тыххӕй Къомайы-фыртӕн бузныг зӕгъӕм.

Ӕмӕ нӕ архайд амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ хъомысджын хъуамӕ уа. Цӕмӕй цалдӕр азы фӕстӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады программӕты архайой ӕппӕт сывӕллӕттӕ дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕсны ахуыргӕнджыты архайдӕй бирӕ аразгӕ уыдзӕн, нырыккон технологитӕ ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ цас пайдайаг сты, уый.

Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуырады системӕйы райрӕзтыл кусгӕйӕ, ахуыргӕнджыты разӕнгард кӕнын хъӕуы сӕ куыстмӕ.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ бацагура ахуыргӕнджытӕн социалон ӕххуысы программӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

Программӕйы фӕлгӕты бакусӕн ис алыхуызон хъуыддӕгтыл. Зӕгъӕм, ӕхсӕнадон транспорты лӕвар балцӕгтӕ, кӕнӕ республикӕйы санаторитӕм педагогтӕн балцӕгтӕ дӕттын ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Уыцы архайдӕн ахъаз уыдзӕн сӕрмагонд программӕ «Земский учитель» дӕр. Уыцы программӕ нӕ республикӕйы ӕххӕст кӕнын райдайдзыстӕм ацы аз.

Уымӕй уӕлдай, ахъуыды кӕнын хъӕуы, цӕмӕй хъӕуты ахуыргӕнджытӕн аразын райдайӕм цӕрӕнуӕттӕ. Уыцы ӕууӕл дӕр ахъаз уыдзӕн хъӕууон ахуырады рӕзтӕн. Ахӕм куыстӕн уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ дӕтты хъӕууон цӕрӕн бынӕтты райрӕзты сӕрмагонд программӕ.

Уымӕй уӕлдай, уынаффӕ рахастон, цӕмӕй зынгӕ фӕфылдӕр уа конкурс «Азы ахуыргӕнӕджы» призон фонд. Афтӕ, конкурсы уӕлахиздзау райсдзӕн фатер ӕмӕ 500 мин сомы, дыккаг бынатӕн саккаг кӕндзыстӕм 500 мин сомы, ӕртыккаг бынатӕн та — 300 мин сомы.

Хицауады хӕс — ацы конкурсӕн ӕргом ӕмӕ бындурон фадӕттӕ саразын. Конкурс хъуамӕ ахъаз уа ахуыргӕнджыты дӕсныйад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн, къабазы хуыздӕр кусджытӕн фадат хъуамӕ радта сӕ царды уавӕртӕ хуыздӕрӕрдӕм фӕивынӕн.

Нӕ нысантӕй иу у, наукӕйы къабазы ӕнтыстджын къахдзӕфтӕ чи кӕны, уыдоны дарддӕры райрӕзтӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр саразын. Ахӕм хъӕппӕрисджын фӕсивӕды ӕрбангом кодта ӕрыгон ахуыргӕндты республикон совет. Уыцы ӕрыгӕттӕй рауайы хорз специалисттӕ. Уыимӕ, фарст ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй ацы наукон фӕз дарддӕрдӕр райрӕза.

Наукӕйы къабазы кусӕг фӕсивӕдӕн ӕххуысы программӕ цӕттӕ кӕны Рӕзты агентад дӕр.

Хӕс кӕнын, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа наукон фӕсивӕдӕн ӕххуысы сӕрмагонд программӕ.

Нырыккон фадӕттӕй пайда кӕнын хъӕуы ӕрмӕст ахуырады къабазы нӕ. Дарддӕр кусӕм, цӕмӕй физикон культурӕ ӕмӕ спорты райрӕзтӕн фӕзына уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ, уӕлдайдӕр та — хъӕууон цӕрӕн бынӕтты.

Зӕгъӕм, ивгъуыд аз бындуронӕй цалцӕг скодтам ӕмӕ хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕй рӕвдз кодтам 6 спортивон залы. Афтӕмӕй, ныртӕккӕ спорты алы хуызты архайынӕн хъӕугӕ фадӕттӕ ис 37 цӕрӕн бынаты.

Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй дарддӕрдӕр куса республикӕйы ӕппӕт цӕрӕн бынӕтты дӕр спорты алы хуызты архайынӕн фадӕттӕ саразыныл.

Раздӕрау махӕн ахсджиаг у, цӕмӕй ӕнӕниз цардыуагмӕ се ‘ргом раздахой фылдӕр адӕм. Дзыллон спорты рӕзт хорзӕрдӕм фӕзындзӕн ӕхсӕнады иумӕйаг ӕнӕниздзинадыл.

Нӕ фӕсивӕд хъомысджын сты. Уымӕн ӕвдисӕн — нӕ зӕрдӕтӕ нын сӕ уӕлахизтӕй чи барухс кӕны, Цӕгат Ирыстоны ном дӕрдтыл чи айхъуысын кӕны, нӕ уыцы чемпионтӕ.

Цалдӕр боны размӕ Италийӕ, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Европӕйы чемпионатӕй сыгъзӕрин майдантимӕ сыздӕхтысты Найфонты Артур ӕмӕ Тускъаты Азӕмӕт. Абон уыцы хъӕбатыр лӕппутӕ сӕ тренертимӕ сты ацы залы. Мах сын бузныг зӕгъӕм! Уыдон радон хатт равдыстой, уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ирон скъола дунейы хуыздӕрты номхыгъды кӕй ис, уый.

Арӕхстджындӕр хъӕбысӕйхӕцджыты феныны фадат нын радон хатт уыд дунеон турнир «Алантӕ»-йы дӕр. Уыцы ерыс ныр ӕртыккӕгӕм хатт арӕзт ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы.

Турнир бацӕттӕ кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй бакуыстой, уый тыххӕй бузныг зӕгъын нӕ зындгонд спортсмен, Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы фыццаг вице-президент Фадзайты Арсен ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы иугонд командӕйы сӕйраг тренер Тедеты Дзамболатӕн. Азӕй-азмӕ уыцы турниры кад бӕрзонддӕр кӕны, йӕ архайджыты нымӕц дӕр рӕзы.

Арфӕйы аккаг сты, хистӕр фӕлтӕрты хъӕздыг традицитӕ чи хъахъхъӕны ӕмӕ ӕрыгон спортсменты чи хъомыл кӕны, уыцы тренертӕ дӕр. Ныфс мӕ ис, ацы аз дӕр Олимпиаг хъӕзтытӕ ӕмӕ иннӕ ахсджиаг ерысты Уӕрӕсейы иугонд командӕйы сконды Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ арӕхстджын ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кӕй архайдзысты, уымӕй.

Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ сараза, Олимпиаг хъӕзтыты архайынмӕ чи тырны, нӕ уыцы спортсментӕн.

Сӕрмагонд ӕххуысы мадзӕлттӕ аразӕм курдиатджын футболисттӕн дӕр. Сӕрды ахицӕн уыдзӕн сывӕллӕтты футболон академийы арӕзтад. Уым республикӕйы ӕппӕт районтӕй 120 курдиатджын лӕппуйы ахуыр кӕндзысты футболы сусӕгдзинӕдтыл.

Сӕрмагонд арфӕйы аккаг у, Гуыриаты Владимир — уый зӕрдиагӕй архайы футболон клуб «Алани» сног кӕныныл. Адӕм ногӕй стадионмӕ зӕрдиагӕй цӕуынц, нӕ командӕйы уӕлахизтыл бацин кӕнынц. Ӕмӕ мах ӕппӕт хъарутӕй дӕр бацархайын хъӕуы, цӕмӕй нӕ командӕ ногӕй премьер-лигӕмӕ схиза.

Бузныг зӕгъын Таймазты ӕфсымӕртӕн дӕр, сӕ хъӕппӕрисӕй Дзӕуджыхъӕуы спортивон хъӕбысхӕсты центр кӕй байгом, уый тыххӕй.

