Ветерантӕн хӕрзиуджытӕ радтой

0
603

Мӕздӕджы фыццаг хатт сарӕзтой майдан «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы» радтыны тыххӕй кадджын ӕмбырд.

Районы сӕргълӕууӕг Гугиты Геннади кадджын уавӕры хӕрзиуджытӕ радта хӕсты архайджытӕн, фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕ ӕмӕ, концлагерты чи уыди, уыцы адӕмӕн.

Фембӕлды архайдта делегаци Мӕскуыйы облӕсты Одинцовойы районӕй.

Кадджын уазджыты ӕхсӕн уыди 97-аздзыд хӕсты ветеран, Мӕздӕгӕй рацӕуӕг Надеждӕ Пономаренко райдайӕнӕй кӕронмӕ уыди хӕсты.

— Сӕдӕ азы мыл куы сӕххӕст уа, уӕд мӕздӕггӕгтӕм уазӕгуаты ӕрцӕудзынӕн, — зӕгъы сылгоймаг.

— Кавказӕгты уазӕгуарзондзинад мӕ дисы ӕфтауы. Мӕ сабибонтӕ мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты. Нӕ мӕздӕггаг балцӕй райгонд кӕй уыдзыстӕм, уый мӕ уырны, — зӕгъы ноджыдӕр ма иу уазӕг Одинцовойы районӕй — Светланӕ Удалова.

Фиппаинаг: ветерантӕй бирӕтӕ се ‘нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ майдантӕ райсдзысты сӕ хӕдзӕртты. Ӕдӕппӕт Мӕздӕджы районы   8 маймӕ ратдзысты  260 юбилейон хӕрзиуӕджы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here