Суворовонты бӕрӕгбон

0
220

Зонындзинӕдты рӕсугъд бӕрӕгбон знон ацыд Дзӕуджыхъӕуы цӕгаткавказаг суворовон училищӕйы дӕр. Ӕвзонг курсанттӕн уыцы бон дывӕр бӕрӕгбон уыд. Иуӕй сӕ ног ахуыры азы дзӕнгӕрӕг ӕрбамбырд кодта, иннӕмӕй та бакъахдзӕф кодтой ног бӕстыхаймӕ, ног нырыккондӕр уавӕртӕй ӕххӕст ӕфсӕддон цардмӕ. Суворовон училищӕйы ног комплекс арӕзт у 26 объектӕй, ис дзы ӕппӕт фадӕттӕ дӕр. Дзуапп дӕтты ӕфсӕддон ахуыры домӕнтӕн.

Кадджын бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг, ӕфсады инӕлар Николай Панков, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, авиацийы инӕлар Къаболаты Солтан, курсантты ныййарджытӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ.

Бӕрӕгбон райдыдта суворовонты маршӕй. Уый фӕстӕ Николай Панков УФ-йы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу ӕмӕ йӕхи номӕй зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта ӕвзонг курсанттӕн:

— Зынаргъ суворовонтӕ! Ацы рӕсугъд кадджын боны уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй ахуыры бӕрзӕндтӕм уӕнгрог ӕмӕ ныфсджынӕй хизат. Училищӕ у нӕ бӕстӕйы хъахъхъӕнынады рагондӕр ахуырадон скъола. Бирӕ намысджын фӕлтӕртӕ Фыдыбӕстӕйы сабыр царды сӕраппондӕн чи схъомыл кодта, ахӕм. Училищӕйӕн ис хъӕздыг истори, у бирӕнацион хъомылгӕнинӕгты иумӕйаг хӕдзар. Ӕмӕ мӕ уырны, ацы ран цы хъӕздыг ӕфсӕддон зонындзинӕдтӕ райсдзыстут, уыдон кӕй уыдзысты нӕ бӕстӕйы фӕрныгадӕн, бахъуаджы сахат ныфс ӕмӕ хъаруйы мадзӕлттӕн. Училищӕйы кӕддӕриддӕр уыдис фидар фӕтк, бирӕ нациты сывӕллӕтты ӕфсымӕрдзинад ӕмӕ хӕлар ахастдзинӕдты закъон. Ахуыр кӕнут уӕлахиз уӕвыныл ӕмӕ уӕ равзӕрст фӕндагыл макуы фӕцудут.

Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дӕр ракодта бӕрӕгбоны архайджытӕн арфӕтӕ ӕмӕ радзырдта, Суворовон училищӕйы кад йӕ равзӕрдӕй абонмӕ бӕрзонд кӕй уыдис, уый тыххӕй.

— Абон ӕвдисӕн стӕм, Суворовон училищӕйы ног комплекс кӕй байгом, уыцы цауӕн. Ацы бонмӕ бирӕ азты ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уымӕн ӕмӕ зӕронд бӕстыхайы уавӕртӕ ахуыры домӕнтӕн дзуапп нал лӕвӕрдтой. Ирыстон нӕ бӕстӕйӕн цы бирӕ номдзыд хӕстон лӕгты балӕвар кодта, уый амонын никӕмӕн хъӕуы. Ӕфсӕддон историйы сӕ нӕмттӕ сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцыдысты. Сӕдӕ азы размӕ куы равзӕрд, уӕдӕй абонмӕ йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ кад ӕмӕ намысимӕ хастой училищӕйы рауагъдоны ном. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты суворовонтӕ-афицертӕ стыр сгуыхтдзинӕдтӕ равдыстой Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау. Ныр цы ног уавӕртӕм бахызтыстут, уыдон та уын ноджы хуыздӕр ӕфсӕддон цӕттӕдзинады бындур сты. Бузныг зӕгъын Сергей Шойгуйӕн, йӕ фыццаг хӕдивӕг, не ‘мзӕххон Цӕлыккаты Русланӕн. Уыдоны хъӕппӕрисӕй сырӕзт ног ӕфсӕддон комплекс Ирыстоны, — загъта Битарты Вячеслав.

Нӕ республикӕйы Ветеранты советы сӕрдар, авиацийы инӕлар Къаболаты Солтан та хистӕр фӕлтӕры номӕй радзырдта, куыд вазыгджын у ӕфсӕддон цӕттӕдзинадӕн ацы ног объект, уый тыххӕй.

— Сӕрыстырдзинадӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг. Нӕ бӕстӕйы разамынд ӕмӕ хъахъхъӕнынады министр бацархайдтой, цӕмӕй ацы бон ӕрцыдаид ӕмӕ нӕхи цӕстӕй федтаиккам, суворовон училищӕйы ног цардмӕ цы хъӕздыг фадӕттӕ ӕмӕ техникӕимӕ бахызт, уый. Курсанттӕн та хорз уавӕртӕ саразын, цӕмӕй фидӕны сабырдзинад ныфсджынӕй аразой, кӕм бахъӕуа, уым та аккаг ныхкъуырд дӕттой, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнцон саразӕн нӕ уыдысты. Мах, хистӕр фӕлтӕр, хорз хъуыды кӕнӕм, ахӕм уавӕртӕ кӕд нӕ уыд ӕфсӕддон ахуыртӕн, уӕддӕр нӕ Фыдыбӕстӕйы раз нӕ цӕсгом никуы фӕчъизи кодтам. Архайдтам алы гӕнӕнтӕй дӕр нӕ Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕныныл ӕмӕ патриотизмы фарстытӕ рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады нывыл ӕххӕст кӕныныл. Ӕнтыстджын ут уӕ ахуыры ӕмӕ бӕрзонд уӕлахизтӕм тырнут, — загъта Къаболаты Солтан

Зонындзинӕдты бӕрӕгбон цӕгаткавказаг суворовон училищӕйы нӕ ацыд ӕнӕ концертон программӕйӕ дӕр. Гугкаты Эдуарды разамындӕй сывӕллӕтты кафджыты къорд «Сӕрмӕт» акодта джигитовкӕ, училищӕйы ног фӕзы азӕлыдысты марш «Прощание славянки» ӕмӕ суворовонты вальс. Уый фӕстӕ Николай Панков ӕмӕ Битарты Вячеслав алыг кодтой, ног бӕстыхаймӕ бацӕуӕны сырх лент. Уазджытӕ ӕрзылдысты ӕппӕт объекттыл дӕр ӕмӕ федтой сӕрмагонд техникӕйӕ ифтонггонд аудиторитӕ.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here