Куыд иннӕ хӕттыты, афтӕ та ныр дӕр нӕ бӕстӕйы сӕйрагдӕр паддзахадон бӕрӕгбӕттӕй иу — Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны агъоммӕ Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ мысыдысты, Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд йӕ цард чи снывонд кодта, уыцы хъӕбатырты нӕмттӕ, стӕй кад кодтой хӕсты ветерантӕ ӕмӕ Гӕрзифтонг тыхты ныртӕккӕйы службӕгӕнджытӕн.
Номарӕн мадзӕлттӕ райдыдтой Дзӕуджыхъӕуы Намысы мемориалы. Фыдыбӕстӕйы хъӕбатырты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ уырдӕм ӕрбацыдысты хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закъонӕвӕрӕг оргӕнты бӕрнон кусджытӕ, тыхы структурӕты, ветеранты ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ…
«Ӕнусон арт» ӕмӕ иннӕ цыртдзӕвӕнты раз, Советон Цӕдис ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хъӕбатырты ингӕнтыл дидинджытӕ сӕвӕрдтой Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, республикӕйы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджытӕ, ӕхсӕнадон ӕмӕ дины организациты минӕвӕрттӕ.
Мадзалы архайджытӕ, иу минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, ссардтой Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рухс нӕмттӕ. Уый фӕстӕ номарӕн мадзалы архайӕг адӕмы раз кадджын рацыд сарӕзтой ӕфсӕддон службӕгӕнджыты дӕлхайӕдтӕ.
Уыцы бон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ дидинджытӕ ӕмӕ дидинӕгбӕстытӕ сӕвӕрдтой иннӕ ӕфсӕддон мемориалтӕ ӕмӕ хӕстонты ӕфсымӕрон ингӕнтыл.
Фӕстӕдӕр Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл театры уыд кадджын ӕмбырд.
Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны кадӕн фембӕлды архайдтой хицауадон оргӕнты разамонджытӕ, Парламент ӕмӕ Хицауады уӕнгтӕ, политикон партитӕ ӕмӕ национ-культурон ӕхсӕнадты минӕвӕрттӕ… Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕмбырды ӕппӕты зӕрдӕзӕгъгӕдӕр уазджытӕ уыдысты, абон ма не ‘хсӕн чи ис, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты уыцы ветерантӕ.
Ӕмбырды арфӕйы ныхас загъта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Фыдыбӕстӕйы сӕраппонд йӕ цард чи снывонд кодта, уыцы хъабатырты ном ссаргӕйӕ, Битары-фырт бузныг загъта, абон ма йӕ кӕстӕрты цӕрайӕ чи цӕры ӕмӕ ма бирӕ цӕрӕнбонтӕ нӕ зӕрдӕ кӕмӕн зӕгъы, уыцы ветерантӕн.
— Не Стыр Фыдыбӕстӕйы героикон историйы азфысты ирд фӕд ныууагътой Ирыстоны минӕвӕрттӕ. Нӕ адӕм фыдӕй-фыртмӕ цы хъӕздыг традицитӕ дӕттынц, уыдонӕй иу у Фыдыбӕстӕйыл иузӕрдиондзинад ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд цард раттынмӕ цӕттӕ уӕвын. Абон нӕ кадджын ӕмбырды архайынц, фашистон ӕрдонгты ныхмӕ удуӕлдайӕ чи тох кодта, уыцы хъӕбатыртӕ, ам сты Гӕрзифтонг тыхты службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ветерантӕ. Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ! ӕнӕниз ӕмӕ ӕнтыстджын ут, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.
Хӕсты ветеранты къордӕн республикӕйы Сӕргълӕууӕг радта «1941-1945 азты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы» юбилейон майдантӕ, 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджыты къордӕн та саккаг кодтой РЦИ-Аланийы Кады грамотӕтӕ.
Уый фӕстӕ уыд стыр концерт, 23 февралы изӕрӕй та — бӕрӕгбоны салют.
















