Зæрдæйы хорзæхæй — хайджын!

0
350

Иурæстæджы нæм «Рæстдзинад»-ы редакцимæ йе ‘мдзæвгæтимæ æрбацыд ныллæджытæ, фæлæ фидæрттæ арæзт нæлгоймаг. Йæ уацмыстæ, куыд фæзæгъынц, кæд техникон æгъдауæй бынтон æххæст нæ уыдысты, уæддæр хайджын — зæрдæйы хорзæхæй. Хæстæгдæр йемæ куы базонгæ дæн, уæд разынд диссаджы хъæлдзæг, хæларзæрдæ ирон лæг, бахъуаджы рæстæджы йе ‘ппæт хъуыддæгтæ дæр чи ныууадздзæн æмæ дæ тыхсты рæстæг дæ уæлхъус чи æрбалæудзæн, ахæм.

Ноджы ма булæмæргъы уаст куы афæзмыдта, уæд мæ зæрдæ, дидинæгау, райхæлд: æрдзимæ афтæ æмуд чи у, уымæн æнæ хорз уæвгæ нæй. «Мæ чысылæй фæстæмæ бæхтæ бирæ уарзын» дæр ма куы загъта, уæд, зæгъын, ай цирчы лæг куы у. Цирчы лæг дзы æз, диссаджы лæг, зæгъгæ, уыцы хуызы загътон. Фæлæ æцæгæй дæр разынд, йæ рæстæджы Мæскуыйы паддзахадон цирчы, фæстæдæр æндæр циркты дæр 34 азы чи бакуыста, бæхылбадæг-каскадер уæвгæйæ, уыцы хуызы бирæ кинонывты чи архайдта, ахæм джызæйлаг ирон сæрæнгуырд Къæлхидты Руслан.

Ирыстоны рагзамантæй æвзыгъд, арæхстджын барæг кады нысан уыд. Ирон лæгæн бæх уыдис йе ‘мцæдисон: куыст, хæст, бæхты дугъты ерыстæ, чызгæскъæфтытæ æмæ бирæ æндæр хабæртты.

Уæлдай тынгдæр Ирыстоны ном дардыл айхъуысын кодтой цирчы бæхылбадджытæ. Стъалыйау ферттывта йæ тæлтæг арæхстдзинадæй Гуццаты Агуыбе: йæ бæхы зилгæ бæндæны хуылфы, æнæ андзæвгæйæ, тæхын кодта. Хъантемыратæ æмæ Тугъанатæ та æнæхъæн зæххы къорийыл æрзылдысты советон циркимæ. Алы рæтты, сæ арæхстдзинадмæ кæсгæйæ, адæм къухæмдзæгъд кæмæн кодтой, уыдонимæ уыдысты джызæйлаг лæппутæ дæр: Хъаныхъуаты Тамерлан, Къубалты Валери, Æлдаттаты Валери, Милдзыхты Казик, Хæдзарæгаты Таму, Торчынты Мухтар, Цæлыккаты Сослан, Пагæты Алик, Хадыхъаты Хетæг, Гуытъиаты Ацæмæз æмæ Къæлхидты Руслан.

Къæлхидты Сослæнбеджы фырт Руслан райгуырд æмæ схъомыл Джызæлы. Каст фæци хъæуы 1-æм скъола. Йæ ахуыргæнджытæ Гуыдиаты Бухар æмæ Сланты Доттан дзы куыд дзырдтой, афтæмæй хорз æмдзæвгæтæ фыста. Поэт суæвын æнхъæл ын уыдысты. Хорз арæхстис спорты æмæ-иу скъолайы кад хъахъхъæдта бæрнон ерысты.

Цæрдæг, æвзыгъд лæппу уыд Руслан, зæххыл дæр нæ хæцыд, стæй аивад бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ дæсаздзыдæй кафынмæ бацыд Джызæлы кафджыты къорд «Арт»-мæ. Мæргъты æвзаг фæзмынмæ, кафынмæ хорз кæй арæхст, уымæ гæсгæ йæ сæхимæ хуыдтой алыхуызон кафджыты къордтæ.

Русланы тынг фæндыд артист суæвын, уæлдай тынгдæр æй йæхимæ æлвæста цирк, афтæмæй йæ æрыгон цард райдыдта Советон Цæдисы паддзахадон цирчы Тугъанаты къорды. Æрыгон лæппуйыл уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой. Зындарæн у фос, уæлдайдæр та — бæх. Руслан сарæхст алы куыстмæ дæр, æмæ йæ канд цирчы кусджытæ нæ, фæлæ ма йыл бæхтæ дæр уыдысты æнувыд, йæ алы ныхасмæ дæр ын хъуыстой.

Афæдз нæма рацыд, афтæ Руслан фæлтæрдджынты æмрæнхъ архайын райдыдта къордимæ. Æрхъуыды кодта иу-цалдæр трюкы, адæмы зæрдæмæ тынг чи фæцыд, ахæмтæ. Руслан куыд зæгъы, афтæмæй цирчы фынддæс азы бакусыны фæстæ сæ пенсимæ дзæгъæлы не ‘рвыстой. Зæгъæм, æрхъуыды кодта ахæм трюк, æмæ дыууæ бæхы цирчы зиллаччы згъорынц. Русланæн-иу иннæ барæг тæхгæ-тæхын йе уæхсджытыл абадт, уый-иу æй ацахста, æмæ-иу дыууæйæ дæр манежмæ ахаудысты, æмæ-иу сæ бæх йæ фæстæ ласта. Афтæмæй-иу йæ къах дæр асаста.