Ӕрӕджы та бабӕрӕг кодтон, цалдӕр сӕдӕ сывӕллоны ахуыртӕм кӕдӕм цӕуынц, Хӕдарцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи. Уыцы спортивон кусӕндон байгом кӕныныл та зӕрдиагӕй бацархайдта Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Хӕдарцаты Махарбег.

Ӕппӕт уыцы объекттӕ уӕлдай ахсджиаг сты нӕ республикӕйӕн ӕмӕ нӕ фӕсивӕдӕн. Уыимӕ, уыцы дӕнцӕгтӕ хъуамӕ фӕзминаг суой иннӕ меценаттӕн дӕр.

Ивгъуыд аз цы ахсджиаг уынаффӕтӕ хаст ӕрцыд, уыдонӕй иу у республикон стадион «Спартачы» рацарӕзты фарст. Уыцы хъуыддаджы нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд федералон Хицауад.

Уыцы фарст алыг кӕныны, стӕй ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм лӕмбынӕг цӕстдард ис УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады ‘рдыгӕй.

Республикон районты дарддӕр цӕуы спортивон-дзӕбӕхгӕнӕн комплексты арӕзтад. Уыцы фӕзтӕй алкӕцы дӕр ифтонг цӕуы хъӕугӕ кусӕнгӕрзтӕй.

Азы кӕронмӕ Дзӕуджыхъӕуы кусын райдайдзысты спортивон хъӕбысхӕсты центр, бирӕкъабазджын 14 хъазӕн фӕзы, ӕрыдоны та райдайдзӕн физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплексы арӕзтад.

Уыцы куыст цӕудзӕн, цалынмӕ республикӕйы ӕппӕт цӕрӕн бынӕтты дӕр спортивон объекттӕ фӕзына, уӕдмӕ.

Ӕнгом кусын хъӕуы ӕппӕт фӕсивӕдимӕ дӕр. Спортивон чемпионтӕй уӕлдай хъомыл кӕнын хъӕуы политикӕйы раздзогты дӕр.

Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд ӕрыгон политологты фыццаг федералон форум «Дыгургом». Форумы архайджытимӕ мын рауад зӕрдиаг фембӕлд.

Ӕхсызгон у, нӕ хъӕппӕрисджын фӕсивӕд Президенты гранттӕ райсыны фӕдыл конкурсы дӕр зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый.

Фыццаг хатт арӕзт ӕрцыд регионалон ахуырадон форум «Иры фӕсивӕд». Уыцы мадзал хъуамӕ суа ӕрвылазон. Форумы архайджыты нысан у фӕсивӕдон политикӕйы къабазы бӕлвырд фӕндӕттӕ цӕттӕ кӕнын.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй бабӕстон кӕна ацы сфӕлдыстадон фӕзы бындурыл иудадзыгон кусӕг форум саразыны фӕдыл фӕндӕттӕ.

Ныридӕгӕн нӕ кӕстӕртӕ бӕлвырд куыст бакодтой Фӕсивӕды федералон агентады гранттӕ райсыны фӕдыл конкурсмӕ ахсджиаг проекттӕ бадӕттыныл. Нӕ фӕсивӕд ӕнтыстджынӕй архайдтой ахуырадон форум «Машук»-ы дӕр. Уӕлахиздзаутӕ дзы систы 75 ахсджиаг социалон проекты автортӕ. Уыцы проекттӕ царды рауадзынӕн дихгонд ӕрцыд 47 милуан сомы бӕрц.

Ахӕм форумты хъуамӕ архайой бирӕ фылдӕр фӕсивӕд. Уыимӕ, фылдӕр фыссын ӕмӕ дзурын хъӕуы, фӕсивӕд цы ахсджиаг социалон проекттыл кусынц, уыдоны тыххӕй. Уыцы ӕууӕл ахъаз уыдзӕн курдиатджын фӕсивӕды хъомыс раргом кӕнынӕн.

Йӕ хъӕппӕрисджын архайдӕй бӕрӕг дары не сфӕлдыстадон фӕсивӕд дӕр. Зӕгъӕм, Цӕгат Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты иугонд коллектив дунеон фестивал «Студӕнтты уалдзӕджы» рамбылдта Гран-при.

Фӕсивӕды хъомыс раргом кӕнынӕн ахъаз у студентон арӕзтадон къордты змӕлд сног кӕныны хъуыддаг дӕр. Ахӕм иугӕндты сконды фӕсивӕд архайдтой горӕты уынгты фӕлгонцадон куыстыты, се ‘вӕрӕн бахастой планетари ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг объектты рацарӕзты хъуыддагмӕ дӕр. Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институты студентты къордтӕ та кусынмӕ ацыдысты Норильскмӕ. Ӕмӕ ацы архайд дарддӕр дӕр хъӕуы уӕрӕхдӕр кӕнын.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй уӕлӕмхасӕн бакуса, республикӕйы алыхуызон арӕзтадон объектты фӕсивӕдӕн куысты бынӕттӕ дӕттыны фарстыл.

Нӕ фӕсивӕды ‘хсӕн бирӕ ис, иудадзыг дӕр ӕххуысмӕ цӕттӕ чи у, ахӕмтӕ. Алкӕддӕр аудын хъӕуы, бархионты змӕлды чи архайы, уыцы фӕсивӕдыл.

Цӕгат Кавказы федералон зылды мах фыццаг байгом кодтам бархионтӕн ӕххуысы центр, уыдон парахат кӕнынц ӕдасдзинады домӕнтӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы фыдбылызты фӕстиуджытӕ иуварс кӕнынц. Нӕ республикӕйы ныридӕгӕн ис 15 мин ӕвзонгӕфсӕддоны, уыцы бӕрӕггӕнӕнӕй Цӕгат Ирыстон регионты ‘хсӕн ис дыккаг бынаты.

Дзуапдӕттӕг комитетӕн фӕдзӕхсын алы муниципалон сконды дӕр филиалтӕ байгом кӕнын.

Нӕ фӕсивӕд хъуамӕ уа ахуыргонд ӕмӕ размӕцыд культурӕйы къабазы дӕр. Федералон ӕмвӕзады архайӕм, цӕмӕй сног уа Цӕгат Кавказы кинохроникӕйы студи. Ныронг дӕр ын зылды ӕмбал нӕй, уый у ахсджиаг культурон объект, кинематограф хъуамӕ фӕстӕмӕ йӕ бынат ссара ӕмӕ йӕ раздахын хъӕуы республикӕмӕ. Культурӕйы Министрад федералон центрмӕ арвыста кинохроникӕйы студийы рӕзты документ. Царды йӕ рауадзынӕн бахъӕудзӕн дзӕвгар ӕхца.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын федералон министрад ӕмӕ иннӕ бӕрнон структурӕтимӕ даддӕр бакусын Цӕгат Кавказы кинохроникӕйы студи республикӕйы бӕрны бакӕныныл.

Ацы аз бавналдзыстӕм Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион Ирон театр сцалцӕг кӕныны фыццаградон куыстытӕм. Театр «Саби»-йы бындурон цалцӕджы куыстытӕ азы кӕронмӕ фӕуыдзысты. Театртӕн ӕххуысы ӕмӕ сӕ дарддӕры рӕзты мадзӕлттӕ Театры азыл нӕ банцадысты, не сфӕлдыстадон кусджытӕ бацӕттӕ кодтой цалдӕр ӕнтыстджын спектаклы, сӕ гастролты ӕмӕ фестивалты балцытӕй дӕр разыйӕ баззадысты.

Иннӕ аз мах бӕрӕг кӕндзыстӕм Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры 150 азы ӕмӕ Мӕскуыйы Паддзахадон акдемион театры 100 азы. Цалдӕр боны размӕ уыдис ацы ахсджиаг юбилейтӕ бӕрӕг кӕнынимӕ баст ӕмбырд, оргкомитетӕн разамынд дӕтты Уӕрӕсейы Центрон банчы сӕрдар Эльвирӕ Набиуллина.

