Зӕрдиаг архайд

0
268

Цӕгат Ирыстоны полигон «Тарскӕ»-йы арӕзт ӕрцыд ӕфсӕддон ахуыртӕ. 58-ӕм ӕфсады фистӕгӕфсӕддон иугонды ӕнӕтӕхӕг авиацийы ныхмӕ тохы дӕлхайӕдтӕ дзырдӕй знаджы ныллӕг тӕхӕг объекттӕ ссардтой ӕмӕ сӕ ӕрӕппӕрстой.

Радиоэлектрон тохы специалисттӕ, фистӕгӕфсӕддонтӕ, стӕй хӕдцӕугӕ зенитон ифтонггӕрзты ӕмӕ уӕлдӕфон ӕрбабырстӕй хъахъхъӕнынады къордтӕ архайдтой иумӕ.

Радиоэлектрон тохы дӕлхайӕдтӕ сӕ артиллерийӕн электромагнитон маскировкӕ скодтой знаджы ӕнӕтӕхӕг авиацийӕ. Къуыхцыты станцӕты ӕххуысӕй ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ знаджы фӕдсгарынады ӕмӕ радиобастдзинады спутникон системӕты куыст бакъуылымпы кодтой.

Нырыккон гӕрзифтонг быцӕуты рӕстӕг хӕстон фӕлтӕрддзинад райсыны тыххӕй сарӕзтой ӕнӕтӕхӕг авиацийы ныхмӕ тохгӕнӕг дӕлхайӕдтӕ.

Ӕдӕппӕтӕй ахуырты архайдтой 300 ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ хӕстон техникӕйы 50 иуӕджы.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here