Лӕцаг тӕппуд

0
281

Таурӕгъ

Знӕгты ныхмӕ тохы-иу чи бамбӕхст, уыцы тӕппудтӕн Ирыстоны алы хъӕу дӕр хаста йӕхи тӕрхон.

Лӕцы хъӕуы дӕр дзы иу ахӕм разынд. Нӕ рацыд фӕдисмӕ. Йӕ ном хуындис Хъызыл. Знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ, хӕсты чи фӕмард, уыдоны хъӕуы астӕу куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд хъӕуы хистӕрты размӕ ӕрбахӕццӕ кодтой Хъызылы. «Хъызыл, ды куы нӕ бамбӕхстаис, уӕд, чи зоны, ацы лӕппутӕй исчи ӕгасӕй баззадаид, ныр дын мах тӕрхон кӕнӕм. Маргӕ дӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ дӕ царды бонтӕ ӕгадӕй куыд фервитай, афтӕ», — загъта хистӕртӕй иу. Хъызылӕн уыцы тӕрхон уыд амарынӕй фыддӕр, ӕгадӕй йӕ бонтӕ ӕрвыста. Куы базӕронд ӕмӕ куы амард, уӕд ын ног тӕрхон рахастой.

Фӕндагыл ӕй цӕхгӕрмӕ баныгӕдтой. Фӕндаджы иу фарсӕй иннӕмӕ йыл ингӕн сарӕзтой. Йӕ ингӕн даргъ рауад. Уыцы ингӕны тыххӕй баззад ныхас, «лӕцаг марды дӕргъӕн», зӕгъгӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here