Уырыссаг театры юбилей сбӕрӕг кӕныны охыл Хицауадӕн хӕс кӕнын оргкомитет саразын.

Зынаргъ ӕмкусджытӕ! Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджыдӕр ма иу ахсджиаг цау — 2022 азы бӕрӕг кӕндзыстӕм Аланийыл саргъуыды 1100 азы. Ацы аз бавналдзыстӕм 5 объекты реставрацимӕ.

Республикӕйы Хицауад хъуамӕ иннӕ 9 объектӕн бацӕттӕ кӕнай проектон-хӕрдзты документаци, уыцы бӕстыхӕйттӕм та бавналдзыстӕм хӕстӕгдӕр ӕртӕ азы.

Ныридӕгӕн зындгонд у, бындурон цалцӕг ӕмӕ фӕлгонцгӕнӕн куыстыты фӕстӕ Сыгъдӕг Георги Уӕлахизхӕссӕджы аргъуанӕн цавӕр бакаст уыдзӕн, уый. Ӕппӕт куыстыты документтӕ дӕр сты цӕттӕ.

Республикӕйы Хицауад Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархиимӕ иумӕ бавналӕнт ацы хъуыддагмӕ.

Культурон цаутӕн сӕ сӕйрагдӕрыл банымайгӕ у, фарон Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы куыд сбӕрӕг кодтам, уый. Кадджын мадзӕлттӕ конд ӕрцыдысты поэты райгуырӕн хъӕу Нары, Мӕскуыйы Стыр театры сценӕйыл.

Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музей цалцӕггонд ӕрцыд, уыцы бынаты ӕмбырдгонд сты национ нывгӕнынады хӕзнатӕ. Стыр бузныг мӕ зӕгъын фӕнды Гуыриаты Владимирӕн.

Хъуамӕ дарддӕр бакусӕм адӕмон ӕрмдӕсныты архайды рӕзтыл, цы базарадон-равдыстыты центр байгом, уый нӕхицӕн фагыл ма банымайӕм. Тынг бирӕ ма нӕм ис курдиатджын, дӕсны адӕм, уӕдӕ сын ӕрмадзтӕн дӕр бынат ӕнцонӕй ссардзыстӕм.

Хъуамӕ ацы аз завод «Бином»-ы бындурыл Хицауад байгом кӕна «ӕрмдӕсныты хӕдзар».

Уымӕй фадӕттӕ фӕзындзӕн кооперацийӕн, иумӕйаг ӕмарахайды фӕрцы кусджытӕ ӕнцондӕрӕй ӕлхӕндзысты ифтонггӕрзтӕ, алыхуызон дзаума уадзгӕйӕ дӕр сын уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн. Нӕ культурӕ, нӕ историон-архитектурон ӕмӕ аивадон бынтӕ хъуамӕ адӕммӕ уой хӕстӕг. Ӕргом аздахын хъӕуы се ‘нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ къуындӕг авналӕнтимӕ адӕмӕн ахӕм бынӕттӕм цӕуынӕн фадӕттӕ саразынмӕ.

Фарон бындуронӕй цалцӕггонд ӕрцыд куырмыты чиныгдон, хъӕугӕ техникон фӕрӕзтӕ сын балхӕдтой. Зынгӕ фӕхуыздӕр ис музыкалон скъолаты ахуырадон-материалон базӕ. Мах кӕддӕриддӕр аргъ кӕнӕм нӕ ивгъуыдӕн, сӕрыстыр стӕм нӕ номдзыд ӕмзӕххонтӕй, фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕй дӕр хъуамӕ кӕстӕрты ‘хсӕн агурӕм курдиатджындӕрты.

Не ‘мзӕххон Гергиты Валерийы фӕрцы Дунеон Кавказаг фестивал «Мариинаг-Дзӕуджыхъӕу» йӕ арӕнтӕ зынгӕ фӕпарахатдӕр кодта. Ацы аз дзы архайдзысты Фӕскавказы бӕстӕты ӕрыгон курдиатджын лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. Бузныг Гергиты Валерийӕн, ӕппынӕдзух нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй.

Культурӕ ӕмӕ аивады къабазы курдиатджын сывӕллӕтты рабӕрӕг кӕныны охыл республикӕйы ӕххӕст кӕнынц сӕрмагонд программӕ. Уыцы нысанимӕ нӕм сӕмбӕлынц Мӕскуы ӕмӕ Бетъырбухы раззагдӕр ахуыргӕнӕндӕтты специалисттӕ. Уӕдӕ, хихъӕппӕрисадон ӕркаст «Иры фарн»-ы фӕрцы дӕр базонӕм нӕ арӕхстджын сывӕллӕтты курдиӕттӕ.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, уыцы ӕркасты ӕхцайы лӕвӕртты фонд фӕфылдӕр кӕныны хӕс.

Курдиатджын фӕсивӕдимӕ чи кусы, культурӕйы уыцы специалисттӕ кӕддӕриддӕр сӕ дӕсныйады сусӕгдзинӕдтӕ ӕхсызгонӕй амонынц кӕстӕртӕн. Уымӕ гӕсгӕ, культурӕйы кусджытӕ сты, сӕ мызды бӕрц фӕфылдӕр кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыцы къорд.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, ацы фарстыл бакусын ӕмӕ йӕ царды рауадзынӕн ӕмбӕлгӕ ӕхца ссарыны хӕс.

Не ‘фтиӕгтӕ бирӕ хъуыддӕгтимӕ баст сты, сӕ иу — нӕ республикӕйы цавӕр инвестицион уавӕр ис, уый. Фӕстаг ӕртӕ азмӕ Уӕрӕсейы субъектты ‘хсӕн национ рейтинджы Цӕгат Ирыстон 25 къӕпхӕны уӕлдӕр схызт. Уыцы уавӕр Бетъырбухы дунеон экономикон форумы фӕбӕрӕг кодта Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин дӕр.

Абон Цӕгат Ирыстоны царды ӕххӕстгонд цӕуынц ахадгӕ инвестицион проекттӕ, сӕ иу — Зӕрӕмджы ГЭС-ты арӕзтад. Дыууиссӕдз азӕй фылдӕр кӕй арӕзтой, уыцы объект мах ӕрӕджы байгом кодтам. Йӕ хъомысмӕ гӕсгӕ Цӕгат Кавказы у ӕртыккаг, Европӕйы та йӕ ӕлхъывдадмӕ гӕсгӕ — ӕппӕты бӕрзонддӕр.

Паддзахадон программӕ «Цӕгат Кавказы федералон зылды рӕзт»-ы фӕрцы сӕхиуыл схӕцыдысты дыууӕ инвестицион проекты: тагъдрӕзгӕ дыргъдӕттӕ ӕмӕ 1200 сӕрӕн фосдарынады комплекс ӕхсыргуыстгӕнӕн завод ӕмӕ цыхтуадзӕн цехимӕ. Уымӕй уӕлдай, куыст цӕуы ӕхсыр, дзидза уадзыны, халсартӕ, кӕаг дарыны ӕндӕр проекттыл дӕр. Программӕйы фӕрцы республикӕйы экономикӕмӕ ӕрбаздӕхтӕуыд 2,7 миллиард сомы.

Куырттаты комы сарӕзтой туристон комплекс, ӕрӕфы районы — хорисӕн-ӕфснайӕн объект, районы скуыста машинӕты-технологон станцӕ «ӕрӕфаг». Байгом къалбастӕ ӕмӕ пельментӕуадзӕн куыстуат. Алагиры районы ӕххӕстгонд цӕуы тагъдрӕзгӕ дыргъдӕтты проект, сарӕзтой дзы дыргътӕ ‘фснайӕн. Ацы аз ма ног проектты ныхмӕ райсдзыстӕм 500 милуан сомы.

Ӕртӕ хатты фӕфылдӕр ис республикон нысанмӕ арӕзт инвестицион программӕйӕн лӕвӕрд ӕхцайы бӕрц. Уый фӕрцы арӕзт ӕмӕ бындурон рацарӕзт баййафдзысты социалон ӕмӕ коммуналон инфраструктурӕйы объекттӕ.

