Зӕхкусджыты фӕллой

0
298

2019 азы Хуссар Ирыстоны хъӕууонхӕдзарадон товаруадзджытӕ продукци рауагътой 944 милуан сомы аргъ. Ахӕм нымӕцтӕ республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрады коллегийы ӕмбырды рӕстӕг фехъусын кодта министр ПУХАТЫ Лев.

Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, республикӕйы хъӕууонхӕдзарадон продукцийы 93 проценты хауы хи хӕдзарӕдты хыгъдмӕ, 7 проценты та зӕхкусӕг-фермерон хӕдзарӕдты хыгъдмӕ.

2019 азы ӕфсирджын хортӕ, хъӕдур ӕмӕ ӕндӕр ахӕм культурты ӕрзад схӕццӕ 33 819 центнермӕ (уый размӕ азимӕ абаргӕйӕ, 10 центнеры фылдӕр). Пухайы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, иумӕйаг нымӕцтыл хорзӕрдӕм сахадыдта, иу гектары тыллӕджы ӕрзад иуцасдӕр кӕй фӕфылдӕр, уый. «ӕмткӕй райсгӕйӕ, иу гектары хорӕрзады тыллӕгыл бафтыд 50 процентӕй фылдӕр. Уыимӕ, фӕфылдӕр нартхор ӕмӕ хъӕдуры тыллӕг дӕр», загъта министр.

Пухаты Лев йӕ доклады бӕстон ӕрдзырдта, азы дӕргъы министрады специалисттӕ цы вазыгджын фарстытыл куыстой, ууыл.

Министрады коллегийы раныхас кодта ӕмӕ бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг экономикон рӕзты министр Бекъойты Геннади.

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here