Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ федералон фæндагыл куы фæцæйцыдыстæм, уæд Барбашовы цыртдзæвæнмæ æввахс нæ цæст æрхæцыд хидаразджытыл. Æрыгон лæппутæ уыдысты кусæн уæлæдарæсы, бур жилетты, æмæ алчидæр зæрдиагæй архайдта хид аразыныл. Фыццагдæр кæимæ ныхас кодтам, уый уыдис хайады хицау АРКЪАУТЫ Тарас.
«Мах стæм субподрядон организаци Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Люкстранстрой»-ы аразджытæ, — загъта уый. — Нæ хæс у, æнæном цæугæдоны сæрты æнусты дæргъы чи лæууа, ахæм фидар хид саразын æмæ йæм бавнæлдтам разæнгардæй. Фыццагдæр уал хидмæ бацæуæнты дыууæрдыгæй фæндагыл æрæвæрдтам хъахъхъæнæн нысантæ, цæмæй транспортон фæрæзтæ æнæфыдбылызæй цæуой арæзтадон фæзы. Уый фæстæ хиды æмбис райхæлдтам, иннæ æмбисыл та дыууæрдæмцæуæг машинæты ауагътам».
Дарддæр Аркъауты Тарас куыд радзырдта, афтæмæй хид ам ныронг дæр уыдис. Фæлæ Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаг ивгъуыд æнусы 50-æм азты кæронæй фæстæмæ кæй арæзт цыдис, уымæ гæсгæ базæронд. Стæй ныртæккæйы мадзæлттæ æмæ æрмæджытæй дæр уæды рæстæджы пайдагонд нæ цыд арæзтады, æмæ сæрмагонд къамисы уæнгтæ хиды уавæр банымадтой тæссагыл.
Хиды арæзтад бацыд йæ тæмæны. Нæ лæппутæ иууылдæр хорз кусынц, зæгъгæ, хайады хицау æппæлыд йæ кусджытæй. Æцæгдæр, мах федтам, хидаразджытæ куыд рæвдз архайынц, уый. Сохъуырты Ацæмæз æмæ Мæрзойты Алан æндадзæн куыстытæ кодтой, мастер Дудиаты Владимир æмæ йе ‘ххуысгæнæг Созæты Дзаххотт та арматурæ æвæрдтой. Хъуамæ хидаразджытæ фæстæдæр бавнæлдтаиккой бетонгæнæн куыстытæм.
«Ай-гъай, арæзтад æнæкъуылымпыйæ цæмæй цæуа, уый тыххæй чысыл æххуыс нæу уæзисæн краныл кусæг Бæззаты Эдуарды архайд дæр. Кæм æфсæнбетон къæйтæ исын æмæ æвæрын бахъæуы, кæм æндæр уæзæгтæ фæхъæуы кусджыты, æмæ йæ размæ дзæгъæл лæуд нæ кæнынц. Хъæрджынты Руслан та экскаваторыл кусы. Ныртæккæ уый æнцайæн цæджындзты алыварс къахы бетонгæнæн куыстытæм сæ бацæттæ кæныны тыххæй. Арæзтадмæ сæ фæллойы аккаг хай хæссынц кусджытæ Созæты Таймураз æмæ Дзуццаты Аслæнбег дæр», — зæгъы Аркъауты Тарас.
Мах та фæнды уый нæ газеткæсджытимæ базонгæ кæнын. Аркъауты Тарас у хидтæаразæг, фæлтæрдджын инженер, РЦИ-Аланийы сгуыхт аразæг. Фынддæс азы хидтæ фæцарæзта Ирыстоны алы рæтты Æрыдоны, Хъобаны, суанг Хъырымы дæр. Æз æй зонын, къорд азы размæ йæ абоны кусджытимæ Црауы доны сæрты хид куы арæзта, уæдæй нырмæ. Куы йын загътон ныронг нæ хъæумæ цы хидтæ арæзт æрцыд, уыдон æдзухдæр дон аласы, уæд мын ныфс бавæрдта, ныр æй нал аласдзæн, зæгъгæ.
ТОХСЫРТЫ Къоста
Къамтæ систа
КЪÆБЫСТЫ Харитон