Кӕд ӕмӕ нын 2016 азы Уӕрӕсейы Экономикон рӕзты министрад комкоммӕ финансон ӕххуыс нӕ бакодта, уӕддӕр республикӕ райдайгӕ амалхъомтӕн хи бюджетӕй ӕхца дих кӕны. Уӕдӕй 50 проекты сӕ къахыл слӕууыдысты. Фӕрогдӕр сты ӕфстӕуттӕ дӕттыны бындуртӕ, уымӕй ӕфсӕтуттӕ райсыны нымӕц фӕфылдӕр. Паддзахадон ӕххуысы ӕппӕт хуызтӕ баиу сты центр «Мой бизнес»-ы.

Цӕстдарӕг хъуыддӕгтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы оргӕнтӕм сидын, цӕмӕй амалхъомады размӕ ӕнӕхъуаджы цӕлхдуртӕ ма ӕвӕрой, ӕнӕбындур бӕрӕггӕнӕн куыстытӕ сӕм ма кӕной. Амалхъомадӕн ӕххуысы совет ӕнтыстджынӕй кусы, арӕх ӕмбырдтӕ скӕнӕм продукциуадзӕг заводты. Бынӕтты базонӕм, цӕмӕй тыхсынц, сӕ цуры цы ран балӕууын хъӕуы, уыдӕттӕ.

Амалхъомады минӕвӕрттӕн мӕ фӕнды бузныг зӕгъын, социалон проекттӕ царды рауадзыныл кӕй архайынц, уый тыххӕй. Ныр та бавнӕлдтам республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕн амалхъомты ‘рдыгӕй ӕвджидиуӕг кӕныны программӕмӕ. Фӕлӕ, нӕ къухы цы бафтыд, уыдон фаг не сты, ӕвӕрын хъӕуы бӕрзонддӕр нысантӕ.

Экономикӕйы къабаз нымӕцон хуызмӕ раивыны тыххӕй йӕ Ныстуаны дзырдта Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путин. Мах, Цӕгат Ирыстоны, сфидар кодтам нымӕцон экономикӕйы субъекттӕн паддзахадон ӕххуысы тыххӕй закъон. Республикӕ дарддӕр нымӕцон хуызмӕ раивыны, нымӕцон проекттӕн баххуысы охыл Хицауад цӕттӕ кӕны барадон бындуртӕ.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын нымӕцон бындурты программӕйыл бакусын.

Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фарон стыр фадӕттӕ фӕзынд электронон Хицауад ӕмӕ республикӕйы объекттӕ нымӕцон бындуртӕм раивынӕн. Нӕ цӕрджытӕ электронон хуызы цы лӕггӕдтӕ исынц, уыдоны нымӕц ӕртӕ хатты фӕфылдӕр. Уыцы мадзӕлтты фӕрцы адӕм сӕ рӕстӕг ӕмӕ фӕрӕзтӕ нал хардз кӕнынц ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, кӕнӕ ӕнӕхъуаджы рарвит-барвитты.

Ахӕм технологиты рӕзтӕн тынг ахсджиаг у хӕрзхъӕд ӕмӕ ӕнцонархайд бастдзинад, федералон программӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ фӕзына ӕппӕты дӕрддзӕф хъӕуты дӕр. 2021 азы кӕронмӕ Интернетмӕ баиу кӕндзысты социалон ахадындзинадимӕ 200 объекты. Ацы азы кӕронмӕ та Интернет-бастдзинад фӕзындзӕн хъӕуты культурӕйы артдзӕстыты.

Ацы фарстытӕ алыг кӕнынӕн нын хорз ахъаз фӕцис, фарон Цӕгат Ирыстоны цы ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмбырд уыдис, уый. Архайдтой дзы нымӕцон технологиты раззагдӕр специалисттӕ ӕмӕ куыстуӕттӕ бӕстӕйы 83 регионӕй. Мӕ цӕстӕй акӕсгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны фидар рӕзт бантысдзӕн ӕппӕт къабӕзтӕм нырыккон технологитӕ бахӕссыны фӕрцы.

Нӕ къухы бафтыд туристон проект «Мамысон» царды рауадзынӕн сӕрмагонд экономикон нысаниуӕг райсын. Фыццаградон хъуыддӕгтӕн федералон бюджетӕй хъуамӕ райсӕм 6 миллиард сомы, сӕйраг инвестортимӕ бадзырдтӕ скодтам. Ныридӕгӕн проектон-хӕрдзты документаци арвыстам паддзахадон экспертизӕмӕ, федералон центр ӕхца радих кодта. Сты 1 миллиард 100 милуан сомы. Ныртӕккӕ куыст цӕуы курорты фыццаградон куыстыты архитектурон бындуртыл.

Тагъд амалхъомты базонгӕ кӕндзыстӕм, туристон бынаты цы лӕггӕдты объекттӕ бахъӕудзӕн, уыдоны хыгъдимӕ. Афтӕмӕй алчидӕр уым йӕхицӕн хъуыддаг ссардзӕн.

Экономикон ӕмӕ социалон ахадындзинады проекттӕм ма ахӕссӕн ис «Алани-парк»-ы арӕзтад дӕр. Уый Уӕрӕсейы Хуссайраг хайы суыдзӕн егъаудӕр хиирхӕфсӕн бынат. Ныртӕккӕ нӕ республикӕйыл Фӕскавказы бӕстӕтӕм сӕ фӕндаг дарынц 1 милуан туристы. Мах хъуамӕ ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр скӕнӕм, цӕмӕй, бирӕ азты дӕргъы заууаты чи уыд, уыцы туристон къабаз йӕхиуыл схӕца. Тематикон парк уавӕр цӕхгӕр аивдзӕн, баиу кӕндзӕн тӕссагдзинадты сӕрты ахизынимӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ райсынимӕ баст туризм. Хъуамӕ нӕ бон бауа нӕ хъӕздыг историон бынтӕй спайда кӕнын.

Федералон бюджеты хӕстӕгдӕр дыууӕ азӕн бӕрӕггонд ӕрцыд 800 милуан сомы, уыдонӕй базилдзысты фӕндаг «Цыкола-Мацутӕ-Комы-Арт»-мӕ. Уый дӕр у проект «Хӕххон Дыгур»-ы иу хай. Ахӕм инвестицион проекттӕ ӕвдисынц, хъуыддаджы адӕймӕгтӕ нӕм се ‘ргом кӕй раздӕхтой, уый. Ӕнӕмӕнг зӕгъын хъӕуы, Уӕрӕсейы рагондӕр курорт «Цъӕй»-ы хъысмӕт нӕ кӕй тыхсын кӕны, уый.

Республикӕйы Хицауадӕн хӕс кӕнын районы разамындимӕ иумӕ уавӕр равзарын ӕмӕ ӕппӕт комплексы дарддӕры рӕзты пъланыл бакусын.

Нӕ республикӕ хъӕздыг у ӕрдзон фӕрӕзтӕй, хъуамӕ сӕ хъахъхъӕнӕм, раст сӕ пайда кӕнӕм. Мӕ ныхас у нӕ суартыл, сӕ гуырахстмӕ гӕсгӕ Цӕгат Ирыстон ис раззагдӕр бынаты. Алы бон дӕр уыцы дзӕбӕхгӕнӕн доны мин кубометры ӕнӕпайдайӕ зӕхмӕ кӕлы. Суартӕй пайдагӕнгӕйӕ ма чи кусы, уыдонмӕ базилыны кӕнӕ ног объекттӕ саразыны тыххӕй агурын хъӕуы инвесторты.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын бальнеологийы рӕзты пълан саразыны хӕс.

Хъуамӕ Цӕгат Ирыстоны арӕхдӕр кӕной туристтӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕхсызгон хъуыддӕгтӕ. Уыдонӕй иуыл банымайгӕ у ирон чъириты ӕппӕтуӕрӕсеон фестивал, уый Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн а-сӕрд — июны. Цалдӕр боны дӕргъы нӕм мингай туристтӕ, уазджытӕ ссӕудзысты Уӕрӕсейы алы къуымтӕй.

