Мӕздӕджы район зындгонд у йӕ фӕллойуарзаг цӕрджытӕй

0
420

Республикӕйы хорджындӕр, бӕркадджындӕр ӕмӕ хуымзӕхджындӕр муниципалон скондтӕй иу у Мӕздӕджы район. Фӕлӕ тынгдӕр та зындгонд у йӕ фӕллойуарзаг цӕрджытӕй. Уыдоны сӕ хъазуатон фӕллойы фӕрцы  базыдтой ӕрмӕст республикӕйы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр. 

2017 азы  Мӕздӕджы районы Минӕвӕртты ӕмбырды сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы уӕнг, РЦИ-Аланийы Парламенты фӕндзӕм равзӕрсты депутат, фӕстӕдӕр та Мӕздӕджы районы Минӕвӕртты ӕмбырды депутат ГУГИТЫ Анатолийы фырт Геннади.  Районы экономикон-социалон фарстытӕ абон куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, ӕмӕ сӕм цы ног нысантӕ ис, уый фӕдыл  нӕм рауад ахӕм ныхас:

— Геннади, фӕстаг азты Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ  РЦИ-Аланийы  кусын райдыдтой паддзахадон программӕты национ проекттӕ. Уӕ муниципалон сконд дзы кӕцыты архайы ӕмӕ уын дзы цы бантыст?

— Нӕ район цы авд национ проекты архайы, уыдон сты ахсджиаг ӕмӕ нырыккон фӕрӕзтӕ районы социалон-экономикон фарстытӕ лыг кӕнынӕн. Цӕмӕй  ӕххӕстгонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй архайӕм Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ РЦИ-Аланийы 13 паддзахадон программӕйы: «Уӕрӕсейы Федерацийы граждӕнтӕн коммуналон лӕггӕдтӕ ӕмӕ ӕнцонвадат цӕрӕнуӕттӕ саразын», «Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады рӕзт», «Ахуыры рӕзт», «Физкультурӕ ӕмӕ спорты рӕзт», «Транспортон системӕйы рӕзт», «2018-2024 азтӕм нырыккон горӕтаг фалдзус саразын», «2016-2020 азты хойраг ӕмӕ хомаг, хъӕууонхӕдзарадон продукцийы базар нывыл сӕвӕрын ӕмӕ хъӕууон хӕдзарад рӕзын кӕнын», 2014-2024 азты Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы цӕрджыты ‘хсӕн куысты бынӕтты программӕйы ӕмархайд кӕнын”, «Уӕрӕсейы транспортон системӕйы рӕзт (2010-2020 азты)». Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты архайд бахастам районы социалон-экономикон рӕзты программӕмӕ.

Ивгъуыд аз дзы сарӕзтам фелсырон-акушерон пункт Октябрыхъӕуы, амбулатори Хъызлары, сывӕллӕтты цӕхӕрадӕттӕ  Мӕздӕг ӕмӕ станицӕ Луковскӕйы, Мӕздӕджы Юбилейныйы уынджы аразын райдыдтам скъола 500 ахуырдзауӕн ӕмӕ йӕ афӕдзы кӕронмӕ арӕзт фӕуыдзыстӕм. Районы хъӕуты ‘хсӕн фӕндӕгтӕ сцалцӕг кодтам 31 километры. Горӕты ӕмӕ хъӕуты сцалцӕг кодтам 116 уынджы — ӕдӕппӕт 66,8 километры. Ныртӕккӕ ӕнтыстджынӕй цӕуынц Дзӕуджыхъӕуӕй комкоммӕ Мӕздӕгмӕ фӕндаджы аразӕн куыстытӕ. Уыцы программӕтӕм гӕсгӕ арӕзт ӕрцыдысты мадзӕлттӕ цӕрджытӕн социалон ӕххуыс бакӕныны ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн цӕрӕнуӕттӕ раттыны тыххӕй. Ныртӕккӕ Мӕздӕджы районы бынӕттон хиуынаффӕйады администраци республикӕйы Экономикон рӕзты министрад ӕмӕ иннӕ министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕтимӕ снысан кодтой районы социалон рӕзты мадзӕлттӕ 2020-2022 азтӕм.

