Дзюдоисттæ фесгуыхтысты

0
514

Ивгъуыд къуыри Тюмены дзюдойæ цыдысты Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды (23 азы онг) æхсæн. Ирыстойнаг фæсивæдæй дзы чи  архайдта, уыдонæй хæрзиуджытæй хорзæхджын систы дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Чызджыты ерысты сæхи сæрæнæй равдыстой Горæтгæрон районы  1-æм спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ ХЪАЙСЫНТЫ Мæдинæ æмæ ÆЛБОРТЫ Аланæ.

Хъайсынты Мæдинæ 75 кг онг уæзы цы фондз ныхмæлæууæгимæ рахæцыд, уыдонæй цыппарыл фæуæлахиз сыгъдæгæй — 10:0 хыгъдæй.

Кæронбæттæны дæр Мæдинæ райдыдта йæхи ныббырстытæй. Йæ ныхмæлæууæг, спорты мастер, мæскуыйаг Татьянæ Лялинайæн бантыст Мæдинæйы чысыл рæдыдæй спайда кæнын æмæ сæ тохы цыд йæхи пайдайæн раздæхта. Мæдинæ бацахста 2-аг бынат, фæлæ йæ хæст фæцыди спортуарзджытæ æмæ дзюдойы специалистты зæрдæмæ.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Гæбæраты Автандил æмæ Туркменистаны сгуыхт тренер Джиоты Герасы иннæ хъомылгæнинаг Æлборты Аланæ дæр хорз хæцыд, 78 килограммæй уæззаудæр чи у, уыцы ныхмæлæуджытимæ. Фондз хæстæй цыппары фæуæлахиз æнæдызæрдыгæй, иу хатт та хæрд фæци, фæлæ уыцы хæрд ерысты 1/2 хайы кæй фæци, уый аххосæй бацахста 3-аг бынат. Нæ чызджытæй ма 3-аг бынат бацахста Хуыгаты Виталийы хъомылгæнинаг Гæдиаты Алинæ. 63 кг онг уæзы хæцгæйæ, Алинæ дæр рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй, фæлæ ерысты 1/4 хайы кæй фæкъуыхцы, уый аххосæй æрлæууыд 3-аг бынатыл.

Нæ лæппу-дзюдоисттæй фесгуыхт Цæгæраты Хъазыбег æмæ Беккуызарты Аличы хъомылгæнинаг Гамосты Давид. 73 кг онг уæзы  фæуæлахиз фондз ныхмæлæууæгыл, æмæ бацахста 1-аг бынат.

81 кг онг уæзы та 2-аг бынат бацахста Тюмены командæйæн хæцæг ирон дзюдоист Плиты Азæмæт.

Ныр 1-3 бынæттæ бацахсæг дзюдоисттæ сæхи цæттæ кæндзысты Европæ æмæ дунеон ерыстæм.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here