Хъуамӕ фестивал конд ӕрцӕуа бӕрзонд ӕмвӕзадыл, раттын ын хъӕуы ӕрвылазон нысаниуӕг.

Республикӕйы туристон хъомысы тыххӕй дзурын хъӕуы ӕндӕр рӕтты дӕр. Январы кӕрон нӕ туроператортӕ ссыдысты Мадриды дунеон туристон равдыстӕй. Уым ӕмгуыстады тыххӕй баныхас кодтой Испанийы, Гуырдзыстоны, Ираны, Бразилийы, Перуйы, Турчы, Индийы туроператортимӕ. Уыцы куыст адарддӕр хъӕуы дунеон ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон базарадты.

Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кӕронмӕ срӕвдз кӕнӕм нӕ республикӕйы зӕрдӕмӕдзӕугӕ туристон бакасты тыххӕй чысыл киноныв.

Хъуамӕ йӕ телеуынынады ӕмӕ Интернеты тыгъдады рапарахат кӕнӕм.

Федералон телеканалты Цӕгат Ирыстоны тыххӕй цы равдыстытӕ вӕййы, уыдон дӕр туристтӕн вӕййынц зонинаг, дарддӕр дӕр ууыл хъӕуы кусын.

Раздӕрау стыр ӕргом здӕхт цӕуы агропромышленнон комплексы рӕзтмӕ. Къабазы иумӕйаг мидбӕстон продукты бӕрц 4 миллиард соммӕ схызт, уымӕй рӕзты гӕнӕнтӕм гӕсгӕ республикӕ рацыд Уӕрӕсейы дӕс хуыздӕр регионы хыгъдмӕ. Къабазӕн цы финансон ӕххуыс конд цӕуы, уый дӕр ӕртӕ азмӕ зынгӕ фӕфылдӕр, фарон паддзахадон ӕххуыс рауад 770 милуан сомы.

Хоры ӕмӕ хоры-хъӕдуры культурты гуырахст, иннӕ азтимӕ абаргӕйӕ, «тугыл аскъуыд», халсартӕ 4 хатты фылдӕр ӕрӕмбырд кодтам. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр гӕнӕнтӕ дӕр, уыдонӕй спайда кӕныны охыл хъуамӕ республикӕйы йӕхиуыл схӕца донхорыггӕнӕн хызӕг. Донӕй ӕфсӕст зӕххытӕ 9 мин гектарӕй фылдӕр не сты. Фарон субсидиты руаджы донхорыггӕнӕн куыстытӕ скодтам 230 гектары. Фӕлӕ уый фаг нӕу, уыцы куыстытӕ нырма домынц 80 мин гектары.

Хъуамӕ республикӕйы Хицауад донхорыггӕнӕн хызты ӕмӕ скондты инвентаризаци сӕххӕст кӕна, сбӕрӕг кӕна, кӕй бӕрны сты, уый. Ӕндӕр хуызы сын паддзахадон ӕххуыс фӕфылдӕр кӕнӕн нӕ уыдзӕн.

Рӕзты агентады руаджы хъуамӕ фӕзына донхорыггӕнӕн хызӕджы рӕзты программӕ. Уый царды куы рауадзӕм, уӕд куыстады бӕрц зынгӕ фӕфылдӕр уыдзӕн.

Хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министрад Рӕзты агентадимӕ иумӕ бацӕттӕ кодтой, агропромышленнон комплексы ӕппӕт рахӕцӕнтыл чи ‘ххӕссы, ахӕм 16 программӕйы. Цыппар азмӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр фыстӕ ӕмӕ сӕгъты нымӕц, стурвос та — 40 проценты бӕрц. Уый фӕрцы фӕфылдӕр ӕхсыры ӕрдыгъд.

Уыдон хуымӕтӕг бӕрӕггӕнӕнтӕ не сты — уый у, ӕхсыргуыстгӕнджытӕ кӕй банкъардтой, ахӕм хъӕууонхӕдзарадон продукци. Дыууӕ азы размӕ дӕр ма сын ӕхсыр нӕ фаг кодта. Ныр та сагъӕс кӕнынц сӕ куыстадон ифтонггӕрзты хъомысыл, ацы ран та спайда кӕнын хъӕуы паддзахадон ӕххуысы гӕнӕнтӕй.

Фыццагдӕр нӕ не ‘ргом аздахын хъӕуы кооперацийы рӕзты федералон проекты гӕнӕнтӕм. Уӕд нӕм фӕзындзӕн фидар технологон хъуыддаг: ӕхсыр райсынӕй кӕройнаг продукцийы рауагъды онг. Уыцы хъуыддагмӕ ныридӕгӕн бавнӕлдтам, фарон нӕм фӕзынд 8 ног кооперативы. Ӕххӕссынц фыстӕ дарыныл, ӕхсырдӕттӕг хъуццытӕ дарыныл, кӕсагдарынадыл, халсарты куыстыл. Гранттӕ уыцы нысантӕн радих кодтой 117 милуан сомы.

Ахӕм кооперативтӕ хъуамӕ ӕппӕт республикӕйы дӕр фӕзына, уыдоны бындурыл та ис халсартӕ ӕмӕ дзидзагуыстгӕнӕнтӕ байгом кӕнӕн. Дарддӕр бавналӕн ис хор ӕмӕ халсартӕм. Нӕ размӕ ӕвӕрӕм районты кооперативтӕ республикон куыстуаты баиу кӕныны хӕс, афтӕмӕй куыстады бӕрц фылдӕр кӕндзӕн, афтӕ — хъӕууонхӕдзарадон продукци бакусыны гуырахст дӕр.

Кӕд ӕмӕ 2016 азы базарадмӕ кӕсаг рахастой 200 тоннӕйы, уӕд фарон 2,5 мин тоннӕмӕ схӕццӕ. Уый нӕ республикӕйӕн у тынг хорз бӕрӕггӕнӕн, ацы аз дӕр ыл бафтдзӕн, ууыл хъӕуы кусын. Агропромышленнон комплексы тагъд рӕзт ӕнӕ нырыккон агро-хойраджы инфраструктурӕйӕ нӕ бантысдзӕн. Ныридӕгӕн нӕм фӕзындис халсартӕ, картофӕфснайӕнтӕ, ис дзы хъӕугӕ нырыккон ифтонггӕрзтӕ. Ныр та бацархайын хъӕуы, цӕмӕй бынӕттон продукци йе ‘лхӕнджыты ссара. Уым ма ис лыггӕнинаг фарстытӕ.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, Цӕгат Ирыстонмӕ цы егъау базарадон кусӕндӕттӕ ӕрбацыд, уыдонимӕ ӕмгуыстады мадзӕлттӕ саразыны, бынӕттон товаруадзджытӕн сӕ продукцийы 30 проценты дуканиты равӕрыны хӕс.

Иуӕй-иу хъӕууонхӕдзарадон культуртыл ӕппынӕдзух кусӕм, фӕлӕ хъуамӕ куыстадмӕ хӕссӕм, фылдӕр ӕфтиӕгтӕ чи дӕтты, ахӕм ног хуызтӕ дӕр. Фӕзынди нӕм Уӕрӕсейы ӕппӕты стырдӕр спаржӕйы быдыр, дарддӕр дӕр ахӕм нысантыл хъӕуы архайын.

Агропромышленнон комплексы рӕзт фидар баст у хӕххон бынӕттимӕ, уыцы фарстыл куыст цӕуы. Хӕхбӕсты хорз бантысид дыргъцӕхӕрадӕтты, фыстӕ дарыны, ӕхсыры куыст кӕныны, агротуризмы хъуыддӕгтӕ. Дӕргъӕвсгомы аст гектарыл бындур сӕвӕрдтам кӕрдойы бӕлӕстӕн. Уыналы архайынц ӕхсыркусӕг цех байгом кӕныныл. Ахӕм нысантӕ ӕвӕрынц сӕ размӕ Мӕздӕджы ӕмӕ ӕрӕфы районты амалхъомтӕ дӕр.

