Аивады йӕ царды амонд ары

0
391

Аивад адӕймаджы уд сыгъдӕггӕнӕн ахъаззаджы фӕрӕз у. Йемӕ йӕ цард чи сбӕтты, уыцы адӕймаг йӕ хъысмӕтӕй вӕййы райгонд. Уымӕн ӕмӕ йын радты царды хи ссарыны амонд. Нӕ республикӕйы культурӕйы сгуыхт кусӕг, зындгонд фӕндырдзӕгъдӕг Хъыргъаты-Бураты Зӕлинӕ нӕ культурӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны 30 азӕй фылдӕр. Нӕ фыдӕлты музыкалон уадынгӕрз та бауарзта кафты фӕрцы.

Зӕлинӕ ма скъоладзау уыд, афтӕмӕй цыд йӕ райгуырӕн хъӕу Ногиры Культурӕйы хӕдзары кафджыты къордмӕ. Репетициты рӕстӕг кӕд кафгӕ кодта, уӕддӕр-иу ӕй дисы ӕфтыдта сӕ фӕндырдзӕгъдӕджы къухайст. Зӕлинӕ ма кафтӕй уӕлдай хорз сахуыр кодта балалайкӕйӕ цӕгъдын дӕр. Ирон рагон мелодитӕ-иу хъазты, кӕнӕ чындзӕхсӕвы куы фехъуыста, уӕд-иу сӕ уайтагъд цӕгъдын райдыдта. Сӕ кафджыты ансамблӕн та йӕ разамонӕг уыд зындгонд кафӕг, ЦИАССР-йы сгуыхт артист Дойаты Асатин. Ацы курдиатджын хореограф ын байгом кодта фӕндаг аивады рухс дунемӕ. Ансамблы кафгӕйӕ-иу Зӕлинӕ фӕндыр райста ӕмӕ-иу, сӕ фӕндырдзӕгъдӕг цы мелодитӕ цагъта, уыдон-иу ӕнцонтӕй ногӕй ранывӕзта. Чызджы къухайстмӕ йӕ хъус ӕрдардта Асатин ӕмӕ йын загъта, хуыздӕр кӕй уаид, фӕндырӕй цӕгъдын куы райдаид, уый. Уыцы ныхӕстӕ ӕрыгон чызгӕн фесты разӕнгарды хос. Йӕ сыхӕгтӕй-иу райста фӕндыр, ӕмӕ-иу иу иннӕйы фӕдыл гуырыдысты амӕй-ай аивдӕр мелодитӕ.

Уыгӕрдӕн алыхуызон дидинджытӕй куыд рӕсугъд вӕййы, афтӕ алы фӕндырдзӕгъдӕгӕн дӕр йӕхи ӕрмдзӕф ис. Йӕ курдиаты рӕзтыл ӕрвылбон куы фӕкусы, уӕд ын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ кӕны, йӕ бӕллицтӕ ӕххӕст кӕныны нысанмӕ ӕнцондӕрӕй фӕцӕуы.

1963 азы нӕ республикӕйы уыд ӕрыгон фӕндырдзӕгъдджыты ӕркаст-конкурс. Фыццаг хатт Зӕлинӕ уӕд схызт сценӕмӕ. Конкурсы программӕйы уацмыстӕ куы ацагъта, уӕд ын саккаг кодтой фыццаг бынат ӕмӕ ӕркасты сӕйраг приз — ирон фӕндыр. Райста йӕ уӕды рӕстӕг Коммунистон партийы обкомы фыццаг нымӕрдар Хъӕбӕлоты Билары къухӕй. Конкурсы жюрийы цы бирӕ зындгонд фӕндырдзӕгъдджытӕ уыд, уыдонӕй иу — УФ-йы сгуыхт артисткӕ Дзеранты Венерӕ ӕрыгон чызджы цагъдмӕ куы байхъуыста, уӕд ӕм конкурсы фӕстӕ бацыд, йӕ сӕр ын рӕвдаугӕ ӕрлӕгъз кодта ӕмӕ загъта: «Дӕхиуыл кус, фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр цӕгъдыныл архай ӕмӕ дӕ рауайдзӕн хорз музыкант»

Адӕймагӕн йӕ фыццаг къахдзӕф йӕ дӕсныйады куы фӕрӕстмӕ уа, уӕд ын уый йӕ дарддӕры царды свӕййы рухсхӕссӕг ӕмӕ фӕндагамонӕг. Зӕлинӕйӕн дӕр ахӕм фӕлварӕн уыд ацы конкурс. Куыд фӕндырдзӕгъдӕг, афтӕ та йӕ курдиат ноджы тынгдӕр райхӕлд, Дзӕуджыхъӕуы 9-ӕм профессион-техникон училищӕйы кафджыты ансамблы концертмейстерӕй кусын куы райдыдта, уӕд. Уырдӕм ӕй ӕрбахуыдта Дойаты Асатин. Ӕрыгон чызг ам хуыздӕр базыдта, кафджытӕн куыд цӕгъдын хъӕуы, уый. Фӕстӕдӕр ын Дзеранты Венерӕ радта Кафты паддзахадон ансамбл «Алан»-ы репетицитӕм цӕуыны бар.. Фӕстӕдӕр Зӕлинӕ раивта номдзыд фӕндырдзӕгъдӕджы ӕмӕ райдыдта кусын ацы зындгонд хореографион коллективы.

