Мидбӕстон уӕлдӕфон маршруттӕн дунеон аэропорт «Владикавказ»-ы сараздзысты ног комплекс. Йӕ проектыл ӕрныхас кӕнгӕйӕ, бӕстӕйы сӕйраг паддзахадон экспертизӕ бар радта арӕзтад ӕххӕст кӕнынӕн.
Ног дыууӕуӕладзыгон бӕстыхайы бӕрзӕнд уыдзӕн 20 метрӕй фылдӕр, йӕ фӕзуат та — 5 мин квадратон метры. Фыццӕгӕм уӕладзыджы уыдзӕн дуканитӕ, ресторантӕ, кафетӕ, медицинон кусӕндон, стӕй дзаумӕттӕдӕттӕн залтӕ ӕмӕ бӕлццӕтты регистрацигӕнӕнтӕ. Адӕм дыккаг уӕладзыгмӕ цӕудзысты эскалатортӕ ӕмӕ лифтты ӕххуысӕй. Уым та ӕрбынат кӕндзысты паспорттӕ бӕрӕггӕнӕн тӕлмытӕ, ныййарӕг ӕмӕ сывӕллоны агъуыст, авиакомпанийы офистӕ, уӕлдай удӕнцойдӕр залтӕ, стӕй хӕдтӕхджытӕм ӕнхъӕлмӕкӕсӕн ӕмӕ телескопон трапы ӕххуысӕй фӕзмӕ ӕрхизӕн тӕлмытӕ.
Уымӕй уӕлдай ма аэропорты сараздзысты авиаперроны фӕзтӕ, дизелон электростанцӕ, трансформаторон дӕлстанцӕ, зынгсирвӕзты ныхмӕ доны ӕвӕрыны резервуартӕ, чысыл донсыгъдӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр объекттӕ. Аэровагзалы бӕстыхайы цӕгатаг фарсмӕ ‘ввахс автобусты лӕууӕн бынатӕн радих кӕндзысты хицӕн фӕз, стӕй дзы сӕрмагонд транспорты цыдӕн сараздзысты дывӕрсыг фӕндаг. Вагзалмӕ ‘ввахс фӕзыл сараздзысты ӕдасдзинады фӕз. Йӕ уӕрх уыдзӕн 30 метры. Уым 224 хӕдтулгӕйӕн уыдзӕн лӕууӕн бынӕттӕ (22 бынаты — ӕнӕниздзинады цыбыргонд гӕнӕнтимӕ адӕмы хӕдтулгӕтӕн). Ног терминалмӕ ӕмӕ уырдыгӕй адӕм цӕудзысты А-161 автомобилон фӕндагӕй.
Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, афӕдзмӕ аэропорты маршруттӕй спайда кӕндзысты 550 мин бӕлццоны. Проектмӕ гӕсгӕ, ног комплексыл сахатмӕ цӕудзӕн 200 бӕлццоны. Проект сӕххӕст кӕндзысты акционерон ӕхсӕнад «Дунеон аэропорт Владикавказ»-ы хардзӕй, ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Спектрум-Холдинг» та нымад уыдзӕн генералон проектаразӕгыл.
Ныртӕккӕ бӕлццӕтты нымӕцӕй аэропорт «Владикавказ» Цӕгат Кавказы федералон зылды аэропортты ӕхсӕн ахсы ӕртыккаг бынат. Фарон аэропорт балӕггад кодта 500 мин бӕлццонӕй фылдӕрӕн. Аэропорты куыстӕн фадӕттӕ аразы иугонд «Новапорт»-мӕ хауӕг акционерон ӕхсӕнад «Дунеон аэропорт Владикавказ».