Ӕхсызгон у, нӕ фӕсивӕдӕй бирӕтӕ хӕхбӕстӕм цӕрынмӕ ӕмӕ кусынмӕ ацӕуынвӕнд кӕй скодтой, уый. Зӕгъӕм, Хохы Карцайы ӕрыгон лӕппутӕ бавнӕлдтой стурвос дарынмӕ, мах ахӕм хъӕппӕрисджын адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, хъуамӕ сӕ куыстад парахатдӕр кӕна. Хохы Карцайы нырма бирӕ ис зӕрӕстон зӕххытӕ, ис фадат, иумӕйаг пайдайаг хъуыддаджы уӕлхъус балӕугӕйӕ дзы ӕрыгӕттӕ коопераци куы байгом кӕниккой, уымӕн.

Ацы аз уал уыцы фермӕмӕ бацӕуӕнтӕм базилдзыстӕм. Ӕрмӕст фарон республикӕйы хъӕууон хӕдзарады объекттӕм хонӕг фӕндӕгтӕй базылдыстӕм 7,2 километрмӕ. Уавӕртӕ аразгӕйӕ, нӕ бон у хӕххон фӕзуӕтты рӕзтыл дзурын, уӕд цӕрджытӕ дӕр сӕхицӕн уым куыстытӕ ӕнцондӕрӕй ссардзысты.

Ацы хъуыддаджы сын хорз фӕахъаз ис национ проект, «Агростартап», зӕгъгӕ, гранттӕ райдайгӕ амалхъомтӕн радтам 180 милуан сомӕй фылдӕр. Ацы проектмӕ гӕсгӕ 2024 азмӕ республикӕйы хъӕууон хӕдзарадӕн радих кӕндзысты 1 миллиард сомӕй фылдӕр. Хъӕуккаг цӕрӕн бынӕтты хъуыддаг байгом кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн уый у диссаджы хорз гӕнӕн.

Хъуамӕ республикӕйы Хицауад уыцы хъуыддагыл рӕвдздӕр бакуса, уымӕй ног куысты бынӕттӕ саразынӕн баххуыс кӕна, адӕмӕн сӕхи фӕдарынӕн скӕна фадӕттӕ.

Бавнӕлдтам уал бинонтӕ фӕдарынӕн ахъазгӕнӕг сӕрмагонд проект царды рауадзынмӕ. Хъӕрмуӕттӕ балхӕныны охыл 21 адӕймагӕн ерысы бындурыл радих кодтам 19 милуан сомы.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, хӕххон фӕзуӕтты рӕзты программӕйы ӕххуысы мадзӕлтты фӕрцы кусгӕ чи кӕны, уыцы фермертӕ ӕмӕ, ахӕм нысан чи ӕвӕры, уыцы адӕймӕгтӕн алывӕрсыг ӕххуыс бакӕныны хӕс. Уыцы куыст ныридӕгӕн райдыдтам.

Хъӕуккаг бынӕтты рӕзт ӕнӕ фӕндӕгтӕ, скъолатӕ, культурӕйы хӕдзӕрттӕ, амбулаторитӕ, коммуникацитӕ нӕ бантысдзӕн. Ӕрмӕстдӕр царды аккаг уавӕртӕ бауромдзысты хъӕуты фӕсивӕды, ацы ран хорз фӕахъаз уаиккой национ проекттӕ. Хъӕуккаг бынӕтты чи цӕры ӕмӕ кусы, ахӕм 168 бинонтӕн уал нацпроектты фӕрцы радих кодтам субсидитӕ. Ныр сӕ бон бауыдзӕн сӕ цӕрӕнуӕтты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын. Ацы бӕрӕггӕнӕн пъланӕй у 1,5 хатты фылдӕр, дыууӕ азы размӕ нӕ бон баци 24 бинонтӕн баххуыс кӕнын.

Ацы азӕй Хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министрад хъӕуккаг фӕзуӕтты рӕзты ног паддзахадон программӕйы фӕрцы ӕрмӕст субсидитӕ нӕ дих кӕндзӕн, фӕлӕ ма баххуырсыны бадзырдмӕ гӕсгӕ цӕттӕ хӕдзӕрттӕ дӕтдзӕн. Уымӕй хъӕуккӕгты цард зынгӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ацы паддзахадон программӕмӕ гӕсгӕ уал бавнӕлдтам хъӕуккаг бынӕтты инженерон ӕмӕ социалон инфраструктурӕ аразынмӕ.

Стыр куыст цӕуы промышленностмӕ инвестицитӕ бахӕссыныл дӕр. Раздӕры завод «Фронтон»-ы бындурыл бавнӕлдтам дур уадзыны бӕрзонд технологон куыстадмӕ, рӕхджы райдайдзыстӕм хъӕдӕрмӕг уадзын дӕр. Ацы ран спайда кодтам, бирӕ азты дзӕгъӕллӕуд чи кодта, уыцы бынӕттӕй. Ахсджиаг у уый дӕр, ӕмӕ кусдзыстӕм нӕхи хомагимӕ.

Фӕсарӕйнаг товартӕ бынӕттон продукцийӕ баивыны программӕмӕ хи бавӕрӕн бахӕссыны охыл хъуамӕ ацы фарстытӕ алыг кӕныныл ӕмхуызонӕй бацархайӕм.

Завод «Бином»-ы бындурыл цы индустриалон парк байгом, уырдӕм ӕрбакъахдзӕф кодтой цалдӕр куыстуаты. Нырмӕ дзы чи куыста, уыдон сӕ архайд фӕхъомысджындӕр кодтой, зӕгъӕм, «Ирыстоны сӕуӕхсид» азмӕ цыппар хатты фӕфылдӕр кодта йӕ куыстадон фӕзуат. Продукци рауагътой 40 милуан сомӕн, агуырд цӕуы социалон къабазы.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, завод «Бином»-ы ӕппӕт фӕзуӕттӕй ӕххӕстӕй спайда кӕныны тыххӕй пълан бацӕттӕ кӕныны хӕс.

Хъуыддаг куыстуӕтты нымӕцыл бафтауынимӕ баст нӕу, хъуамӕ ӕргом аздахӕм бӕрзонд технологон архайдмӕ. Завод «Янтарь»-ы бындурыл йӕ куыст кӕны, Цӕгат Кавказы федералон зылды чи ӕрбынӕттон, уыцы хӕстон техникӕ ӕмӕ бастдзинады ӕфсӕддон дӕлхайӕдты аппаратурӕ цалцӕг кӕныны цех. Паддзахадон корпораци «Ростех»-мӕ чи хауы, уыцы республикон куыстуӕттӕ къуырцдзӕвӕнӕй рахоныны охыл цы пълан фӕзынд, уый царды ӕххӕстгонд цӕуы. Фӕфылдӕр сты продукцийы рауагъд, куысты бынӕттӕ.

Завод «Радугӕ»-йы фарон байгом ног цех, ифтонггонд у нырыккон гӕрзтӕй, уадзынц дзы ахсджиаг продукци, байгом дзы ног 30 кусӕн бынаты.

Сӕйрагдӕр ӕрмӕст хъомысыл бафтауын нӕу, фӕлӕ куыстад банывыл кӕныны, фарстытӕ алыг кӕныны нын ӕххуыс кӕны Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг Цӕлыккаты Руслан. Стыр бузныг ын уӕд.

