Стыр цъына дӕр хъӕмпы хӕлттӕй арӕзт вӕййы

0
262

Плиты Гӕбилайы байзӕддагимӕ иумӕ схъомыл стӕм Рукъы Есеты хъӕуы. Уыцы рӕстӕджы алы хӕдзары дӕр авд-аст сывӕллонӕй къаддӕр нӕ уыдис. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ацы бинонтӕн, сӕ хӕдзарвӕндагӕн стыр аргъ кӕнын, уӕлдай тынгдӕр та, нӕхи ахуыргонд ӕмӕ сыгъзӕрин зӕрдӕйы хицау Плиты Гацырӕн.

Гацырмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ ис, у зондджын, мӕлгъӕвзаг, ӕгъдауджын, лӕггадгӕнаг, ӕнӕуӕлдай ныхас, мыггаджы фидауц. Иунӕг Хуыцау ын ӕнӕниздзинад радтӕд. Йӕ хо Плиты Ирӕ ӕрӕджы рауагъта дзӕбӕх чиныг «Плиты Есе ӕмӕ Есеты хъӕу» Дзӕуджыхъӕуы Акционерон ӕхсӕнад «Осетия-Полиграфсервис»-ы. Чиныг аразӕг, Бызыккаты Земфирӕимӕ, сӕ курдиат хӕссынц чиныгкӕсӕгмӕ, уӕлдайдӕр та — Плиты мыггагмӕ, ома, чиныджы тыххӕй, уӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ хъуыдытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, зӕгъгӕ.

Чиныг иумӕйагӕй дзӕбӕх рауад, фӕлӕ йӕ сӕргондмӕ гӕсгӕ фаг фыст нӕу… Есеты хъӕуы фараст хӕдзары уыд ӕмӕ чиныджы автор дыууӕ хӕдзары кой йеддӕмӕ не скодта.

Джиуийы комкоммӕ фӕдонтӕ Уасдже ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты Стъепкъо ӕмӕ Филипп, сӕ байзӕддӕгтӕ: Леня, Уырызмӕг, Олег, Дима ӕмӕ Максим. Леня йӕ цӕрӕнбонты Мӕскуыйы цӕсгомджынӕй, стыр кадимӕ фӕкуыста зӕххы бын (секретный) сусӕг заводы бӕрнон бынӕтты цӕсгомджынӕй, стыр кадимӕ. Уырызмӕг уыди геодезист, куыста Мӕскуыйы дзӕбӕх бынӕтты. Нӕ поэт — Плиты Оледжы кой нӕ кӕнын, цӕрын ын нӕ бантыст. Фынддӕс азы йӕ амӕлӕтыл рацыд, фӕлӕ иунӕг хатт дӕр йӕ ном ничи ссардта, уымӕн ӕмӕ амонд раскъӕфгӕйӕ нӕу.

Зындгонд, адӕмуарзон фыссӕг Джусойты Нафи Оледжы поэтикон бынты тыххӕй афтӕ фыста: «Олег уыд курдиатджын поэт-лирик, ӕмӕ йын мӕ нымадӕй искуы рауадзын хъӕуы йӕ уацмысты хуыздӕртӕ иу бӕстон, ӕвзӕрст чиныгӕй, ома, ирон поэзийы къӕбицмӕ йӕ уды номыл хӕрзӕгау цы бахаста, уыдон. Йӕ иннӕ фыстытӕ дӕр цӕрдзысты литературон хъӕубӕсты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Фӕлӕ йын йӕ «Сӕйраг чиныг» та хъуамӕ зона алы ирон ахуырдзау лӕг дӕр».

Ирӕйы чиныджы ахуыргонд Плиты Гацыры ныхас мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд: «Плитӕ стыр мыггаг сты, ӕмӕ иугӕйттӕй зын кусӕн у, ахӕм ӕрмӕгыл». Джиуийы тыххӕй Ирӕ бирӕ таурӕгътӕ фӕфыста, хъӕууон устытӕ ныхасы куы ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ ӕмхуызонӕй зыд ныхас куы фӕкӕнынц, афтӕ… Фӕлӕ ма ууыл ис бирӕ таурӕгътӕ. Плиты мыггаджы Джиуийы ном баззад куыд уӕздан, сыгъдӕгзӕрдӕ, адӕмимӕ ӕнгом, уынаффӕгӕнӕг, ӕнӕхъуаджы никуы никӕй бафхӕрдта. Абон дӕр йӕ ном баззад адӕмы зӕрдӕты ӕмӕ йӕ мысынц, куыд кадджын, номхӕссӕн лӕг!

Ирӕ йӕ чиныгӕн йӕхӕдӕг тынг хорз аргъ скодта, дон дӕр дзы нӕ атӕддзӕн. Гацыры ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ загъта: «Хъӕмпы хал дӕр, дам, цыдӕр ӕххуыс вӕййы». Иттӕг хорз, мӕ зынаргъ хо Ирӕ!

Ирӕ, мӕ хо, мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы ӕнӕниздзинад, сфӕлдыстадон хъарутӕ, бирӕ аив ӕмӕ ма, рӕсугъд уацмыстӕ куыд рауадзай, уыцы амонд дын Стыр Хуыцау балӕвар кӕнӕд!

Плиты Ленӕ, Дзӕуджыхъӕу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here