Знон Дзӕуджыхъӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы ӕдасдзинады советы нымӕрдар Николай ПАТРУШЕВӕН уыд цӕугӕ ӕмбырд. Архайдтой дзы Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий ЧАЙКА, Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты разамонджытӕ, федералон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты минӕвӕрттӕ.
Ӕмбырды размӕ Николай Патрушев ӕмӕ Юрий Чайка фембӕлдысты Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславимӕ ӕмӕ ныхас кодтой регионы экономикон ӕдасдзинады ӕмӕ социалон нывылдзинады фарстытыл.
Йӕ раныхасы Николай Патрушев куыд загъта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимр Путины уынаффӕйӕ ахӕм цӕугӕ ӕмбырд ӕдасдзинады советы нымӕрдар хъуамӕ араза афӕдз иу хатт. Фарон ахӕм мадзал уыд Дагестаны сӕйраг горӕт Махачкалайы. Ӕмбырды ныхас цыд коррупцион фӕзындтыты ныхмӕ профилактикон мадзӕлттӕ карздӕр кӕныныл ӕмӕ транспорты цӕуыны рӕстӕг ӕдасдзинадыл.
— Фарон Дагестаны ахӕм ӕмбырды рӕстӕг коррупци, терроризм ӕмӕ экстремизмы ныхмӕ архайынӕн цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ, афӕдзмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды куынӕггонд ӕрцыдысты, Уӕрӕсейы Федерацийы архайыны бар кӕмӕн нӕй, уыцы террористон организаци «Пысылмӕтты паддзахад» (ИГ)-мӕ хауӕг 13 фыдгӕнӕг къорды, мард ӕрцыд 26 террористы, барадхъахъхъӕнджытӕ не ‘руагътой 22 теракты, 230 гӕрзифтонг фыдгӕнӕджы ӕрцыдысты ахст, террористон ӕмӕ экстремистон пропагандӕйы тыххӕй, стӕй, ӕхцайӕ фыдгӕнджыты къордтӕн ӕххуыс кӕй кодтой, уый тыххӕй уголовон ӕгъдауӕй ӕфхӕрд баййӕфтой дӕс адӕймаджы, раргом сты 94 экстремистон фыдракӕнды, — загъта Николай Патрушев.
Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, афӕдзы дӕргъы куыст цыд нацитӕ ӕмӕ динты ‘хсӕн фыдӕхдзинад не ‘руадзыныл, уӕрӕсейаг закъӕтты ныхмӕ архайӕг къордтӕн фӕсарӕнтӕй цы ӕххуыс цӕуы, уымӕн йӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕныныл, миграцион ӕдасдзинадыл. Цӕмӕй террористон ӕмӕ экстремистон архайдмӕ мигранттӕ се ‘ргом ма здахой, уый тыххӕй Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕххӕстгонд цыд мадзӕлтты иумӕйаг пълан «Нелегал-2019». Уый фӕрцы раргом миграцион барад фехалыны ӕртӕ мин цауӕй фылдӕр, сарӕзтой 131 уголовон хъуыддаджы, ӕрцахстой, фыдракӕнд саразыны тыххӕй кӕй агуырдтой, ахӕм 40 адӕймаджы.
Николай Патрушев куыд загъта, афтӕмӕй барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты куыст кӕд фӕкарздӕргӕнинаг у, уӕддӕр уыцы-иу рӕстӕг ахсджиаг у ноджы разӕнгарддӕрӕй архайын граждайнаг иудзинадыл, нациты ‘хсӕн нывыл ахастдзинадыл, удварны хуыздӕр миниуджыты ӕмӕ патриотон хъомылады бындуртыл кӕстӕрты хъомыл кӕныныл.
— Ацы аз нӕ бӕстӕ бӕрӕг кӕны Уӕлахизы 75 азы, уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ уӕлдай ахсджиагдӕр у нӕ адӕмы сгуыхтдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинадыл ноджы фылдӕр фыссын ӕмӕ дзурын, цӕмӕй истори зыгъуыммӕ кӕныны цаутӕн бынат ма уа, уый тыххӕй, — загъта ӕдасдзинады советы нымӕрдар.
Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка йӕ раныхасы куыд загъта, афтӕмӕй фӕкарздӕргӕнинаг сты, сӕ куысты коррупцион цаутӕ чи ‘руадзы, ахӕм уӕлдӕр бынӕттӕ ӕхсӕг бӕрнон адӕймӕгты ныхмӕ ӕфхӕрӕн мадзӕлттӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, коррупцион цаутӕ арӕхдӕр фӕзыны, бюджетон ӕхцатӕй давд кӕм ӕрцӕуы, уым. Уымӕй уӕлдай ма Юрий Чайка бӕстон ӕрдзырдта регионы криминогенон уавӕрыл, фӕндӕгтыл цӕуыны ӕдасдзинады домӕнтыл ӕмӕ транспорты ӕппӕт хуызты ӕдасдзинады мадзӕлттыл.
ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ














