Театр «Саби»-йы рацарæзтæн

0
446

Цæгатирыстойнаг театр «Саби» ныртæккæ цæттæ кæнынц бындурон рацарæзтмæ. Фыццаградон национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты ацы кусæндоны цалцæгæн радих кæндзысты 32 милуан сомы бæрц.

Зындгонд куыд у, афтæмæй театры агъуыст арæзт æрцыд 19-æм æнусы кæрон. Уыимæ, фæстаг 80 азы дæргъы ахæм бындурон цалцæг никуыуал баййæфта.

«Саби»-йы агъуыстæн ис ахсджиаг историон, культурон æмæ архитектурон ахадындзинад. Уыцы æууæл хынцгæйæ, агъуысты æддаг бакаст хъахъхъæд æрцæудзæн — сæрмагонд технологийы фæрцы йын æрмæстдæр асыгъдæг кæндзысты йæ агуыридуры цъар. Театры иннæ бæстыхæйттæ бындуронæй рацараздзысты.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй цалцæггæнæн куыстытæ ахицæн уыдзысты ноябры мæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here