Уалдзæджы æрдз кæй райхъал вæййы, уымæ гæсгæ цæугæдæттæ сæ былгæрæттæй ракæлынц. Æмæ уый расайы æнæнхъæлæджы бæллæхтæм.
Тарскæйы хъæуы, Ирыстойнаг уынджы цæрджытæ ныр цал æмæ цал хатты хъыгдард баййæфтой Камбилеевкæйы доны раивылдæй. Фæстаг дыууæ къуырийы цæугæдоны тыхджын уылæнтæ дыккаг хатт æрхастой фыдбылызтæ, бакалдысты цæхæрадæттæм, кæртытæм, бахъыгдæрдтой стурвос æмæ мæргъты. Фæндаг фехæлд, фæзынд дзы ахæм арф дзыхъхъытæ, æмæ дзы рог нæ, фæлæ уæзласæн машинæ дæр зынтæй ацæудзæн.
Горæтгæрон районы разамынд æмæ фæндагаразджытæ фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ бавнæлдтой. Донмарæн хæлд кæй æрцыд, уый аххосæй, тыхджын къæвдаты фæстæ Камбилеевкæ йæ донвæд баивта хъæуы уынгты кæлгæйæ. Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз дæр дон сæ хæдзæрттæм бакалд.
Ныртæккæ цæугæдон æрсабыр ис, фæлæ та цæмæй ма раивыла, уый тыххæй йын сæрмагонд службæтæ йæ былгæрæттæ фидар кæнынц, суанг донгуырæны цурæй, Камбилеевкæ йæ раздæры донвæдыл куыд акæла, афтæ. РЦИ-Аланийы Экологи æмæ æрдзон фæрæзты министрад йæхимæ хæс райста цæугæдоны былгæрæдтæ сфидар кæнын æмæ донмарæн ногæй рацаразын. Фæстæдæр та сног кæндзысты фæндаг хъыгдард баййафæг уынджы.
Нæ уацхæссæг














