Хорз зæрдæ дары алкæмæ дæр

0
592

Адæймаджы зæрдæ рæсугъд æмæ аив куы уа, уæд æм æмкусджытæ, хæлæрттæ æмæ æмбæлттæ дæр, æрдзы æппæт цæрæгойтæ, хурмæ сæхи куыд фæивазынц, афтæ йæм сæ зæрдæ æмæ зондæй фæтырнынц. Уый дæр сæ барæвдауы йæ уды рæсугъддзинадæй. Цæттæ вæййы сæ цины æмæ сагъæсы рæстæджыты сæ фарсмæ балæууынмæ.  Ахæмæй зонæм не ‘ппæт дæр газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы мыхуыргæнæг  Хæблиаты Лидæйы.  Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ цард бары рæстагæй фæллой кæныны тæразæй.

Кусын  райдыдта 1972 азы Дзæуджыхъæуы  хъуымацуафæн фабрик «Рокос»-ы. Фæстæдæр æй йæ царды фæндæгтæ ахуыдтой рог промышленносты æндæр куыстуæттæм,  фæлæ  мыхуыргæнæджы дæсныйад куы райста, уæд ын уый сси сæйрагдæр йæ царды.  Бауарзта йæ æмæ йæ къухты рæвдз æмæ цырд фезмæлдæй, æнæрæдыд архайдæй циндзинад хæссы адæмæн. Фыццаг уыд Мидхъуыддæгты министрады мыхуыргæнæг. Уый фæстæ та йæ æрбахуыдтой кусынмæ журнал «Ногдзау»-ы редакцимæ. Ам дæр  йæ зонд, арæхстдзинад æмæ æрхъуыдыйы руаджы, бирæ радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, очерктæ, уацтæ,  æндæр æрмæджытæ, цæмæй, журналы ныммыхуыр кæныны размæ, редакторы æмæ редакцийы иннæ кусджытæм   сыгъдæгæй хæццæ кæной, уый тыххæй Лидæ йæ  хъарутыл никуы бацауæрста. Куыд арæхстджын мыхуыргæнæг, афтæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой нæ республикæйы дзырдаивады дæснытæ. Советон рæстæджы æмæ уый фæстæ азты, сæ фылдæр редакцитæм се ‘рмæджытæ хастой къухфыстæй. Фæлæ-иу йæ уацмыс сыгъдæг фыстæй  ныммыхуыр кæнынмæ Лидæмæ чи æрбацыд, уыдонæн-иу, куыд уæздан æмæ дæсны мыхуыргæнæг, афтæ сæ къух ацарæзта. Йæ дæсныйадыл  æнувыд кæй у, хорз æй кæй зоны, уый фæбæрæг паддзахадон чиныгуадзæн «Ир»-ы, журналтæ «Ногдзау» (ам ма уыд  техникон редактор дæр), «Дарьял» -ы редакцитыл æмæ Фысджыты цæдисыл дæр.

Лидæ  афтæ арæхстджын у æмæ арæхсы, лыстæг фыст уа кæнæ ставд, уæддæр къухфыст æвзарынмæ. Уыцы уагыл кæны  йæ куыст ссæдз азæй фылдæр газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Алы кусæгимæ дæр ары иумæйаг æвзаг. Тызмæг дзырд дзы никуы никæмæ скодта,  æлхынцъæрфыгæй  дзы никуы никæмæ ракаст. Се ‘рмæджытæ сын рæвдз, афоныл,  аивæй  ныммыхуыр кæны.

Лидæ  канд дæсны  мыхуыргæнæг нæу, фæлæ ма у хорз бинойнаг æмæ ныййарæг дæр. «А» æмæ «о»-йæ фæцард зындгонд фыссæг, дæсны тæлмацгæнæг,  Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Хæблиаты Сафаримæ. Бирæ лæггад ын фæкодта йæ царды тыхст æмæ райдзаст бонты. Йе сфæлдыстадон фæндагыл ын бирæ хæрзты бацыд. Кæд абон Сафар не ‘хсæн нал ис, уæддæр ын йе сфæлдыстадон бынтæ цæстыгагуыйау хъахъхъæны. Йæ юбилейтæм æрмæг бацæттæ кæныны тыххæй дзы газетты кæнæ журналты редакциты кусджытæ, къамтæ кæнæ литературон æрмæг куы бацагурынц, уæд сын сæ цæстуарзонæй, арфæйы æмæ бузныджы ныхæстимæ,   радты.

Сафаримæ схъомыл кодтой дыууæ фæзминаг кæстæры — Чермен æмæ Алинæйы. Уыдон дæр сæ ныййарджытау сты царды рæсугъд фæндагыл аив къахдзæфтæгæнæг.

Ацы бонты, нæ зынаргъ æмкусæг Хæблиаты Лидæйæн у йæ  райгуырæн бон. Æмæ йын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ стыр  амонд! Уый та йæ кæстæртимæ баст у, æмæ сæ  кæддæриддæр райгонд уæд!

 

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here