Ацы аз Цæгат Ирыстоны скъолатæ каст фесты сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг 18 лæппу æмæ чызджы. Уыцы фæсивæды къордимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.
Республикæйы разамонæг йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй зноны скъоладзауты царды райдыдта ног, цымыдисагдæр рæстæг. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр, фæсивæд сæхи хъæппæрисджын æмæ зонындзинæдтæ райсынмæ æмхицæй равдыстой.
— Разæй уæм æнхъæлмæ кæсы дæргъвæтин æмæ бирæ цаутæ æмæ нысантæй хъæздыг цардвæндаг. Ныртæккæ та уæ размæ лæууы фидæны дæсныйад равзарыны хæс. Фæлæ цавæрфæнды куыстадон фæндагыл куы ацæуат, уæддæр уын хъуамæ сæйрагдæр уа аккаг адæймаг суæвын. Бауырнæд уæ, алы адæймаджы цардвæндагыл дæр цы бирæ зындзинæдтæ сæмбæлы, уыдоны сæрты ахизæн æнцондæр вæййы, адæймаг фæллойуарзаг, сыгъдæг æмæ æргом зæрдæ куы уа, уæд, — йæ хъуыды фæбæлвырд кодта Битары-фырт.
Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Хицауад ацы фæсивæдæн дарддæр дæр æххуыс кæндзæн.
— Уæндонæй цæут размæ, зонындзинæдтæм тырнут, цæмæй уæ равзæрст дæсныйады уат хуыздæртæ. Мах, хистæртæ та, архайдзыстæм, цæмæй уæ амондджын æмæ фæрныг цардæн уа зæрдæзæгъгæ уавæртæ, — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Республикæйы разамонæг арфæйы сæрмагонд ныхæстæ загъта, ацы курдиатджын фæсивæды чи схъомыл æмæ сахуыр кодта, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн.
Фембæлды архайæг фæсивæдæй алкæмæн дæр Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номæй ракодтой зæрдылдарæн лæвар. Фембæлды кæронбæттæны та систой иумæйаг зæрдылдарæн къам.
Фæсивæдæн арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Иринæ Азимова, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина, фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Хуыбиаты Барис æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Кокайты Артур дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ














