Этносты ‘хсӕн журналистикӕйы скъола

0
206

Дзӕуджыхъӕуы байгом уыдзӕн этносты ‘хсӕн журналистикӕйы скъола, ныртӕккӕ йӕм исынц, кӕй фӕнды, уыдоны. Ахуыр дзы кӕндзысты лӕвар. Проекты регионалон куратор Бедойты Зӕлинӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй скъола кусын райдайдзӕн сентябры кӕрон, курсытӕ уыдзысты дыууӕ мӕйы.

Уӕдмӕ йӕ ахуырдзаутӕ сахуыр уыдзысты дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты ӕппӕт хуызтӕн ӕрмӕджытӕ цӕттӕ кӕнын, ацӕудзысты-иу коференцитӕм, фестивалтӕм, фадат сын уыдзӕн сӕ фӕлтӕрддзинадыл бафтауынӕн.

Программӕмӕ бахастой лекцитӕ экспертты архайдимӕ, нӕ бӕстӕйы скъолаты архайдимӕ телехидтӕ. Скъоламӕ хи ныффыссӕн ис ахӕм телефоны фӕрцы: 8-988-872-27-05. Проекты бацархайыны тыххӕй хуынд цӕуынц профилон факультетты ӕмӕ, ахуырмӕ нырма ныр чи бацыд, уыцы адӕм. Рауагъдонтӕн ратдзысты курсыты тыххӕй сертификаттӕ, хуыздӕртӕ архайдзысты Мӕскуыйы медиафорумы ӕмӕ Ярославлы этноэкспедицийы.

Дзӕуджыхъӕуы этносты ‘хсӕн журналистикӕйы скъола арӕзт цӕуы ӕртыккаг хатт, у сын Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты иумӕйаг проект.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here