Шахмæтты турнир

0
286

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты уыд æрвылазон хæрзаудæн турнир тагъд шахмæттæй хъазынæй — «Хурæнгæс сывæллæттæ».

Турнир арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы Шахмæтты федерацийы вице-президент  Æгкацаты Мараты, институты шахмæтты клубы директор Михаил Стороженкойы, институты спорткомплексы директор Хъамболты Аланы æмæ Дзæуджыхъæуы Фæсивæды социализацийы центры хъæппæрисæй. Æппæт æхцайы фæрæзтæ дæр хардзгонд æрцæудзысты, Сывæллæтты сфæлдыстады республикон хæдзары реабилитацийы чи цæуы, уыцы æнæкуыстхъом сывæллæттыл. Æхца канд Ирыстоны шахматисттæ не ‘рымбырд кодтой, фæлæ ма сывæллæттæн баххуыс кæнын кæй фæндыд, уыдон дæр Хæрзаудæн блиц-турниры архайдта 25 спортсменæй фылдæр.

Стыр бузныджы аккаг сты,  хæрзаудæн акцийы чи архайдта, уыцы спортсментæ, горæты цæрджытæ, æдзухдæр йе ‘ххуысы къух бадарынмæ цæттæ чи у, уыдон се ‘ппæт дæр.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here