Ацы аз ӕххӕстгонд цӕуынц 23 программӕйы ӕмӕ 29 дӕлпрограммӕйы. Нӕ сӕйрагдӕр хӕсыл нымайӕм бынӕттон бюджеты пайдатӕ фӕфылдӕр кӕнын. Районы бюджет фӕфылдӕр кӕнынӕн нын ӕппӕты хуыздӕр фадат дӕттынц нӕ хуымзӕххытӕ. Абоны онг хаццон радтам 65,5 мин гектары, бадзырдтӕ сарӕзтам 1153 амалхъомимӕ ӕмӕ сӕ афӕдзы фыццаг ӕмбисӕн райстам 29,3 милуан сомы. Бюджеты фылдӕр хайӕ пайдагонд ӕрцыд ахуырады къабазы. Иумӕйаг ахуырады уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты нымӕц у 11786, семӕ та кусы 2730 адӕймаджы.

— Иугӕр ахуырады  кой скодтай, уӕд кӕстӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн хъарм лӕвар хӕринаг дӕттыны иувӕрсты дӕр куы нӕ ацӕуис. Куыд ӕм цӕттӕ сты районы скъолатӕ, стӕй эпидемиологон уавӕр кӕд иуцасдӕр фӕхуыздӕр, уӕддӕр нырма ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнгӕ сты санитарон домӕнтӕ. Куыд архайут хӕцгӕнизы ныхмӕ?

— Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путин стыр ӕргом аздӕхта скъолаты ахуырдзаутӕн хъарм хӕринаг цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ. Нӕ районы ахуырдзауты хъарм хӕринагӕй ӕфсадыны хӕс сӕхимӕ райстой 7 амалхъомы ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынц ӕнтыстджынӕй. Ӕдӕппӕт хъарм хӕринаг цӕттӕгонд цӕуы 4046 ахуырдзауӕн. Уыцы хъуыддаджы нӕм ацы ахуыры аз дӕр къуылымпытӕ нӕ уыдзӕн, цы хӕринаг цӕттӕ кӕнынц ахуырдзаутӕн, уый у сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзад.

Ацы фыдбылызы хӕцгӕ-низ куы фӕзынд, уӕд районы арӕзт ӕрцыд ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй ӕрмӕст хистӕр фӕлтӕр нӕ, фӕлӕ ахуырады  минӕвӕрттӕ дӕр хызт ӕрцӕуой, уыцы бӕллӕхӕй. Ацы аз 17 мартъийӕ фӕстӕмӕ районы ахуырад ӕмӕ культурӕйы ӕппӕт уагдӕттӕ дӕр ивд ӕрцыдысты дӕрддзӕф уагыл куыстмӕ. Хъӕуты Культурӕйы хӕдзӕртты ӕмӕ библиотекӕты арӕзт ӕрцыд социалон хызты къордтӕ ӕмӕ интернеты фӕрцы арӕзт цыдысты мидисджын уроктӕ ӕмӕ лекцитӕ. Районы культурӕйы уагдӕтты кусынц уӕлӕмхасӕн ахуырады къордтӕ. Абоны онг уыцы къордты архайы 883 адӕймаджы. Ацы аз майы культурӕйы уыцы къордты ахуыр фесты 82 ахуырдзауы. Нацпроект «Культурӕ»-йы архайгӕйӕ, уыцы уӕлӕмхасӕн ахуырады къабазӕй алкӕцы дӕр райста фортепиано. Библиотекӕты чингуыты фондтӕ ӕмӕ нырыккон техникон ифтонггӕрзтӕ балхӕнынӕн сын лӕвӕрд ӕрцыд 115,9 мин сомы. РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы фӕстауӕрцы фондӕй национ уӕлӕдарӕс ӕмӕ инструменттӕ балхӕнынӕн районы Культурӕйы хӕдзарӕн радих кодтой 305 мин сомы. Хъызлары хъӕуы Культурӕйы хӕдзарӕн та — 269 мин сомы.

Нацпроекты фӕлгӕты районы Культурӕйы хӕдзарӕн аппаратурӕ, компьютертӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс балхӕнынӕн дихгонд ӕрцыд 802,7 мин сомы.

Ацы бӕллӕхы низ куы фӕзынд, уӕд бирӕтӕ баззадысты  ӕнӕ мыздӕй. Уыдонӕн хъуыдис ӕвӕстиатӕй баххуыс  кӕнын. Мах бузныг стӕм районы амалхъомтӕй, уыдон ӕрбалӕууыдысты нӕ фарсмӕ сӕ гуманитарон ӕххуыстимӕ. Ӕххуыс кодтой хойрагӕй, халсартӕ, дыргътӕ, алыхуызон продукттӕй. Ахӕмтӕ дӕр дзы уыд ,ӕмӕ-иу сӕхӕдӕг ӕрбацыдысты ӕмӕ агуырдтой,кӕмӕн бакӕной се ‘ххуысы хай.  Абон бӕллӕхы низы ныхмӕ домӕнтӕ кӕй фӕлӕмӕгъдӕр сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын тӕссаг ницӕмӕйуал у. Ӕхсӕнадон бынӕттӕм цӕуын хъӕуы маскӕты, зиан куы ӕрцӕуы, уӕд уым сӕвӕрӕм антисептиктӕ, адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕной. Чи нӕ ӕххӕст кӕна нӕ домӕнтӕ, ӕхсӕнадон бынӕтты уӕвгӕйӕ, уыдоны ӕмӕ организациты разамонджыты  кӕндзыстӕм ивар. Адӕмы ӕнӕниздзинад сӕйрагдӕр у, бирӕтӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр бамбӕрстой ӕмӕ архайынц сӕхи хъахъхъӕныныл.

