Адӕмы, искӕцы нацийы сагъӕстӕ, сӕ зондахаст, сӕ бӕллицтӕ равзарынц иу курдиатджын генион лӕгмӕ ӕмӕ уый номыл ахӕлиу вӕййынц ӕппӕт дзыллӕтыл. Ахӕм курдиатджын лӕгтӕй иу уыд Санаты Сем. Ирон легендарон таурӕгъгӕнӕг ӕмӕ рагзӕгъӕг райгуырд 250 азы размӕ Захъагомы дзуарджын бынаты. Зыдта авд ӕвзаджы. Йӕ хъуыдытӕ уыдысты бирӕвӕрсыг, парахат, ӕргом, сӕрибар ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Дзырдта рӕсугъд, хъӕздыг ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвзагӕй. Адӕм ӕм хъусынӕй не ‘фсӕстысты, хайджын уыд ораторы дӕсныйадӕй, ӕмӕ-иу кӕимӕ ныхас кодта, уыдонимӕ-иу хӕрзӕнцонӕй ссардта иумӕйаг ӕвзаг. Адӕм ӕм хъуыстой цымыдисӕй, уымӕн ӕмӕ дӕсны пайда кодта фыдӕлты таурӕгътӕй, ӕмбисӕндтӕй, фӕсномыг ныхӕстӕй, дзырды аив фӕзилӕнтӕй.
Ӕрдзон зонындзинӕдтӕй уыд хайджын, дзырдта дунейы сконд ӕмӕ ӕрдзы ивддзинӕдты тыххӕй, царды цы уыд ӕмӕ цы уыдзӕн, уыдон тыххӕй.
Санаты Семы фӕлгонц у адӕмы хъуыдытӕ ӕвдисӕг лӕджы фӕлгонц. Сем равзӕрд ирон адӕмы астӕу. Адӕм ӕй фӕхайджын кодтой: сӕ зонд, сӕ фарн, сӕ курдиат, сӕ намысӕй. Ӕмӕ абон дӕр йе ‘мбисӕндтӕ, йӕ таурӕгътӕ сыгъзӕрин нӕмгуытау тӕмӕнтӕ калынц ирон адӕмон сфӕлдыстады, ирон ӕвзаджы. Уӕ размӕ дзы хӕссӕм цалдӕр.
Адӕм дыл худдзысты
Иу хъӕумӕ цӕугӕйӕ, Сем фембӕлд цавӕрдӕр ӕдзӕллаг лӕгыл ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Цӕмӕн сафыс фыдӕлты намыс? Цӕмӕн халыс кӕстӕр фӕлтӕры?! Бакӕс-ма дӕхимӕ: дӕ уӕрдон пырхытӕ, дӕ гал зӕронд кауы хуызӕн. Галӕн дӕм йӕ маст бӕргӕ тоны, фӕлӕ…
Лӕг фӕмӕсты Семмӕ, дзурын ӕй нал бауагъта, фӕлӕ йӕм райдыдта хыл кӕнын, ӕлгъитын, лӕбурын. Нал ӕнцад йӕ хъӕрӕй, йе ‘фхӕрӕн ныхасӕй. Хъӕумӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Сем ӕрлӕууыд ӕмӕ лӕгмӕ дзуры:
— Цы дзуринаг, цы ‘лгъитинаг ма мын дӕ, уый мын ам зӕгъ, кӕннод дыл хъӕуы адӕм худдзысты.
Куыд схъӕздыг мӕгуыр лӕг
Мӕгуыр лӕг бафтыди фыййӕуттӕм. Чысыл фӕстӕдӕр уырдӕм бахӕццӕ Сем дӕр. Уыцы рӕстӕджы фыййӕутты фосӕй иу фыс ныззад дыууӕ уӕрыччы: сыл ӕмӕ нӕл. Уӕрыччытӕ уасыдысты, уӕдӕ цы кодтаиккой. Сем сӕм хъуыста лӕмбынӕг ӕмӕ мӕгуыр лӕгӕн афтӕ зӕгъы: «Ацы дыууӕ уӕрыччы ма ныууадз ӕнӕ балхӕнгӕ».
— Мӕ хӕдзары куы ницы ис, уыдонӕй дӕр ма цы кӕнын, сӕ масты аргъ нӕ уыдзысты, — ӕнкъардхуызӕй дзуапп радта мӕгуыр лӕг.
— Нӕ, нӕ, балхӕн сӕ, — загъта Сем. Уӕртӕ куыд дзурынц, уымӕ ма байхъус. Сыл-уӕрыкк афтӕ зӕгъы иннӕмӕн, уӕртӕ, дам, мӕ уыцы мӕгуыр лӕг куы балхӕнид, уӕд, дам, ын мин фысы мад уаин. Ӕмӕ йын нӕл-уӕрыкк афтӕ: «Бӕргӕ, мӕн дӕр куы балхӕнид, уӕд ын ӕз та мин фысы фыд уаин».
Мӕгуыр лӕгӕн кӕд уӕрыччытӕ нӕ уӕй кодтой, уӕддӕр нал ныууагъта фыййӕутты ӕмӕ йын сӕ ауӕй кодтой. Бирӕ рацыд, чысыл, уый чи зоны, фӕлӕ мӕгуыр лӕгыл Семы ныхас ӕрцыд — йӕ фос, йӕ исбон ӕфснайын дӕр нал фӕрӕзта — схъӕздыг.
Къонайы маст
Сем хӕхбӕстыл куы азылд, уӕд Хилакъӕй Захъамӕ цӕугӕйӕ, Стыр хохӕй хъӕумӕ рагъӕй ӕркаст. Иу хӕдзары сӕрмӕ фӕздӕг зилдухгӕнгӕ хӕрдмӕ цӕвы. Лӕгтӕ Семы бафарстой:
— Уый цавӕр диссаджы фӕздӕг у?
— Фӕздӕг кӕцӕй цӕуы, уыцы хӕдзары ис хуынд, — загъта Сем. — Сӕ бадты адӕм уырдыглӕууӕгӕн иу хай, иу нуазӕн дӕр нӕма радтой, ӕмӕ къона мӕсты кӕны.
Ӕрцыдысты хъӕумӕ. Ӕцӕгдӕр, хъӕуы уыди куывд. Бахуыдтой сӕ. Ӕрбадын сӕ кодтой. Иучысыл куы абадтысты, уӕд Сем нуазӕн авӕрдта уырдыглӕууӕгӕн.
— О, амондджын уазджытӕ фӕуат, уӕддӕр ма мӕ сымах ӕрхъуыды кодтат. Абондӕргъы кӕй уӕлхъус лӕууын, кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыдон мӕ не ‘рхъуыды кодтой, фӕлӕ сымах — Хуыцауы зӕрдыл хорзӕй фӕлӕуут.
Сем куы рацыд йе ‘мбӕлттимӕ, уӕд скаст фӕздӕгмӕ, уый рӕстмӕ цӕуын райдыдта.
Бацӕттӕ сӕ кодта Абайты Эдуард














