Хъӕлӕс кӕнынмӕ цӕттӕ сты

0
379

УФ-йы Конституцимӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл тагъд рӕстӕг ӕппӕтадӕмон референдум кӕй уыдзӕн, уый зонынц не ‘мбӕстӕгты 80 проценты бӕрц.

Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта Адӕмы хъуыды иртасӕг ӕппӕтуӕрӕсеон центры генералон директор Валерий Федоров.

Уыимӕ, цалдӕр боны размӕ центры специалиста сарӕзтой радон социологон ӕрфарст, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной адӕмы ахаст Конституцимӕ ивддзинӕдты фӕдыл хъӕлӕскӕнынадмӕ.

«Фӕстаг ӕрфарсты (уыд 24 февралы) архайджыты 66 проценты куыд загътой, афтӕмӕй цӕттӕ сты референдумы архайынмӕ. Ӕрфарсты архайджыты 23 проценты нырма бӕлвырд хъуыдымӕ нӕма ‘рцыдысты», фӕнысан кодта Валерий Федоров.

Уымӕй уӕлдай, центры директоры ныхасмӕ гӕсгӕ, адӕмы фылдӕр хай хорзыл банымадтой Конституцимӕ бахӕссинаг ивддзинӕдты проект.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here