— Фӕстаг азты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав арӕзта бирӕ фембӕлдтытӕ республикӕйы цӕрджытимӕ, уыдонимӕ сымах районы дӕр. Бирӕ риссаг фарстытӕ хастой республикӕйы разамонӕджы размӕ адӕм. Сӕ куырдиӕттӕ сӕххӕст кӕныны ӕмӕ лыггӕнинаг хъуыддӕгтӕ аиуварс кӕныны тыххӕй лӕвӕрд цыд бӕлвырд амынддзинӕдтӕ хъӕуты ӕмӕ районы разамонджытӕн, республикон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕн. Куыд ӕххӕстгонд цӕуынц уыцы амынддзинӕдтӕ?

— Районы цӕрджытимӕ Битарты Вячеслав сарӕзта бирӕ фембӕлдтытӕ хъӕуты дӕр, стӕй Мӕздӕгӕн йӕхи мидӕг дӕр.  Адӕмӕн цы ныфсытӕ бавӕрдта, сӕ сӕххӕст кӕнынӕн цы амынддзинӕдтӕ радта, уыдон цӕуынц ӕххӕстгонд.

Арӕзт ӕрцыд районы поликлиникӕйы ног корпус, Хъызлары хъӕуы амбулатори, Притеречныйы рынчындон ӕрцыд реконструкцигонд, Мӕздӕджы №2,5,12 ӕмӕ Троицкы хъӕуы 24-ӕм ӕмӕ 34-ӕм сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕтты агъуыстытӕм уӕлӕмхасӕн арӕзт ӕрцыд ӕфтуан агъуыстытӕ, Винограднӕйы хъӕуы цӕрджытӕ бацин кодтой, 300 бынаты кӕм ис, ахӕм Культурӕйы хӕдзарыл. Мӕздӕджы унитарон куыстуат «Мӕздӕггаг доныканал»-ы арӕзт ӕрцыд нуазыны доны ӕдасдзинад ӕмӕ хӕрзхъӕддзинад бӕрӕггӕнӕг лаборатори, Мӕздӕджы скъолайы агъоммӕйы ахуырадон уагдон 230 бынатӕн, станицӕ Луковскойы цӕрджытӕн арӕзт ӕрцыд сывӕллӕтты рӕвдауӕндон 150 бынатӕн, станицӕ Терскӕйы астӕуккаг скъола, Павлодольскӕй — Притеречныймӕ цы автомобилон фӕндаг цӕуы, уый ӕрцыд цалцӕггонд, Мӕздӕджы, Кировы уынджы арӕзт ӕрцыд 850 адӕймаджы бацыдӕн фадат кӕм ис, ахӕм поликлиникӕ.

Поселок Притеречныйы ӕмӕ станицӕ Луковскӕйы астӕуккаг скъолайы спортивон залтӕ ӕрцыдысты бындурон цалцӕг, сифтонг сӕ кодтой ног спортивон ифтонггӕрзтӕй. Станицӕ Ново-Осетинскӕйы ӕмӕ Винограднӕйы хъӕуы 800 квадратон метры фӕзуатыл сарӕзтой спортивон хъазӕн фӕзтӕ сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны комплексимӕ.

— Ӕрбалӕууыд та фӕззӕг, бирӕ нал ис зымӕгмӕ дӕр. Куыд цӕттӕ стут уыцы уавӕрты цӕрын ӕмӕ кусынмӕ?

— 2020-2021 азты фӕззыгон-зымӕгон уавӕрты цӕрын ӕмӕ кусынмӕ нӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтам сӕрды райдайӕны. Сарӕзтам уыцы рӕстӕгмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ бӕрӕггӕнӕг сӕрмагонд къамис. Пъланмӕ гӕсгӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад бацӕттӕ кӕнынӕн снысан кодтам 35,1 милуан сомы, уыдонӕй цӕрӕнуӕтты хӕдзарадӕн — 15,5 милуан сомы, коммуналон хӕдзарадӕн 19,6 милуан сомы.

