Низы ныхмæ иумæ куы архайæм…

0
422

Коронавирусы ног хуызимæ цы уавæр сæвзæрд, уый фæдыл фæстагдæр хабæрттæ республикæйы цæрæг адæммæ фæхæццæ кæныны нысанимæ знон дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ фембæлдысты: республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ГОДЖЫЦАТЫ Тамерлан, ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг АЛЫККАТЫ Алан, Мидхъуыддæгты министрады информаци æмæ æхсæнадимæ бастдзинады хайады сæргълæууæг КОЦТЫ Зæринæ, «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы минæвар ЦÆРИКЪАТЫ Мæдинæ æмæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон æххæсткомы сæрдар ГÆЛИТЫ Клим.

Годжыцаты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй вирусы ног хуыз нырма уал кæны парахат. Фæфылдæр рынчынты нымæц Мæскуыйы, уымæ гæсгæ дзы арæзт цæуынц, нырмæ чи никуыма уыд, ахæм хъахъхъæнæн мадзæлттæ. «Ахæм мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц нæ республикæйы дæр, уымæ гæсгæ коронавирусы ног хуызæй фæрынчыны цау Цæгат Ирыстоны иунæг дæр нæма ис, æмæ уый у æхсызгон», — загъта министр. Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй, сæ хæрдзары чи ис æмæ адæмы ‘хсæнмæ ныртæккæ цæуæн кæмæн нæй, уыдоны нымæц нæ республикæйы ныртæккæ у 365 адæймаджы. Уыдон сты, Дзæуджыхъæумæ фæсарæнтæй чи æрцыд, ахæмтæ, æмæ, 14 боны сæ хæдзæртты цалынмæ нæ арвитой, уæдмæ сын адæмы ‘хсæнмæ цæуæн нæй.

«Фæсарæйнаг бæстæйæ æрцæуæг алы адæймаг дæр нын у зындгонд, æмæ, куыддæр республикæмæ æрцæуы, афтæ дзы дохтыртæ анализтæ райсынц,» — загъта Годжыцаты Тамерлан.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æндæрæбон Дзæуджыхъæумæ Израилæй ссыд нæ республикæйы цæрæг сылгоймаг. Беслæны аэропортмæ уый æртахт Мæскуыйæ. Сылгоймаг йæхæдæг фæхабар кодта, йæ буары тæвд бæрзонд кæй у, уый. Аэропорты йæм æнхъæлмæ каст «тагъд æххуыс» -ы машинæ æмæ йæ аласта Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ. Сылгоймагæй райстой анализтæ, æмæ цæттæ уыдзысты иунæг бонмæ. Сылгоймагæй уæлдай ма хæдтæхæджы уыд 160 бæлццоны æмæ, “Роспотребназор”-ы минæвар Цæрикъаты Мæдинæ куыд загъта, афтæмæй уыдонæн се ‘ппæты æнæниздзинады уавæрмæ дæр каст æрцæудзæн æмæ се ‘ппæт дæр 14 боны арвитдзысты сæ хæдзæртты.

Алыккаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй, рæвдауæндæттæ кæд æхгæд æрцыдысты, уæддæр дзы кæцыдæрты бахъуыд байгом кæнын кæнæ та радгæс къордтæ скæнын, уымæн æмæ, ис ахæм бинонтæ, æмæ, ныййарджытæ кусгæ кæй кæнынц, уымæ гæсгæ сывæллонмæ кæсæг нæй. Фæлæ рæвдауæндон куы куса, уæддæр, йæ сывæллоны йæм бакæна æви нæ, уымæн уынаффæгæнæг сты ныййарджытæ сæхæдæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы сывæллоны æнæниздзинад гуырысхойаг æппындæр хъуамæ ма уа. Уый тыххæй сæм рæвдауæндоны цæуы сæрмагонд цæстдард.

Ног вирус рапарахат кæныны фæдыл дзыллон хабархæссæг фæрæзтæй иуæй-иутæ, стæй, социалон хызæгты цы мæнг хъусынгæнинæгтæ равæрынц, уыдоны ныхмæ Мидхъуыддæгты министрад куыд архайы æмæ мæнг хабаргæнджытæ цы мадзæлттæй æфхæрд цæудзысты, уый тыххæй раныхас кодта Мидхъуыддæгты министрады минæвар Коцты Зæринæ.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

Къам систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here