Нӕ Иры нӕртон хъӕбул Къоста йе ‘мдзӕвгӕ «Ныфс»-ы фыста: «Йӕ фыды фӕндиаг кӕм вӕййы фырт дӕр». Фӕлӕ фырт йӕ хистӕрты фарн цардмӕ ноджы рӕсугъддӕрӕй куы рахӕссы, уӕд ма уымӕй хуыздӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕр цы уа.
Газет «Рӕстдзинад»-ӕн бирӕ хӕрзты чи бацыд, йӕ фарн ӕмӕ йын йӕ номыл аууон чи никуы баппӕрста, фӕлӕ дзы дӕллаг галау чи фӕфыдӕбон кодта, уый уыд РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, газеты сӕйраг редакторы раздӕры хӕдивӕг, курдиатджын поэт ӕмӕ публицист Цомайты Ростислав. Уый йӕ бирӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ поэтикон, публицистон ӕрмӕджытӕй, спортивон репортажтӕй адӕмы зӕрдӕтӕм скодта рӕсугъд фӕндаг. Стыр хъыгагӕн, цалдӕр азы размӕ уый не ‘хсӕнӕй фӕхъуыд. Фӕлӕ йын йӕ фарн дарддӕр рӕсугъдӕй хӕссы йӕ фырт Азӕмӕт. Уый у ӕгъдауджын, уӕздан лӕппу, йӕхи фӕзминагӕй ӕвдисы спорты хуыз ушу-йы.
Йӕ фыды фарн та бӕрзонддӕр уымӕй хӕссы, ӕмӕ йӕм Хуыцауӕй фӕхӕццӕ поэтикон курдиат дӕр. Ӕмдзӕвгӕтӕ фыссы, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕдӕй. Кӕд, Ростиславӕй хъауджыдӕр уырыссаг ӕвзагыл ранывӕнды йӕ уды сусӕг, фӕлӕ аив хъуыдытӕ, уӕддӕр йӕ дзырд у ӕнкъарӕнджын. Поэзиуарзджытӕ йын йе сфӕлдыстадимӕ зонгӕ уыдысты социалон хызтӕй. Ныр та йӕ поэтикон сфӕлдыстад мыхуыры рацыд хицӕн поэтикон ӕмбырдгондӕй «Тишина твоей планеты», зӕгъгӕ, ахӕм сӕргондимӕ.
Ӕмбырдгонд райдайы ӕмдзӕвгӕ «Чысыл принц»-ӕй. Экзюперийы аргъауы хъӕбатырӕн йӕ зӕрдӕ куыд ӕххӕст у уарзтӕй, афтӕ авторы зӕрдӕ дӕр цӕры ӕрдзмӕ, йӕ алыварс адӕммӕ уарзты цинӕй.
Ӕрыгон лӕппуйӕн йӕ уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕй сты, чызгимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ сабыр ӕмӕ ӕргом ныхас кӕй кӕны, уый та фыст у йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕ «Мидхъӕлӕс»-ы. Сыгъдӕг уарзты ӕнкъарӕнтӕ куы баиу уой, уӕд дзы, фыццаг донуайӕн кӕй рауайдзӕн, уый фӕстӕ та сыгъдӕг уарзты ӕнкъарӕнтӕй фурд, уый нын ӕвдисы ацы ӕмдзӕвгӕйы кӕронбӕттӕн рӕнхъыты.
Ӕрыгон лӕппу, царды цы ӕвзары, цы фены, уымӕ кӕсы философы цӕстӕй. Уыцы цаутыл хъуыды ӕмӕ сын аргъ кӕны йӕхи цӕстӕнгасмӕ гӕсгӕ.
Уарзты ӕнкъарӕнтӕй уӕлдай ма Азӕмӕт йе ‘ргом здахы ӕхсӕнады цаутӕм дӕр. Нӕ бӕстӕйы адӕмӕн уарзон ӕмӕ зындгонд сси акци «ӕнӕмӕлгӕ полкъ». Уым фӕархайы нӕ бӕстӕйы алы цӕрӕг дӕр. Хӕсты чи уыд, уыдонӕй алчидӕр хъӕбатыр кӕй у, уый тыххӕй Азӕмӕты хъуыдытӕ кӕсӕм ацы уацмысы.
Царды ног фӕндаг айгӕрдынмӕ чи фӕтырны, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕ бон бауыдзӕн ног цард саразын. Ахӕм хъуыдытӕй дзаг у йе ‘мдзӕвгӕ «Бунтарь».
Адӕймаг зӕххыл цӕры сыгъдӕг ӕмӕ ӕрвон уарзтӕн, цард та цӕуы лӕджы рухс ӕмӕ бӕллиццаг хъуыдытӕй. Ӕрыгон лӕппу Цомайты Азӕмӕты ӕмӕ йӕ уацмысты лирикон геройы дуне сабыр кӕй у, амонд ӕмӕ фӕрныгадӕн бынат кӕй ис, уый йӕ поэтикон уацмысты фыццаг чиныг «Тишина твоей планеты»-йы зыны ирдӕй. Ӕмӕ йӕ чи бакӕса, уыдоны зӕрдӕмӕ, ӕнӕмӕнг, кӕй фӕцӕудзӕн, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнӕм.
Азӕмӕт йӕ фыды фарнмӕ, йӕ поэтикон курдиатмӕ табуйаг цӕстӕй кӕй кӕсы, уый бӕрӕг у, йӕ фыццаг чиныгӕй йӕ фыд Ростиславы ном кӕй ары, уымӕй.
Гасанты Валери