Ацы аз фыццӕгӕм сентябрмӕ уыцы ӕхцайы фӕрӕзтӕй куыстытӕ бакодтам 33,56 милуан сомы аргъ, кӕнӕ та цы куыстытӕ снысан кодтам, уыдонӕн сӕххӕст кодтам сӕ 95,7 проценты. Уыдонӕй цӕрӕнуӕтты хӕдзарады куыстыты пълан сӕххӕст кодтам 100,1 процентӕй. Фӕззыгон-зымӕгон уавӕртӕм бацӕттӕ кодтам 286 бирӕфатерон хӕдзары,  цы нысан кодтам, уыдон се ‘ппӕт дӕр бацӕттӕ кодтам: 10 артгӕнӕны, 29,91 километры хъармгӕнӕн хӕтӕлтӕ, 242,8 километры нуазыны доны хӕтӕлтӕ, 6 донцъирӕны, 72,6 километры  канализацион хызтӕ, 95,9 километры электрон хызтӕ, 101,6 мин квадратон метры фӕндӕгтӕ.

Ацы рӕстӕгмӕ ӕппӕт разамынддӕттӕг компанитӕ ӕмӕ муниципалон-унитарон куыстуат «Мӕздӕггаг доныканал» райстой цӕттӕдзинады паспорттӕ.

Ахуырад ӕмӕ культурӕйы уагдӕтты дӕр бакодтам бирӕ куыстытӕ ӕмӕ уыдон дӕр цӕттӕ сты фӕззыгон-зымӕгон уавӕрты кусынмӕ.

— Геннади, Мӕздӕг архайдта IV ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Чысыл горӕттӕ ӕмӕ историон цӕрӕнбынӕттӕ-2021»-ы. Йӕ ӕнтысты тыххӕй нын бӕлвырддӕр нӕ радзурдзынӕ?

— Уыцы конкурсы архайынмӕ муниципалон скондты сразӕнгард кодта республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Цӕгат Ирыстонӕй уыцы конкурсы архайынӕн сӕ гӕххӕттытӕ балӕвӕрдтой республикӕйы районты центртӕ фондзӕй. Конкурсмӕ сӕ бацӕттӕ кӕнын хӕсгонд ӕрцыд Хицауады профилон структурӕтӕн. Ӕмӕ 2019 азы кӕрон  Мӕздӕджы разамынд ӕмӕ депутаттӕ Уӕлахизы парк банывыл кӕнынӕн рахастой бюджетмӕ фӕрӕзтӕ бахӕссыны уынаффӕ. Горӕты ӕхсӕнадон организацитӕ дӕр ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты уыцы хъуыддагыл. Уый фӕстӕ муниципалон сконды хъуыд конкурсон къамисмӕ гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кӕнын.

Горӕтиртасӕн ӕмӕ архитектурон концепци бацӕттӕ кӕныны тендер рамбылдта Мӕскуыйы архитектурон бюро ӕмӕ декабры мӕскуыйаг ӕрыгон архитекторты къорд, йӕ сӕргъы архитектор Антон Кочуркин, афтӕмӕй ӕрцыд Мӕздӕгмӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ ӕппӕт гӕххӕттытӕ дӕр уыдысты цӕттӕ. Конкурсы бӕрӕггӕнӕнтӕ Хицауады ӕмбырды Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады Сӕрдар Михаил Мишустин куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй горӕт Мӕздӕг ссис IV ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Чысыл горӕттӕ ӕмӕ историон цӕрӕнбынӕттӕ-2021»-ы уӕлахиздзау.

— Афӕдзы райдайӕнӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕдӕр цард кӕд сӕвзӕргӕ тӕссаг низы уавӕрты цыд, уӕддӕр дзы уӕ къухы ӕвзӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ нӕ бафтыд, чысыл не сты уӕ дарддӕры нысантӕ дӕр ӕмӕ уӕ къухы ӕнтыстджынӕй бафтӕнт. Нӕ ныхасы кӕрон ма дӕ «Рӕстдзинад»-ы редакцийӕн цы зӕгъын фӕнды?

— «Рӕстдзинад» у ирон ӕвзаг, ирон ӕгъдӕутты фарнхӕссӕг, адӕмы кӕрӕдзиуыл бӕттӕг, царды ӕцӕгдзинад ӕвдисӕг газет ӕмӕ йын мӕ зӕрдӕ зӕгъы сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдтӕ, йӕ кусджытӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ газеткӕсджытӕ.

— Бузныг!

Ныхас ныффыста Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here