Кафӕг ӕмӕ фӕндырдзӕгъдӕг адӕмӕн уды бӕрӕгбон кӕй саразынц, стӕй сфӕлдыстадон хъуыддаджы, адӕмӕн циндзинад хӕсгӕйӕ, ӕмулӕфт кӕй хъуамӕ кӕной, кафӕгӕн йӕ алы аив къахайстмӕ дӕр лӕмбынӕг кӕсын кӕй хъӕуы, уый Зӕлинӕ, ансамблы кусгӕйӕ, хуыздӕр рахатыдта. Ацы номдзыд аивадон коллектив хистӕрӕй — кӕстӕрӕй се ‘ппӕт дӕр сӕхи хойау бауарзтой Зӕлинӕйы. Гастролты-иу нӕ бӕстӕйы кӕнӕ фӕсарӕнты куы уыдысты кафджытӕ, уӕд ма сын-иу суанг чъиритӕ дӕр скодта.

Де сфӕлдыстадон фӕндагыл дӕ амонд куы ссарай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ ӕмӕ уарзон адӕймагимӕ дӕ цард куы баиу кӕнай, уӕд ма уымӕй хуыздӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕр цы уа. Зӕлинӕмӕ дӕр, ансамблы кусгӕйӕ, бахудт йӕ амонд. 1968 азы йӕ цард баиу кодта ацы сфӕлдыстадон коллективы хуыздӕр кафджытӕй иу Хъыргъаты Валериимӕ. Дыууӕ сфӕлдыстадон кусӕджы ныр «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрынц фӕндзай азӕй фылдӕр. Зӕлинӕ, йӕ бинонты уавӕрмӕ гӕсгӕ, ансамбл «Алан»-ы сӕйраг къордӕй рацыд ацы ансамблы дӕлкъордмӕ. Ам дӕр кусын райдыдта, сабитӕн кафты аивады сусӕгдзинӕдтӕ чи амыдта, уыцы номдзыд кафӕг Тотойты Хъазыбегимӕ.

Хӕххон паддзахадон аграрон университеты ансамбл «Хохаг»-ы сфӕлдыстадон азфысты дӕр ныууагъта йӕхи сӕрмагонд фӕд. Кад ӕмӕ радӕй дзы фӕкуыста дӕс азы.

— Ӕз мӕ хъысмӕтӕй бузныг дӕн, ансамбл «Алан» ӕмӕ «Хохаг»-ы кӕй куыстон, аивад ӕцӕгӕйдӕр чи уарзта, йӕ уд ын нывондӕн чи хаста, ахӕм зындгонд адӕймӕгтимӕ. Фӕстӕдӕр ансамбл «Ирыстон»-ы кусын куы райдыдтон, уӕд мыл хорзӕй сӕмбӕлдысты ацы сфӕлдыстадон къорды уӕнгтӕ се ‘ппӕт дӕр. Абон дӕр сӕ тынг райгонд дӕн, — дзырдта мын Зӕлинӕ.

Ирон хихъӕппӕрисадон аивады йӕхи фӕд ӕмӕ ном ис Хетӕгкаты Къостайы номыл Культурӕйы хӕдзары  ансамбл «Хъуыбады»-йӕн. Йӕ фыццаг сӕргълӕуджытӕй иу уыд культурӕ ӕмӕ аивадыл ӕнувыд адӕймаг Бутаты Юри. Уый Зӕлинӕйы ӕрбахуыдта кусынмӕ. Ӕмӕ абоны онг Зӕлинӕ разӕнгардӕй фӕллой кӕны ацы артдзӕсты. Ам цы аивадон къордтӕ уыд, уыдоны йӕ фыццаг сфӕлдыстадон къахдзӕфтӕ акодта йӕ фырт Артур дӕр, куыд уадындзӕй дӕсны ӕмӕ арӕхстджын цӕгъдӕг, афтӕ.

— Хетӕгкаты Къостайы номыл Культурӕйы галуан, кӕд абон фӕсивӕдон центр сси, уӕддӕр дзы ис ӕнгом, кӕрӕдзийыл ӕнувыд коллектив. Фидар дзы у фӕлтӕрты ‘хсӕн бастдзинад. Уый та сфӕлдыстадон ахъаззаг куыстӕн йӕ сӕйрагдӕр рахӕцӕн у, — зӕгъы Зӕлинӕ.

Нӕ горӕты ӕмӕ республикӕйы ахӕм бӕрӕгбон нӕ вӕййы, Фӕсивӕдон центры сфӕлдыстадон къордтӕ кӕм нӕ архайой. Уымӕ гӕсгӕ, куыд фӕндырдзӕгъдӕг, афтӕ Зӕлинӕ бирӕ хъӕлдзӕг изӕртӕ, этнографион равдыстытӕ саив кӕны йӕ рӕсугъд фӕндырдзагъдӕй.

Адӕймаг зӕрдӕйӕ рӕсугъд куы уа, уӕд адӕмы ‘хсӕн йӕхицӕн ӕнӕмӕнг скӕндзӕн кад. Зӕлинӕ у удӕй хъӕздыг, бӕркадӕй та фӕрныг сылгоймаг. Цы сыхы цӕры, уым кӕмӕн нӕ балӕггад кодта, куыд дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг ӕмӕ бӕркадарм ӕфсин, ахӕм бинонтӕ нӕ разындзӕн. Ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй дарддӕр йӕ цардвӕндаг уа ӕнӕмаст ӕмӕ цинвӕлыст!

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here