Мӕскуыйы кусӕг балцы уӕвгӕйӕ, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд УФ-йы экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Сергей Чеботаревимӕ. Ныхасы архайджытӕ ӕркастысты Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕм.
Фембӕлды рӕстӕг сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцыд курорт «Мамысон»-ы арӕзтады хъуыддагмӕ. Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг иу хатт ма фӕнысан кодта, ацы объект республикӕйӕн куыд ахсджиаг у, регионы туристон хъомыс фӕуӕрӕхдӕр кӕнынӕн цас ахъаз фӕуыдзӕн, уый. Ӕрӕджы уыцы фарстыл ныхас цыд, Битарты Вячеславӕн Президент Владимир Путинимӕ цы фембӕлд уыд, уым дӕр. Уыцы ныхасы рӕстӕг Владимир Путин бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта курорты арӕзтады фӕдыл.
Ӕмӕ ныр Битарты Вячеслав ӕмӕ Сергей Чеботарев бӕстондӕр ӕрдзырдтой уыцы амынддзинӕдтӕ ӕххӕст кӕныныл.
— Ныртӕккӕ цӕттӕгонд цӕуы курорты фыццаг къӕпхӕны объектты архитектурон концепци. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг амалхъомадон компаниты минӕвӕрттӕн фехъусын кӕндзыстӕм, «Мамысон»-ы фыццаг къӕпхӕны арӕзтадмӕ цы объекттӕ хаст ӕрцӕудзысты, уыдоны номхыгъд. Уый фадат ратдзӕн, цӕмӕй проекты архайӕг инвестортӕй алчидӕр йӕхицӕн сбӕрӕг кӕна, йӕ хъарутӕ кӕм бавзардзӕн, уыцы объект, — загъта Битарты Вячеслав.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрӕджы йӕ ӕрвылазон ӕрвыстӕджы Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй къухы бафтыд, цӕмӕй туристон комплекс «Мамысон»-ы арӕзтады фӕдыл федералон Хицауады уынаффӕйӕ Цӕгат Ирыстоны фӕзына сӕрмагонд экономикон тӕлм. Курорты фыццаг къӕпхӕны арӕзтадӕн федералон бюджетӕй радих кӕндзысты 6 миллиард сомы бӕрц. Уымӕй уӕлдай, бӕрӕггонд ӕрцыдысты курорты арӕзтады сӕйраг инвестортӕ дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