Руслан куыста цирчы бæхылбадджыты разамонæг Уарзиаты Керыммæ берейтер-барджыты тренерæй. Уый хæларæй цард зындгонд артист Юрий Никулинимæ, уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цыд йæ цъиуы уаст, æмæ йæ «Булæмæргъ» хуыдта. Юрий Никулин Тугъанаты Михалимæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр иумæ уыдысты. Михал уыдис инæлар Доваторы адъютант. Хæстæй куы ссыд, уæд ын Михаил Буденный балæвар кодта 22 бæхы æмæ скодта «Ирыстоны джигиттæ», зæгъгæ, ахæм къорд.

Юрий Никулин уæды рæстæджы уыд Сæйраг Советы депутат æмæ бацархайдта, цæмæй Къæлхидты Руслан суыдаид уæлдæр категорийы артист, ууыл. Уый нæмттæм никуы тырныдта, йæ зæрды уыд адæмæн æхсызгондзинад хæссын йæ арæхстдзинадæй, цæмæй йæм диссагмæ кæсæгау кæсой. Уый фæндыдис, цæмæй Ирыстоны, ирон лæджы ном кæмфæнды дæр кадджын уа.

Къæлхидты Руслан йæхæдæг бирæ кæмæндæрты баххуыс кодта: Дзиуаты Анатолийæн, Бердиаты Валерийæн, бæхтимæ чи архайдта, уыдонæн сеппæтæн дæр. Уæдæ ирон цирчы фæсивæд кæмдæриддæр киноты архайдтой, уым сæ тæккæ цырены уыд Руслан. Уататы Бибоимæ хъазыд киноныв «Теплые ветры древних булгар»-ы. Архайдта ма мæнæ ахæм кинонывты: «Али-Баба и сорок разбойников», «Не бойся, я с тобой», «Чингизхан», «Горячая точка», «Убойная сила», «Одиннадцать писем Богу» æмæ æндæрты.

Не стыр Цæдис куы фехæлд, уæд ныппырх нæ бæстæйы паддзахадон цирк дæр, æмæ Къæлхидты Руслан афтыд Киргизимæ. Уым сси цирк «Достан»-ы директор. Бафæндыд æй, уыцы цирк Ирыстонæн куы бахай кодтаид. Дзиуаты Анатолиимæ дæр дзырдта уый тыххæй, фæлæ сын фæрæзтæ нæ уыд æмæ дзы ницы рауад. Кæмфæнды ма уыдаид Руслан, уæддæр Ирыстон уыд йæ уд æмæ йæ цæст, æмæ йæ фæндыд истæмæй йын баххуыс кæнын. Киргизийы завод «Физприбортæ»-йы генералон директоры хæдивæджы, коммерцион хъуыддæгты уæвгæйæ, бафæндыд уыцы тыхст фæзилæн рæстæджы Ирыстонмæ йе ‘ххуысы къух бадарын, æмæ æртæ вагоны сæрвыста адæмон фæлхасады товартæ. Уæдæ зындгонд фыссæг Чингиз Айтматовы чингуытæ æнцон ссарæн нæ уыдысты æмæ, Ирыстоны «Книготорджы» фæндонмæ гæсгæ, сæрвыста номдзыд фыссæджы бирæ чингуытæ.

Къæлхидты Руслан канд арæхстджын бæхылбадæг-каскадер æмæ тренер нæ уыд, фæлæ хорз арæхст æмæ арæхсы абон дæр бæхы дзаумæттæ кæнынмæ: сæргътæ, идæттæ, ехсытæ… Ноджы-иу артисттæн уæлæдарæс кæнынмæ дæр диссаг уыд. Къæлхидты Русланы фæндыд Ирыстоны сывæллæтты церебриалон паралич дзæбæхгæнæн центр саразын. Уый тыххæй æрхъуыды кодта, алы рынчынæн дæр йæ бон бадын цæуыл у, ахæм диссаджы саргъ. Сывæллон, дам, ахæм саргъыл бадгæйæ, йæхи хуыздæр хатын райдайы.

Ахæм саргъы тыххæй йæм ис патент дæр УФ-йы интеллектуалон исбонады федералон службæйæ. Саргъ сарæзта бæхджын пъæлицæ æмæ кавалерийæн дæр. Хорзыл æй банымадта мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков.

Ныртæккæ Къæлхидты Руслан кусы Мидхъуыддæгты министрады Горæтгæрон районы хайады фæсчъылдымы хæдзарады сæргълæууæгæй. Ис æм 58 бæхы, цæттæ сæ кæны Уæлахизы Парадмæ.

Ахæм цирчы лæг у Руслан. Цардæн мидис дæр æмæ хуыз дæр ахæм лæгтæ дæттынц. Цæрынæй бафсæд, Руслан!

 

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here