Туг радтой

0
480

Дзӕуджыхъӕуы радон хатт арӕзт ӕрцыд донорон акци «Царды хъару балӕвар кӕн». Фадӕттӕ йын сарӕзта акционерон ӕхсӕнад «Цӕгкавказэнерго».

Акцийы архайджытӕ сӕхи куыд хатынц, уый, ӕмӕ се ‘нӕниздзинады уавӕр ныффыстой сӕ анкетӕты, стӕй ацыдысты медицинон иртасынад.

— Нӕ кусджытӕ акцийы архайыныл кӕй сразы сты, уый мын ӕхсызгон у. Афӕдзӕй-афӕдзмӕ акцийы архайджыты нымӕцыл ӕфты. Ацы аз акцийы фыццаг хатт архайдтой Рахизфарсы районы электрон тых уӕйгӕнӕг хайады кусджытӕ, — зӕгъы компанийы директоры хӕдивӕг Гӕцойты Светланӕ.

Ацы хатт дӕр ӕмӕ ма туг амӕй размӕ цалдӕр хатты чи радта, уыдонӕй иу — Зассеты Жаннӕ зӕгъы:

— Туг дӕттыны хъуыддагӕн алы хатт дӕр ӕнцонӕй бафӕразын. Туг дӕтгӕйӕ, пайдайаг хъуыддаг кӕй кӕнын, уый хатын. Уӕвӕн ис, ӕмӕ мӕ туджы фӕрцы искӕй цард хъахъхъӕд ӕрцӕуа.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here