1941 азы цалдӕр бонмӕ хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ ӕвӕрд ӕрцыд завод «Электроцинчы» ӕмӕ коллектив хӕстон продукци уадзын райдыдта. «ӕппӕтдӕр — фронтӕн, ӕппӕтдӕр — уӕлахизӕн!» — ахӕм уыдис куыстуаты фӕллойгӕнджыты сидт.
Цехтӕ ӕмӕ хайӕдты ӕхсӕн куыст не ‘нцад ӕхсӕвӕй-бонӕй. Ахӕм адӕймаг зын ссарӕн уыд, ӕмӕ боны хӕслӕвӕрдтӕ иу ӕмӕ ӕрдӕг, дыууӕ хатты фылдӕртӕй чи не ‘ххӕст кодта. Кусджыты ацы хъӕппӕрисы руаджы 1941 азы заводы продукцийы рауагъд, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ, фӕфылдӕр 22,5 проценты.
Хӕсты фыццаг дыууӕ азы завод баййӕфта стыр зиантӕ. Фашистон бомбӕтӕ ӕмӕ сармадзаны нӕмгуытӕй хӕлдысты цехты бӕстыхӕйттӕ, кусӕнгӕрзтӕ, цӕрӕн хӕдзӕрттӕ. Сӕрмагонд къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕппӕт зиантӕ схӕццӕ сты 14,5 милуан соммӕ.
Фӕлӕ коллектив зындзинӕдтӕй нӕ фӕтарст. Кусджытӕ сӕ цӕнгтӕ арфдӕр бафистӕг кодтой ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ байгас сты заводы риссагдӕр хъӕдгӕмттӕ. Знаджы фыдӕнӕн ноджы хъазуатондӕрӕй бавнӕлдтой фӕллоймӕ. Дзӕуджыхъӕуы Хъахъхъӕнынады комитеты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, куыстуат хӕстон продукт «В» ӕвӕстиатӕй уадзын райдыдта.
Хӕсты рӕстӕджы ӕнцон нӕ уыдис хӕцӕнгӕрзтӕ уадзын. Заводы специалисттӕ бирӕ фыдӕбон кодтой, уӕлдайдӕр та химион цехы фӕллойгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг инженер Гусаты Ольгӕ. Ӕрыгон адӕймаг зӕрдиагӕй бацархайдта ӕмӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ йӕ коллектив уадзын райдыдта гранаттӕ Ф-1, РГД-33, судзӕн тӕнгъӕд ӕвгты кондӕй, ракетон установкӕ «М-13»-ы хицӕн хӕйттӕ.
Хӕцӕнгӕрзтӕ уадзыныл заводы коллектив бирӕ хъарутӕ хардз кодта. Ӕрмӕст 1942 азы мартъийы завод рауагъта 50 мины схъисджын бомбӕтӕ «АО-25» ӕмӕ 600 хӕлӕн бомбӕ «ФАБ-100»-тӕ.
Заводы кусджыты размӕ иудадзыг ӕвӕрд цыд ног ӕмӕ ног вазыгджын хӕстӕ. 1942 азы тугкалӕн хӕстытӕ бацайдагъ сты Цӕгат Кавказы. Фӕскавказы фронты заказмӕ гӕсгӕ, коллектив цӕттӕ кӕнын райдыдта танкты ныхмӕ хӕцӕн ӕвзалы электродтӕ ӕмӕ фосфор минӕтӕн. Ацы ахсджиаг ӕрмӕг 1942 азы октябрӕй фӕстӕмӕ, пълан 5 тоннӕйы уӕвгӕйӕ, химион цех уагъта 10 тоннӕйы алы мӕй дӕр.
Хӕсты рӕстӕджы намысджын металлургтӕ ӕрмӕст хӕцӕнгӕрзтӕ нӕ уагътой. Бӕстӕйы заводты ӕхсызгон хъуыдысты алыхуызон згъӕртӕ, ӕмӕ коллектив, эвакуацийы фӕндаджы къуыритӕй фӕстӕмӕ, иу бон дӕр нӕ фӕкъуылымпы кодта сӕйраг продукци уадзыны куыст. Цехтӕ ӕмӕ хайӕдтӕ, хӕсты размӕйы азтимӕ абаргӕйӕ, дзӕвгар фылдӕр лӕвӕрдтой цинк, зды, сондоны туагад, кадми ӕмӕ ӕндӕр хуызджын згъӕртӕ.
Стыр хъӕппӕрис равдыстой заводы инженерон-техникон кусджытӕ. Сӕ ӕвӕллайгӕ фӕллойы руаджы ӕппӕты фыццаг нӕ бӕстӕйы 1941 азы куыстадон хауӕццӕгтӕй ист ӕрцыд кобальт. Ацы згъӕр та ӕхсызгонӕй хъуыдис танктӕ аразӕн промышленносты. Заводы фӕллойгӕнджыты ӕнувыд куысты руаджы алыхуызон концентраттӕй цехты фылдӕр исын райдыдтой цинк, зды, ӕрхуы, сондоны туагад, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин.
