Æхца хардз кæнын цæуыл æмбæлы, Паддзахадон Думæйы фыццаг бакасты фидаргонд «адæмон бюджет»-ы тыххæй закъоны проекты фæрцы адæмæн уыдзæн уый бæрæг кæныны фадат.
Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар, Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Андрей Турчакы хъуыдымæ гæсгæ, ацы документы руаджы уыдзæн регионалон æмæ муниципалон къæпхæнты ахсджиаг уынаффæтæ хæссыны хъуыддагмæ нырæй фылдæр адæмы æрбахоныны фадат.
— Хицæуттæ адæмы хъуыды куы нæ нымайой, уæд хъуыддаг нæ фæрæстмæ уыдзæн. Адæм кæм цæрынц, уыцы ран цард хуыздæр скæнæн куыд ис, дзыллæтæ уый хицауиуæггæнæг адæймæгтæй хуыздæр зонынц. Адæмæн хъуамæ уа уавæрыл сахадыны фадат, — зæгъы Андрей Турчак.
Партийы цæгатирыстойнаг хайады æххæсткомы разамонæг Едзойты Мараты ныхасмæ гæсгæ, закъоны фæрцы уыдзæн бюджетон фæрæзтæ уарыны фæткмæ адæмы æрбахонæн.
— Адæмы фæнды, цæмæй цæрæн бынæттæн лæвæрд æхцатæ ахадгæ уагæй хардзгонд цæуой. Ацы хъуыддаджы архайыны руаджы адæмы социалон бæрнондзинад фæуæлдæр уыдзæн. Хицауиуæггæнæг нæ, фæлæ хуымæтæг адæймæгты уынаффæтæй аразгæ уыдзысты дзыллæты царды æмæ фæлладуагъды уавæртæ, стæй æндæр хъуыддæгтæ. Адæм сæ фæзуæттæ аив кæныны куысты комкоммæ куы архайой, уæд сæхи нæ тылиф кæндзысты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, дзыллæтæ «адæмон бюджет»-ы тыххæй закъоныл сразы уыдзысты, мах та сын закъон сфидар кæныны æууæлтæ бамбарын кæндзыстæм, — загъта Едзойы-фырт.
Фиппаинаг: ныридæгæн къорд регионы пайда кæнынц ацы фæткæй.
— Президент «адæмон бюджет»-ы фæрæзтæ хардз кæныны фæтк æппæт бæстæйыл рапарахат кæныны тыххæй нæ фæндоныл сразы, æхсæнад æмæ хицауады æмархайды хуыз «удæгас» схонгæйæ, æмæ бахаста ахæм фарстытæ лыг кæнынмæ арæзт бюджетон хæрдзтæ цалдæр хатты фæфылдæр кæныны фæндон, — загъта Андрей Турчак.
Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы
цæгатирыстойнаг регионалон хайады
пресс-службæ












