Зӕххы фарстытӕ

0
508

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз фембӕлд паддзахадон исбон ӕмӕ зӕххы ахастдзинӕдты министр Тедеты Русланимӕ. Рӕгъмӕ рахастой республикӕйы зӕххытӕй пайда ӕмӕ сӕ инвентаризаци кӕныны, ӕххӕстгӕнӕг хицауадон оргӕнты хаццоны бӕстыхӕйттӕй паддзахадон бынӕттӕм раивыны, ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ.

Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтӕмӕй Тедеты Русланы архайдӕй у разы. Министрад стыр ӕвӕрӕн бахаста экономикон архайды бынат «Мамысон»-мӕ. «Туристон кластер «Мамысон» саразын у тынг вазыгджын ӕмӕ хъӕугӕ хъуыддаг. Ӕппӕты тыхстагдӕр сты зӕххимӕ баст фарстытӕ, домынц ахъаззаг архайд. Дӕ куыстмӕ кӕсыс бӕрнонӕй, уый нын бар дӕтты, нӕ размӕ ӕвӕрд нысантӕ ӕмӕ хӕстӕ афойнадыл ӕххӕстгонд кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл зӕрдӕ дарынӕн. Цыбыр рӕстӕгмӕ ды фӕбӕрӕг кодтай нысангонд хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ алыг кӕныны рӕстӕг», — фӕбӕрӕг кодта Тускъайы-фырт.

Ныхасы ахсджиаг фӕзилӕн — зӕххы инвентаризаци ӕмӕ йӕ хаццоны дӕттыны хъуыддӕгтӕ. Тедеты Руслан куыд радзырдта, афтӕмӕй-иу ахӕм цаутӕ дӕр рабӕрӕг, ӕмӕ зӕххы хӕйттӕй пайда нӕ кодтой кӕнӕ та дзы куыстой, хаццонӕн нӕ фидгӕйӕ. «Бадзырдтӕ нӕ бафысгӕйӕ, хаццоны фиддонтӕ нӕ хӕсгӕйӕ, зӕххы хицӕуттӕ сӕхи пайдайӕн кусынц. Муниципалон скондтӕм дзы ницы хӕццӕ кӕны», — бафиппайдта Тедейы-фырт.

Республикӕйы Хицауады Сӕрдар ын бахӕс кодта, цӕмӕй иннӕ фембӕлдмӕ бацӕттӕ кӕна, муниципалон районты ӕбӕрӕг зӕххыты хыгъд. Хаццоны бынӕттӕй ӕххӕстгӕнӕг хицауадон оргӕнты кусджыты паддзахадон бынӕттӕм раивыны хъуыддаг дӕр у вазыгджын. Тедеты Русланы ныхасмӕ гӕсгӕ уал бацӕттӕ кодтой хъӕугӕ бӕстыхӕйттӕ, уый республикон бюджеты фӕрӕзтӕ уӕлдай хӕрдзтӕй бахъахъхъӕндзӕн. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтӕмӕй бынӕттӕм базилынӕн ӕхца бюджеты бавӕрдзысты.

Тедеты Руслан бузныг загъта Хицауады Сӕрдарӕн йӕ ахасты, куыстадон архайдӕн цы аргъ скодта ӕмӕ цӕстдарды тыххӕй.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here