Бавнӕлдтам Дзӕуджыхъӕуы фӕндаджы хызӕг бындуронӕй рацаразынмӕ, ныридӕгӕн горӕтаг фӕндӕгты 40 километры сног кодтам. Цыппар азмӕ регионалон ӕмӕ муниципалитетты ‘хсӕн фӕндӕгтӕм базилынӕн схардз кодтам 6 миллиард сомӕй фылдӕр. Ацы аз дӕр фӕндагон хӕдзарадыл хӕрдзтӕ уыдзысты 4,8 миллиард сомы. Ахсджиагыл банымайгӕ у Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы ‘хсӕн фӕндаджы арӕзтад кӕронмӕ сӕххӕст кӕныны нысан, азы кӕрон ӕй хъуамӕ байгом кӕнӕм.

Хицауады раз ӕвӕрын хӕстӕгдӕр 5 азмӕ фӕндагон къабазы рӕзты программӕ бацӕттӕ кӕныны хӕс.

Дыууӕ азы дӕргъы куыст цӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл Культурӕ ӕмӕ фӕлладуагъды парчы рацарӕзтыл, хъуамӕ йӕ ацы азы кӕронмӕ срӕвдз кӕнӕм. Бавнӕлдтам Сабырдзинады проспектмӕ дӕр, хъуамӕ Уӕлахизы парад скӕнӕм аивгонд, рӕсугъд Сӕрибары фӕзы. Ахӕм куыстытӕ ӕрмӕст Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг хайы нӕ цӕуынц, фӕлӕ ма ӕппӕт республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты дӕр.

Сӕйрагдӕр хӕстӕй иуыл нымайӕм сыгъдӕгдзинады ӕмӕ фӕлгонцады фарст. Ацы аз бавналдзыстӕм фидар коммуналон ӕппарӕццӕгты полигон сӕхгӕнынмӕ, афтӕмӕй федералон проект «Сыгъдӕг бӕстӕ»-мӕ гӕсгӕ иннӕ аз уыцы бынат суыдзӕн цъӕхвӕлысты ӕмӕ фӕлладуагъды фӕз. 2024 азмӕ хъуамӕ сӕхгӕнӕм 9 ӕнӕзакъон бырондоны, фидар коммуналон ӕппарӕццӕгтимӕ архайд домы бӕрзонд технологон куыстад. Ацы аз райдайдзӕн, 300 мин тоннӕйы бырӕттӕ афӕдзмӕ чи кусдзӕн, ахӕм комбинаты арӕзтад.

Республикӕйы Хицауады раз ӕвӕрын, ацы аз проектон-хӕрдзты документаци бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕппарӕццӕгтимӕ фӕзуӕттӕ сӕхгӕныны куыстытӕм 2021 азы бавналыны хӕс.

Рагӕй дӕр стыр экологон зиан чи хаста, уыцы дыууӕ бынаты — Уыналы ӕмӕ Фыййагдоны ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕнтӕ, ӕхгӕд ӕрцыдысты. Ивгъуыд азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, нӕ республикӕйы ӕрдзон фӕрӕзты ӕмӕ экологийы министрад Цӕгат Кавказы ӕмӕ Хуссайраг федералон зылдты хъӕды ахастдзинӕдты къабазы бацахста фыццаг бынат.

Республикӕйы Хицауад хъуамӕ дарддӕр архайа Цӕгат Ирыстоны хъӕды фонд бахъахъхъӕнын ӕмӕ фӕфылдӕр кӕныныл.

Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон фӕрӕзтӕй пайда кӕнынӕй ӕппӕт ӕмвӕзады бюджеттӕм фарон хъалонтӕ пъланӕй фылдӕр ӕрбафтыд 64 проценты бӕрц.

Фадӕттӕ ӕмӕ ма гӕнӕнтӕ ис, уымӕ гӕсгӕ хъалонтӕ ӕмбырд кӕныныл Хицауады дарддӕр дӕр хъӕуы ӕнӕрынцойӕ архайын.

Республикӕйы цӕрджытимӕ фембӕлдтыты рӕстӕг рӕгъмӕ рахӕссынц алыхуызон тыхстаг фарстытӕ, зӕгъӕм, донивылдтытӕ хъӕутӕ ӕмӕ цӕрджыты кӕй бахъыгдарынц, уый. Фарон цӕугӕдӕтты донвӕдтӕ расыгъдӕг кӕныны охыл балхӕдтам сӕрмагонд техникӕ. Ӕнӕхъӕн аз куыстой Алагиры районы, иннӕ бынӕтты дӕр уыцы хъуыддӕгтыл хъӕуы бацархайын. Федералон нысанмӕарӕзт программӕты фӕрцы цӕугӕдӕтты былгӕрӕттӕ фидаргонд ӕрцыдысты.

Ӕххӕстгӕнӕг хицаудзинады оргӕнтӕ мӕ уынаффӕйӕ скодтой донӕфсисады хызӕджы ӕххӕст инвентаризаци, уый фӕрцы сбӕрӕг сты, ӕвӕстиатӕй рацаразын кӕй хъӕуы, ахӕм объекттӕ. Цӕмӕй йӕ иу хатт ӕмӕ хуызӕнӕн алыг кӕнӕм, уый тыххӕй бахъӕудзӕн 10 миллиард сомӕй фылдӕр. Сыгъдӕг, хӕрзхъӕд нуазыны донӕй хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕ сифтонг кӕныны хъуыддӕгтӕ къухы бафтдзысты федералон проект «Сыгъдӕг дон»-ы фӕрцы.

Уый руаджы уал фарон донӕфсисады фарстытӕ алыг кодтам цалдӕр районы, ацы аз бавналдзыстӕм Хъӕдгӕрон, Ногир, Джызӕл, Уӕллаг ӕмӕ Дӕллаг Санибайы хъӕуты донуадзӕнтӕ ивынмӕ. Нӕ бӕстӕйы разамынд нӕ цуры балӕууыдысты Беслӕны социалон-экономикон рӕзты мадзӕлттӕ царды рауадзыны. Рӕхджы бавналдзыстӕм горӕты сыгъдӕггӕнӕнтӕ рацаразынмӕ, хӕстӕгдӕр 5 азы Беслӕны сараздзыстӕм донӕфсисады ног хызтӕ ӕмӕ донуадзӕнтӕ.

Ацы ран республикӕйы Хицауад Рахизфарсы районы разамонджытимӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй бацӕттӕ кӕной проектон- хӕрдзты ӕппӕт хъӕугӕ документаци.

Кӕддӕриддӕр ахсджиаг у республикӕйы нывылдзинады ӕмӕ адӕмы царды хӕрзхъӕддзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны хӕс, уый охыл нӕм ис иумӕйаг ӕдасдзинады паддзахадон программӕ. Ӕнтыстджынӕй ӕххӕстгонд цӕуы. Цӕмӕй фӕндагон-транспортон бӕллӕхты нымӕц фӕкъаддӕр уа, уый тыххӕй пайда кӕнӕм автоматизацигонд цӕстдарӕн хызӕгӕй, кӕронмӕ ахӕццӕ сты ӕвӕстиатӕй ӕххуысгӕнӕг службӕтӕм фӕдзурыны иумӕйаг хызӕг саразыны куыстытӕ.

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы ӕртӕ районы кусы ӕвӕстиат цауты тыххӕй адӕмӕн фехъусын кӕныны иумӕйаг системӕ, азы кӕронмӕ дзы ӕппӕт районтӕ дӕр ифтонггонд ӕрцӕудзысты. Ацы ӕмӕ иннӕ мадзӕлттӕ зынгӕ фӕкъаддӕр кӕндзысты фыдракӕндты нымӕц.

Наркотикты ӕнӕзакъон зилдухимӕ тохы мадзӕлттӕ ноджы фӕтыхджындӕр кӕнын хъӕуы. Кӕд ацы хъуыддаджы бӕлвырд ӕнтыстдзинӕдтӕ ис, уӕд, бонӕй-бонмӕ наркотиктӕн цы ног хуызтӕ фӕзыны, уыдонӕн ныхмӕлӕуды гӕрӕнтӕ сты ахъуыдыйаг. Ныридӕгӕн никотинхъӕстӕ снюстӕ апарахат сты ахуырдзауты ӕхсӕн. Хъуамӕ снюс уӕйгӕнджытӕ, чи сӕ парахат кӕны, уыдоны ныхмӕ пайда кӕнӕм, республикӕйы Парламент цы закъоны проектыл кусы, тагъд кӕй сфидар кӕндзысты, уымӕй. Хъуамӕ уыцы тохы балӕууой ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ, уӕд ӕппӕт мадзӕлттӕ уыдзысты ахадгӕдӕр.

