Знон Уӕрӕсейы Президент Владимир Путинӕн кусӕг фембӕлд уыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславимӕ.
Республикӕйы разамонӕг паддзахады разамонӕгӕн бӕстон радзырдта регионы социалон-экономикон уавӕры, стӕй ахсджиагдӕр инвестицион проекттӕ ӕххӕст кӕныны, фӕндӕгты арӕзтады, туризм ӕмӕ иннӕ къабӕзты вазыгджын программӕтӕ ӕххӕст кӕныныл.
Фембӕлды райдайӕны Битарты Вячеслав Президентӕн зӕрдиаг бузныг загъта, Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтмӕ бӕстон йӕ цӕст кӕй дары, уый тыххӕй. Республикӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, ахӕм рӕдау цӕстдарды фӕрцы республикӕ ӕххӕст кӕны, адӕмы цардыл хорзӕрдӕм цы ахсджиаг проекттӕ зыны, уыдон.
— Бузныг дӕ стӕм, республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл федералон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕн цы бӕстон амынддзиндтӕ радтыс, уый тыххӕй. Уыцы уынаффӕтӕ ӕркӕнынц, адӕмы цардыл зӕрдӕзӕгъгӕ хуызы чи фӕзыны, уыцы бӕлвырд ӕвӕрццӕг хъуыддӕгтӕм, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.
Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ирд дӕнцӕг у Зӕрӕмӕджы ГЭС-ы арӕзтад. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрӕджы ГЭС-1 кусын райдыдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ахсджиаг объект зынгӕ фӕхъомысджындӕр кӕндзӕн ӕппӕт Цӕгат Кавказы гидроэнергетикон комплекс, Цӕгат Ирыстон та хи электрон тыхӕй ӕфсӕст цӕудзӕн 70 проценты бӕрц (уыцы бӕрӕггӕнӕн ныронг уыд ӕрмӕстдӕр 20 проценты).
Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 байгом кӕныны фӕдыл кадджын ӕмбырды архайдта УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Юрий Борисов дӕр. Уый фӕстӕдӕр Владимир Путинимӕ фембӕлды куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ног станцӕ зынгӕ фӕфидардӕр кӕндзӕн республикӕйы экономикон хъомыс.
Битарты Вячеслав Президентӕн цы ахсджиаг хъуыддӕгты кой ракодта, уыдонӕй иу — автомобилон фӕндаг «Хурыхъӕу — Малгобек — Мӕздӕг»-ы бындурон рацарӕзты фӕдыл дӕр Владимир Путин радта сӕрмагонд амынддзинӕдтӕ. Ӕмӕ фарон фӕндаджы рацарӕзтмӕ бавнӕлдтой. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй 2020 азы кӕронмӕ куыстытӕ ахицӕн уыдзысты.
2019 азы къухы цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бафтыд, уыдонӕй иу — курорт «Мамысон»-ӕн лӕвӕрд ӕрцыд сӕрмагонд экономикон тӕлмы статус. Уыцы ӕууӕл фадат ратдзӕн, цӕмӕй фидӕны курорты арӕзтадмӕ фылдӕр ӕргом раздахой стыр инвестортӕ, уымӕн ӕмӕ ацы сӕрмагонд статус алыхуызон зӕрдӕдарӕнтӕ дӕтты, арӕзтады чи архайа, уыцы компанитӕн. Уыимӕ, 2019 азы цӕттӕгонд ӕрцыд курорты фыццаг къӕпхӕны арӕзтады проектон-хӕрдзты документаци дӕр.
— «Мамысон»-ы фыццаг къӕпхӕны арӕзтады проект ныртӕккӕ ис паддзахадон экспертизӕйы, ныридӕгӕн куыстытӕ райдайынӕн дихгонд ӕрцыд 1,1 миллиард сомы. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, проекты фӕдыл арӕзтадон куыстытӕ афойнадыл кӕй райдайдзысты, ууыл. Уыцы проекты фӕрцы республикӕйы фӕзындзӕн 3 мин кусӕн бынатӕй фылдӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Мамысон»-ы фӕзынд хорзӕрдӕм сахаддзӕн бюджеты ӕфтиӕгтыл дӕр. Ӕмӕ сӕйрагдӕр та — зынгӕ сырӕздзӕн Ирыстоны туристон хъомыс, — загъта Битарты Вячеслав.
