Авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр уыдзысты

0
371

Республикӕйы цӕрджыты ӕргом спортмӕ аздахыны нысанимӕ Цӕгат Ирыстоны разамынд бацӕттӕ кодта регионалон проект «Спорт — царды фӕтк». Уый фӕрцы хъуамӕ фӕпарахатдӕр уой физикон культурӕ ӕмӕ спортӕй архайыны фадӕттӕ, уыимӕ дӕрддзӕф хъӕуты дӕр, спортивон скъолаты та зынгӕ фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн спортивон цӕттӕдзинад.

Фарон проекты фӕлгӕты республикӕйы районты фӕзынд спортивон инфраструктурӕ, спортивон скъолатӕн балхӕдтой хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ. Алагиры, ӕрыдоны, Цыколайы, Октябрыхъӕуы сарӕзтой чысыл спортивон фӕзтӕ, Мызуры та — гом физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс. Афтӕмӕй районты цӕрджытӕн фӕзынд «ГТО»-йы нормӕтӕ дӕттыны фадат. Ӕппӕт хъуыддӕгтӕн бахъуыд 35437 мин сомӕй фылдӕр.

Уӕрӕсейы иугонд командӕтӕн спортсментӕ цӕттӕгӕнӕг организацитӕм фӕхӕццӕ паддзахадон ӕххуыс 18418 мин сомӕй фылдӕр. Уыдонӕй республикӕйы 9 спортивон скъолайӕн балхӕдтой тренировкӕтӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны царды уадзынц «2016-2020 азты Уӕрӕсейы Федерацийы физикон культурӕ ӕмӕ спорты рӕзт»-ы федералон программӕ. Уый фӕрцы фарон сарӕзтӕуыд 9 бирӕкъабазджын хъазӕн фӕзы Олгинскӕйы. Тарскӕйы, Советскоейы, Цӕлыччы, Винограднӕйы, Хъызлары, Ново-Осетиновкӕйы, ӕрхонкӕйы, Нартыхъӕуы. Гом физкультурон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекстӕ — Елхоты, Мӕздӕджы, Беслӕныхъӕуы, Дигорайы.

Дзӕуджыхъӕуы бавнӕлдтой спортивон хъӕбысхӕсты центр аразынмӕ, спортивон скъола «ӕвзонгад»-ы сӕвӕрдтой ног хъазӕн фӕз, олимпиаг фӕсауӕрцы скъолатӕн та — хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ.

Ӕдӕппӕтӕй сын бахъуыд 256219 мин сомы. Фарныхъӕуы бирӕкъабазджын хъазӕн фӕзы арӕзтад дӕр кӕронмӕ ӕрхӕццӕ, схардз ыл кодтой 5063 мин сомы. Афтӕмӕй 2019 азы уыцы нысантӕн иумӕйагӕй бахъуыд 312243 мин сомы.

Ацы аз хъуамӕ саразой 14 бирӕкъабазджын хъазӕн фӕзы Хуымӕллӕджы, Црауы, Даргъ-Къохы, Мичурины, Веселӕйы, Предгорнӕйы, Камбилеевкӕйы, Киевскоейы, Черноярскы, Змейкӕйы, Терскоейы, ӕрыдоны, дыууӕ — Алагиры. Дзӕуджыхъӕуы спортивон хъӕбысхӕсты центр дӕр хъуамӕ ацы аз кӕронмӕ срӕвдз уа. Нысантӕн радих кодтой 231585 мин сомы.

Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕвзонг фӕсивӕды футболон скъола «Спартак-Алани»-йы хъазӕн фӕз ног, ӕнӕихсигӕ ӕмбӕрзӕнӕй раивынӕн радих кодтой 13311 мин сомы. Олимпиаг фӕстауӕрцы сывӕллӕтты — ӕвзонг фӕсивӕды сӕрмагонд спортивон скъолатӕн хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕ балхӕнынӕн радих кодтой 10336 мин сомы. Ӕрыдоны райдыдтой спортивон комплекс аразын, хъуамӕ срӕвдз уа 2021 азы. Ацы азӕн ын радих кодтой 179785 мин сомы.

Кировы ӕмӕ Дыгуры районӕн балхӕндзысты ӕмӕ дзы сфидар кӕндзысты спортивон-технологон ифтонггӕрзтӕ, афтӕмӕй ма чысыл фӕзтыл бафтдзӕн. Уымӕн радих кодтой 5351 мин сомы. Ацы аз Уӕрӕсейы иугонд командӕтӕн спортсментӕ цӕттӕгӕнӕг кусӕндӕттӕн паддзахадон ӕххуысы хуызы ратдзысты 5758 мин сомӕй фылдӕр. Ӕдӕппӕтӕй 2020 азы хъуыддӕгтӕн иумӕйагӕй радих кӕндзысты 403678 мин сомы.

Ӕхсараты Розӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here