Инвестицион программӕйы уагӕвӕрдтыл ӕрдзырдтой

0
194

Мӕскуыйы кусӕг балцы уӕвгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийӕн уыд фембӕлд УФ-йы Президенты Администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Дмитрий Козакимӕ.

Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Президенты пресс-службӕ.

«Фембӕлды рӕстӕг ӕркастӕуыд дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстады ахсджиагдӕр фарстытӕм. Уыимӕ, ныхасы архайджытӕ сӕрмагонд ӕргом аздӕхтой республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг радон инвестицион программӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ», — радзырдта пресс-службӕйы минӕвар.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой, фӕстаг рӕстӕг республикӕмӕ хойраджы продукттӕ ӕмӕ ӕндӕр товартӕ ласыны хъуыддаджы цы къуыхцытӕ сӕвзӕрд, уыдон аиуварс кӕныныл дӕр.

Боны фӕткы уыд ӕндӕр фарстытӕ дӕр.

Уӕрӕсейы Федерацийӕ фембӕлды архайдтой УФ-йы экономикон рӕзты министры хӕдивӕг Сергей Чеботарев ӕмӕ Президенты Администрацийы ӕмарӕн бӕстӕтимӕ ӕмгуыстады управленийы хицау Алексей Филатов, Хуссар Ирыстонӕй — республикӕйы финансты министр Хӕбӕлаты Азӕ, арӕзтады министр Дзӕгъойты Эдуард, Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here