Куыд иннӕ уӕрӕсейаг регионтӕ, афтӕ Цӕгат Ирыстон дӕр 2019 азы бавнӕлдта вазыгджын фыццаградон национ проекттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы ахсджиаг программӕты фӕрцы ахадгӕдӕр хуызы лыггонд ӕрцӕудзысты регионтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕ. Фарон РЦИ-Алани парахатӕй архайдта 17 сӕрмагонд паддзахадон программӕты дӕр. Республикӕйы социалон-экономикон рӕзты проекттӕ ӕмӕ программӕтыл хардзгонд ӕрцыд 15,3 миллиард сомы бӕрц (уыдонӕй 13,6 миллиард сомы — федералон бюджеты фӕрӕзтӕ, 0,9 миллиард сомы — республикӕйы бюджетӕй ӕмӕ 0,8 миллиард сомы — ӕнӕбюджетон гуырӕнтӕй). Уыимӕ, национ проектты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ивгъуыд азы арӕзт ӕмӕ цалцӕгонд ӕрцыдысты цалдӕр ахсджиаг социалон объекты: рынчындӕттӕ ӕмӕ поликлиникӕтӕ, фелсырон-акушерон пункттӕ, рӕвдауӕндӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ, культурӕйы хӕдзӕрттӕ.
Владимир Путин хорз аргъ скодта, рӕвдауӕндӕттӕм рад фӕкъаддӕр кӕныныл республикӕйы разамынд куыд бакуыста, уымӕн.
— Ӕрӕджы Мӕздӕджы цы рӕвдауӕндон байгом кодтам, уым хъомыл кӕндзысты ӕфсӕддон службӕгӕнджыты сывӕллӕттӕ. Уыцы бинонтӕ рӕвдауӕндӕтты бынӕттӕм рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Фӕлӕ ныр национ проектты фӕрцы сӕ бӕллиц сӕххӕст, — радзырдта Битарты Вячеслав. Уымӕй уӕлдай, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ республикӕйы демографион уавӕр хуыздӕрӕрдӕм ивы, уыцы ӕууӕл домы, цӕмӕй ноджыдӕр арӕзт цӕуой ног скъолатӕ.
Ӕмӕ ахӕм объекттӕ арӕзт цӕуынц, зӕгъӕм, ӕрӕджы Дзӕуджыхъӕуы байгом, 500 ахуырадон бынаты кӕм ис, ахӕм ног скъола. Кӕронмӕ ахӕццӕ дыууӕ скъолайы (500 ӕмӕ 1100 ахуырадон бынатӕн) арӕзтад дӕр.
Владимир Путин фембӕлды рӕстӕг йе ‘ргом аздӕхта, скъоладзуатӕ хойрагӕй куыд ӕфсӕст цӕуынц, уыцы хъуыддагмӕ дӕр.
Фарстыл дзургӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы ныртӕккӕ кусы скъоладзаутӕн хӕринаг цӕттӕгӕнӕн комбинат. Уыцы кусӕндон скъолатӕм афойнадыл хӕринаг ӕрвиты.
Республикӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, райдайӕн кълӕсты скъоладзаутӕн ӕнӕмӕнг хуызы хъуамӕ хъарм хӕринаг лӕвӕрд цӕуа.
Куыд зонӕм, афтӕмӕй ӕрӕджы Президент Владимир Путин Федералон ӕмбырдмӕ йӕ ӕрвылазон ӕрвыстӕджы бахӕс кодта, цӕмӕй 2020 азы 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ скъоладзаутӕн лӕвӕрд цӕуа хъарм хӕринаг. Скъоладзаутӕн хъарм хӕринаг кӕнынӕн хъӕугӕ фӕрӕзтӕ дихгонд хъуамӕ цӕуой федералон, регионалон ӕмӕ бынӕттон бюджеттӕй. Владимир Путин бахӕс кодта, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа, скъолатӕн хъарм хӕринаг кӕм кӕндзысты, ахӕм сӕрмагонд структурӕ. Уыимӕ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, скъолатӕм хъуамӕ ӕрвыст цӕуой хӕрзхъӕд продукттӕ.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














