Æппæт куыстытæ дæр — афойнадыл

0
469

Зындгонд куыд у, афтæмæй фыццаградон национ проектты фæлгæты Цæгат Ирыстоны арæзт æмæ бындуронæй цалцæггонд цæуынц бирæ ахсджиаг социалон объекттæ. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз радон хатт сбæрæг кодта, уыцы ахсджиаг объектты арæзтад æмæ цалцæджы куыстытæ куыд цæуынц, уый.

Дзæуджыхъæуы ног скъолайы (550 бынатæн), Æрыдоны спортивон комплексы арæзтæдтæ, Традицион культурæ æмæ этнотуризмы республикон центр «Фарн» æмæ театр «Саби»-йы, Ногхъæуы, Дзуарыхъæуы, Сечеры хъæуты культурæйы хæдзæртты, Ногиры 1-æм скъолайы, Алагиры 5-æм скъолайы цалцæг… Æппæт ацы объекттæ бабæрæг кодтой хицауадон инспекцион къорды уæнгтæ.

Подрядон организациты архайдимæ зонгæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар йе ‘ргом аздæхта, сæвзæргæ эпидемиологон уавæры арæзтадон компаниты санитарон æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ дæр.

— Фыццаградон национ проекттæ æмæ УФ-йы Президенты иннæ уынаффæтыл кусгæйæ, æппæт мадзæлттæй дæр хъæуы спайда кæнын, цæмæй объекттыл кусæг адæм хъахъхъæд æрцæуой хæцгæ низæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нысангонд арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуой нысангонд æмгъуыдты, — загъта Тускъаты Таймураз.

Хицауады Сæрдар бæлвырд амынддзинæдтæ радта бынæттон хиуынаффæйады оргæнты разамонджытæн, цæмæй арæзтад æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстыты фæдыл сæрмагонд кусæг къордтæ сæ цæстдарæн архайд фæхъомысджындæр кæной.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here