Парады архайдзысты

0
237

Цӕгат Кавказы фыццаг ӕфсӕддон ахуырадон центры — Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты курсанттӕ Дзӕуджыхъӕуы фыццаг хатт архайдзысты 9 майы Уӕлахизы парады.

Запасы сержанттӕ ӕмӕ салдӕттӕн ахуырадон центры ахуыргӕнӕн курсытӕ амонынц хайады командир ӕмӕ хистӕр ӕхсӕджы дӕсныйӕдтӕм гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай ма фыццаг хатт ахуыргӕнӕндоны фадӕттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн номарӕн рад хӕссынӕн. Университеты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайдта ӕхсӕз сӕдӕ адӕймаджы. Сӕдӕйӕ фылдӕр дзы сӕ фыдыуӕзӕгыл нал сӕмбӕлдысты. Уыцы зынгхуыст хӕстонтӕн кӕрты цы цыртдзӕвӕн ис, уый раз курсанттӕ кадджын хъалагъуры лӕудзысты 29 апрелӕй фӕстӕмӕ.

Дзӕуджыхъӕуы Уӕлахизы парады архайдзысты 58-ӕм ӕфсады мин ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ хӕстон техникӕйы 30 иуӕджы. Парадмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон фендзысты хӕцӕнгӕрзты ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы нырыккон хуызтӕ.

Университеты ӕфсӕддон ахуырадон центр байгом фарон сентябры. Каст ӕй чи фӕуа, уыдонӕн ратдзысты ӕфсӕддон билеттӕ ӕмӕ сӕ ӕфсады службӕ кӕнын нал хъӕудзӕн. Ӕрвылаз дӕр ӕм исдзысты 90 адӕймаджы. Курсанттӕ центры ахуыр кӕндзысты дыууӕ азы, стӕй 30 суткӕйы архайдзысты ахуырадон ӕмбырдты.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here