Уæрæсейы Пенсион фонды дзæуджыхъæуккаг управленийы райстой Цæгат Ирыстоны фыццаг куырдиат фыццаг сывæллон райгуырыны фæстæ ныййарæджы капиталæй спайда кæныны тыххæй. Ныффыстой йæ Уырысты бинонтæ Ныййарæджы капиталы тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæстæ.
Фыццаг сывæллон, чызг Дзерассæ, Уырысты Элонæ æмæ Таймуразы бинонты ‘хсæн фæзынд, Уæрæсейы Президент Владимир Путин Федералон Æмбырдмæ Æрвыстæджы уæрæсейаг бинонтæн æххуыс кæныны тыххæй ахсджиаг фæндæттæ куы рахаста, уыцы бон.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ныртæккæ ныййарæджы капитал райсыны бар ис, канд дыууæ сывæллоны кæмæн ис, уыцы бинонтæн нæ, фæлæ 2020 азы 1 январы фæстæ фыццаг сывæллон цы бинонтæн фæзынд, уыдонæн дæр. Фыццаг сывæллоны тыххæй ныййарæджы капитал уыдзæн 466.617 сомы. Уыцы бинонты ‘хсæн дыккаг сывæллон куы фæзына, уæд ма ныййарæджы капиталмæ бафтдзæн ноджыдæр 105 мин сомы. Афтæмæй, дыууæ сывæллоны тыххæй ныййарæджы капиталы бæрц суыдзæн 616.617 сомы.
2020 азы размæ фыццаг сывæллон цы бинонты ‘хсæн фæзынд, уыдон дыккаг сывæллон рухсмæ рауадзыны кæнæ сæхицæн сывæллон райсгæйæ 2020 азы фæстæ райсдзысты ныййарæджы ног капитал — 616.617 сомы.
Иннæ азæй ныййарæджы капиталæн сертификат райсыны æмгъуыдтæ фæцыбырдæр уыдзысты 15 кусгæ бонæй 5 кусгæ боны онг, фæрæзты тыххæй куырдиæттæм æркæсыны æмгъуыд та — 30 кусгæ бонæй 10 кусгæ боны онг. Уыцы нормæтæ сæ тыхы бацæудзысты 2021 азы 1 январы.
Цæмæй мадæн æнцондæр уа, уый тыххæй сертификат йæ бон райсын у электронон хуызы, фæлæ 2020 азы 15 апрелæй фæстæмæ ацы лæггад фæуыдзæн нырыккондæр, æнæ куырдиат бадæтгæйæ. Уæрæсейы Пенсион фонды территориалон оргæнтæ сывæллæттæ райгуырыны тыххæй бæрæггæнæнтæ райсдзысты æмбæлгæ оргæнтæй æмæ уыдонмæ гæсгæ уынаффæ хæсдзысты ныййарæджы капитал райсыны тыххæй.
Ныййарæджы капиталы федералон программæ дарддæргонд æрцыд 2026 азы онг, ома, цæмæй сертификат райсай, уый тыххæй дын хъуамæ сывæллон райгуыра кæнæ сывæллон райсай ардыгæй 2026 азы 31 декабрмæ.
КЪНАТТАТЫ Маринæ












