Рагон аргъуаны ног истори

0
564

Канд дины ӕхсӕнадӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн республикӕйӕн дӕр знон уыдис стыр бӕрӕгбон. Ӕхсӕз азы дӕргъы реставрацийы куыстытӕ кӕм цыдис, уыцы рагон объект — сыгъдӕг апостол кънйаз Владимиры аргъуан йӕ дуӕрттӕ ног ӕнусы, ног фадӕттимӕ байгом кодта. Советон дуджы размӕ ацы историон-культурон объект нымад уыдис дины ӕхсӕнады разамонджыты резиденцийыл. Бындур ӕвӕрд та йын ӕрцыд 1875 азы.

Кадджын мадзалмӕ ӕрбацыдысты уазджытӕ алы рӕттӕй. Уыдонимӕ: Мӕскуыйаг Патриархийы хъуыддӕгты разамонӕг,  митрополит Дионисий, Уӕрӕсейы Федерацийы Национ хъуыддӕгты фӕдыл федералон агентады разамонӕджы хӕдивӕг Михаил Мишин, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы архиепископ Леонид, дины ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕ. Ӕмбырд байгом кодта Мӕскуыйаг Патриархийы хъуыддӕгты разамонӕг, митрополит Дионисий. Уый загъта, куыд ахсджиаг у нырыккон рӕстӕджы аргъуаны ахадындзинад рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладӕн, алы конфесситы минӕвӕртты хӕлар ахастдзинӕдтӕн, уый. Митрополит арфӕтӕ ракодта мадзалы архайджытӕн йӕхи ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Патриарх Кириллы номӕй.

— Мӕскуыйӕ Ирыстонмӕ ӕз цингӕнгӕ ссыдтӕн. Патриарх мын фӕндагмӕ дзырдта, цӕмӕй Ирыстоны Стыр Хуыцауыл бафӕдзӕхсон, рӕстмӕйы хъуыддӕгтыл ӕй бафтауон. Патриарх зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕны егъау цаумӕ, Аланыстоныл саргъуыды  1100 азы юбилеймӕ. Уыцы бӕрӕгбон ӕрмӕст ирон адӕмы нӕу, фӕлӕ нӕ бӕстӕйы ӕппӕт чырыстон дины ӕхсӕнады ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы дӕр. Уымӕн ӕмӕ уыцы саргъуыдӕй абонмӕ Ирыстон уыдис кӕддӕриддӕр немӕ ӕмбаст. Ӕнусты дӕргъы архайдта дины руаджы рӕсугъд ӕмӕ фӕрнджын хъуыддӕгтӕ аразыныл. Цӕмӕй фӕллойгӕнӕгӕн йӕ къухы бирӕ ӕфта, ӕнӕнизӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй рӕзой сывӕллӕттӕ, цӕмӕй хӕлардзинады тӕгтӕ алы адӕмты ‘хсӕн фидарӕй-фидардӕр кӕной. Ног реставрацийы фӕстӕ аргъуаны фадӕттӕ сты бирӕ хъӕздыгдӕр ивгъуыд рӕстӕджытимӕ абаргӕйӕ ӕмӕ уыдзысты адӕмы рухстауӕн куыстӕн. Ацы объект у — Цӕгат Кавказы историон-культурон хӕзнаты хӕзнадӕр. ӕмӕ мӕ уырны, йӕ архайд нӕ бӕстӕйы хорзӕн кӕй уыдзӕнис, уый, — загъта митрополит.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав та радзырдта зӕронд аргъуаны реставрацион куыстыты фӕдыл ӕмӕ йӕ историйы тыххӕй.

— Ӕхсӕз азы Уӕрӕсейы хуыздӕр специалисттӕ архайдтой дины ӕхсӕнады рухстауӕн центр фӕстӕмӕ раздахыныл. ӕмӕ абон уынӕм, ног бӕстыхай та аккаг бынат кӕй ссардзӕн нӕ горӕты ӕппӕты рӕсугъддӕр историон-архитектурон цыртдзӕвӕнты ‘хсӕн. ӕдӕппӕтӕй, реставрацигонд комплексы фӕз у 2550 квадратон метры. Ис дзы кънйаз сыгъдӕг Владимиры аргъуан, епархиалон разамынды ӕмӕ ӕндӕр  бӕстыхӕйттӕ. Ацы культурон хӕзна — Архиерейты «хӕдзар», кънйаз сыгъдӕг Владимиры аргъуанимӕ канд Ирыстоны историйы сыф нӕу, фӕлӕ ӕнӕхъӕн Уӕрӕсейы дӕр. Бӕстыхайы хъысмӕт ӕнгом баст у дзӕуджыхъӕуккаг епархиимӕ ӕмӕ, зӕгъӕн ис, абон байгом кӕндзыстӕм йӕ ног дуджы истори. 1875 азы Дзӕуджыхъӕуы бындурӕвӕрд ӕрцыд Архиерейты кафедрӕйӕн. Уый ссис Цӕгат Кавказы чырыстон дин хӕлиугӕнӕг административон центр.

Уыцы заман дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ мӕздӕггаг епископ Иосиф Чепиговскийӕн резиденцийы бынатӕн нӕ горӕты  Церетелийы уынджы радтой иу бӕстыхай. Уый фӕстӕ дзы сарӕзтой кънйаз сыгъдӕг Владимиры номыл аргъуан.

1922 азы объект ист ӕрцыд дины кусджытӕй ӕмӕ йӕ радтой ӕфсӕддон ведомствӕйӕн. Уыдис дзы госпитӕл. 2000 азы бӕстыхай ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд. 2013 азы, Федералон закъоны бындурыл фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы епархийӕн. Реставрацийы куыстытӕ дзы райдыдтой 2014 азы, фӕлӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй нал фаг кодта, уымӕ гӕсгӕ куыстытӕ ӕрлӕууыдысты. Архиепископ Леонид Алайнаг епархийы сӕргъы  куы ӕрлӕууыд, уӕд хъуыддаг  сырӕзт. Куыстыты рӕстӕг ивд ӕрцыдысты бӕстыхайы сӕр, къултӕ, дуӕрттӕ, рудзгуытӕ, пъолтӕ, доломитӕй арӕзт йӕ историон къӕпхӕнтӕ йын реставраци скодтой. Проекты автортӕ уыдысты архитектор Болиаты Руслан, инженер-конструктор та Магкӕты Хъазыбег. Нӕ бӕстӕйы зындгонд реставратортӕ: архитектор Евгений Марценюк, инженер Игорь Стрельбицкий. Дӕсны специалисттӕн бантыст канд сӕдӕаздзыд бӕстыхай фӕстӕмӕ сног кӕнын нӕ, фӕлӕ ма йӕ нырыккон царды домӕнтӕн дзуапп дӕттыны куыст кӕнын дӕр, — загъта Битарты Вячеслав.

Ӕмбырды раныхас кодтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев ӕмӕ архиепископ Леонид дӕр. Историон объекты фӕзы фенӕн уыдис цымыдисаг равдыст. Нӕ республикӕйы рагон аргъуанты къамтӕ мидӕгӕй, аргъуаны та Чырыстийы ныхас 1100 азы дӕргъы чи хаста, уыцы алайнӕгтӕ-ирӕтты экспозици. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг фыд Леонидӕн балӕвар кодта Уӕлахизхӕссӕг сыгъдӕг Георгийы  уазныв. Уый фӕстӕ мадзалы архайджытӕ бацыдысты аргъуанмӕ ӕмӕ федтой ног уавӕртӕ, фадӕттӕ ӕмӕ дины историйы экспонаттӕ.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here