Фыдракӕндтӕ, экстремизм ӕмӕ терроризм, коррупциимӕ тох — куыд сӕйраг нысан, афтӕ нӕ размӕ сӕвӕрдта Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка дӕр. Ӕппынӕдзух нӕ нӕ хъус дарын хъӕуы, бюджетон ӕхца сӕ нысаныл куыд ӕмбӕлынц, уымӕ. Коррупцион ӕмӕ куысты бынатӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны бархӕлдтытӕ ма ‘руадзыны хорз ахъаз у, республикӕйы Хицауад йӕ куыст ӕргомӕй кӕй аразы, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ йын хъуыддаджы ахастдзинӕдтӕ кӕй ис, уый.

Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй абон стырдӕр ӕргом здӕхт цӕуы коррупцийы фӕстиуджытимӕ тохмӕ, йӕ аххосӕгтӕ та иуварс аззайынц. Хъуамӕ паддзахад дӕр, ӕхсӕнад дӕр, хицӕн адӕймӕгтӕ дӕр иумӕйагӕй тох кӕной коррупциимӕ. Уыцы фӕзындӕй тынг тыхсынц амалхъомтӕ дӕр. Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты куыстӕй уӕлдай ма аиуварс кӕнын хъӕуы, амалхъомты размӕ цы административон цӕлхдуртӕ ис, уыдон дӕр. Хъуамӕ нӕ бон уа, коррупцион тӕссагдзинӕдтӕ цы ран ӕрӕмбырд сты, уыдон рагацау иртасын ӕмӕ сӕ иуварс кӕнын.

Республикӕйы социалон-экономикон рӕзты сӕйрагдӕр рахӕцӕныл банымайгӕ у фидар ӕхсӕнадон-политикон нывыл уавӕр. Хицаудзинады ӕппӕт къабӕзтӕ рагӕйдӕр кусынц кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, се ‘хсӕн ис хъуыддаджы ахастдзинӕдтӕ. Парламентимӕ ӕмархайд ӕвӕрд у бӕрзонд ӕмвӕзадыл, депутаттӕ се ‘мбырдты байхъусынц Хицауады уӕнгтӕм, иннӕ бӕрнон ведомствӕты разамонджытӕм. Республикӕйы Хицауады цур цы уынаффӕгӕнӕн алыхуызон советтӕ кусы, уырдӕм хуынд ӕрцыдысты депутаттӕ дӕр. Ахӕм ӕмархайд хорзӕрдӕм зыны иумӕйаг уавӕрыл.

Фарон Парламент ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитимӕ иумӕ сфидар кодтам ӕхсӕнадон палатӕйы ног уӕнгты, уырны мӕ, граждайнаг ӕхсӕнады ацы раззагдӕр структурӕ дарддӕр дӕр паддзахадон хицаудзинадимӕ иумӕ архайдзӕн социалон фарстытӕ лыг кӕныныл. Цӕмӕй ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты адӕм архайой, уый тыххӕй районты дӕр скодтам ӕхсӕнадон советтӕ, уӕдӕ ӕхсӕнадон ӕххуысгӕнджытӕ дӕр хорз фӕахъаз сты.

Мах хъуамӕ тыхджын ныхкъуырд дӕттӕм, адӕмты ӕмӕ динты ‘хсӕн ардауӕн ӕмӕ амидингӕнӕн куыст чи кӕны, уыдонӕн. Республикӕйы Сӕргълӕууӕджы цур скодтам дины иугӕндтимӕ ӕмгуыстады совет, йӕ сӕйрагдӕр хӕс у алыхуызон динты минӕвӕртты, организациты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ быхсондзинад фидар кӕнын.

Хъуамӕ нӕ хуссайраг ӕфсымӕртимӕ рапарахат уа ӕмгуыстад ӕппӕт ӕмвӕзады дӕр. Хорз ӕнтысынц бастдзинӕдтӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕрыгон ахуыргӕндты ӕхсӕн, иумӕйаг хъарутӕ лӕвӕрд цӕуынц сфӕлдыстадон ӕмӕ наукон-рухстауӕн проекттӕ царды рауадзынмӕ. Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитет хъуамӕ стыр ӕргом аздаха журналисттӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, уӕлдайдӕр та — ирон ӕвзагыл кусӕг дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕн.

Ирыстонӕй дард цы ирӕттӕ цӕры, уыдоны кӕстӕртӕн хорз ахъаз фӕвӕййы этнолагер «Аланский след». Уый фондз азы дӕргъы ӕрӕмбырд кодта фӕсарӕнты ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр регионты цӕрӕг сӕдӕгай ирон лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты.

Ацы культурон-ахуырадон проекты ахадындзинад нымайгӕйӕ, республикӕйы Хицауады размӕ ӕвӕрын этнолагеры географи фӕпарахатдӕр кӕнын, йӕ архайджыты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны хӕс.

Цӕгат Ирыстон кӕддӕриддӕр архайдта ӕмӕ ныр дӕр кусы регионты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ фидар кӕныныл, ис ын хорз ӕмгуыстад сӕ разамонджытимӕ. Уӕдӕ стырдӕр регионты цы ирон ӕхсӕнадтӕ ис, уыдоны цардмӕ дӕр стӕм къӕрцхъус. Нӕ республикӕйӕн Уӕрӕсейы регионты минӕварадтӕ байгом кӕныныл кусӕм, уырдӕм ӕрвитӕм зындгонддӕр, номдзыддӕр адӕймӕгты. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, сӕ куыстадон хъомысы, фӕлтӕрддзинады фӕрцы регионтӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ‘хсӕн пайдайаг ӕмархайды бындуртӕ сӕвӕрын нӕ бон кӕй бауыдзӕн, ууыл.

Фарон Цӕгат Ирыстон хъуыддаджы нысанимӕ бабӕрӕг кодтой Францы, Ираны, Швейцарийы, Финляндийы, Гречъы ӕмӕ Кипры фӕсарӕйнаг минӕвӕрттӕ. Бӕрӕг у, фӕнды сӕ уӕрӕсейаг Цӕгат Кавказ, комкоммӕ — Цӕгат Ирыстонимӕ хӕстӕгдӕр базонгӕ уӕвын, йӕ рӕзты гӕнӕнтӕ, ӕмгуыстады рахӕцӕнтӕ сбӕрӕг кӕнын.

Фӕнды мӕ бафиппайын ӕхсӕнадон палатӕйы, ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты, «Стыр Ныхас»-ы, национ-культурон центрты ахадгӕ куыст, сӕ иугӕнӕг архайд.

Зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Мах ацы бынӕттӕм ӕрбацыдыстӕм иунӕг нысанимӕ — нӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй. Уый у нӕ сӕйраг хӕс!

Фӕлӕ къухы бафтдзӕн ӕрмӕстдӕр иумӕйаг бавнӕлды фӕрцы. Цас сарӕзтам, ӕрмӕст уыдӕттӕ нӕ хъӕуы нымайын, фӕлӕ ма сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уыдӕттӕ дӕр. Кӕрӕдзийы цур балӕууын, уӕзы хай дӕхимӕ райсын — ӕппӕт уыцы ӕууӕлтӕй кӕддӕриддӕр хъӕздыг уыдис нӕ бирӕнацион адӕм. Мах хъуамӕ афтӕ кусӕм, цӕмӕй алы хӕдзары, алы бинонты ‘хсӕн дӕр ӕрбынӕттон уой циндзинад, фӕрныгад. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис республикӕйы рӕзты тыххӕй дзурӕн.

Стыр бузныг!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here