Бирӕгӕйттӕй…
Заводтӕ ӕмӕ фабрикты фӕллойгӕнджытӕ стыр арӕхстдзинад равдыстой хӕсты фыццаг бонты. Рационализатортӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыгӕнджыты сфӕлдыстадон мадзӕлтты руаджы цехты техникон фӕрӕзтӕй пайдагонд цыди бынтон ӕндӕрхуызон продукци уадзынӕн.
Хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ горӕты Крахмалгӕнӕн завод бирӕгӕйттӕй уадзын райдыдта алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕ. Коллектив фӕлварӕнӕн цы авиацион бомбӕ ӕмӕ минӕтӕ бацӕттӕ кодта, уыдонӕн хӕстон специалисттӕ стыр аргъ скодтой ӕмӕ сӕ ифтонг кӕнын райдыдтой Сырх ӕфсады.
Хъӕдгуыстгӕнӕн завод «Сырх тырыса»-йы коллектив дыууӕ бонмӕ 14 станочы ӕрӕвӕрдта ног арӕзт цехы. Кусджытӕ сарӕхстысты ӕхсаргӕрдты фистонтӕ ӕмӕ кӕрддзӕмтӕ уадзынмӕ, суткӕмӕ — 7-8 фондзыссӕдзы.
Диссаджы арӕхстджын разындысты заводы куырдтӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕ дӕр. Ӕнӕкъуылымпыйӕ арӕзтой бричкӕтӕ, саргъы хъӕдын хӕйттӕ, ӕгъдӕнцӕйттӕ ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ. Фронт Дзӕуджыхъӕумӕ куы ӕрбаввахс, уӕд та цех бирӕгӕйттӕй уадзын райдыдта минӕ «ЯМ-5».
Канд хӕцӕнгарз ахсджиаг нӕ уыд хӕсты рӕстӕджы. Дзӕуджыхъӕуы хъахъхъӕнынады комитеты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Цӕрмгуыстгӕнӕн заводӕй гӕрз ӕмӕ сӕракӕй конд алыхуызон дзаумӕттӕ ӕрвыст цыдысты бӕхджын ӕфсады хӕйттӕн. Хӕсты райдайӕнӕй ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ саргъы бӕхы дзаумӕттӕ фронтӕн ӕрвыст ӕрцыд 27310 фӕлысты. Фӕстӕдӕр та заводы фӕллойгӕнджытӕ фысдзӕрмттӕй цӕттӕ кӕнын райдыдтой хуыссӕн голджытӕ, хъӕццултӕ.
Уӕдӕ С.М. Кировы номыл хуыйӕн фабричы коллективы фӕллойӕн дӕр уыдис стыр ахадындзинад. Куыстуаты цехты ӕвзонг чызджытӕ ӕмӕ ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ алыхуызон уӕлӕдарӕс хуыдтой Сырх ӕфсадӕн. Нӕлгоймаджы мидӕггаг дзаума хуыйыны пълан 1941 азы дыккаг ӕмбисы ӕххӕстгонд ӕрцыд 318,2 процентӕй. Ӕхсӕз мӕймӕ хуыйджыты къухтӕй рацыди бӕмбӕджджын хӕлӕфтӕ — 36,8 мины, телогрейкӕтӕ — 34,8 мины, нӕлгоймаджы хӕдӕттӕ — 57,2 мины ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ.
Хӕсты фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Цъындадзаумайы фабрик уадзын райдыдта ӕфсӕддон уӕлӕдарӕс. Коллектив хӕсты райдайӕны ӕхсӕз мӕймӕ фронтӕн бацӕттӕ кодта мидӕггаг дзаума — 26662 фӕлысты, цъында хӕдӕттӕ — 4285 ӕмӕ хъуырбӕттӕнтӕ — 20 мины.
Госпитӕлтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон хӕйттӕн горӕты ӕрмадзтӕ дӕр цӕттӕ кодтой алыхуызон уӕлӕдарӕс. Хӕсты фыццаг ӕртӕ мӕйы уыдон бахуыдтой ӕмӕ фронтӕн арвыстой хъусджын худтӕ — 670, уӕлдзарм жилеттӕ — 700, медицинон ӕмӕ санитарон халаттӕ — 2400, сӕрбӕттӕнтӕ — 370, хисӕрфӕнтӕ — 1000 ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй горӕты ӕрмадзтӕ хӕцӕг ӕфсадӕн продукци арвыстой 94 милуан сомы аргъ.
Ӕрмӕджытӕ бацӕттӕ кодта ТОХСЫРТЫ Къоста














