0
301

Дзырд — адӕймаджы цардмӕ здахӕг фӕрӕз

Дзырдӕн ис ӕгӕрон стыр тых. Дзырдӕй адӕймаджы амарӕн куыд ис, афтӕ — цардмӕ раздахӕн дӕр. Ӕмӕ йӕ къухмӕ фыссӕн сис чи райста ӕмӕ ӕрвылбон дзырдимӕ кусын йӕ царды нысанӕн чи равзӕрста, уыцы журналист йӕ куысты хӕстӕ куыд цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ дзырдӕй куыд пайда кӕны, уымӕй абон бирӕ аразгӕ у адӕймаджы, ӕппӕт ӕхсӕнады цард. Афтӕ уыд раздӕр, афтӕ у ныртӕккӕ ӕмӕ уыдзӕн райсом дӕр.

А фӕстаг рӕстӕг ӕппӕт дуне, ӕппӕт Уӕрӕсе, уыимӕ, Цӕгат Ирыстон дӕр низӕфтауӕгимӕ баст цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдоны сӕрты ахизынӕн йе ‘ххуысы къух чи бадардта — чи йӕ куысты бынатмӕ гӕсгӕ, чи йӕ зӕрдӕйы ахастмӕ гӕсгӕ, уыдоны ‘хсӕн дохтыртӕ, медицинон кусджытӕ, волонтертӕ ӕмӕ амалхъомтӕй уӕлдай уыдысты журналисттӕ дӕр.

Низӕй хи бахъахъхъӕныны охыл адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕдзары бадын куы бахъуыд, уӕддӕр журналисттӕн сӕ царды фӕтк нӕ аивта, ӕрвылбондӕр уыдысты сӕ куысты уӕлхъус ӕмӕ, тӕссаг низы ахасты бахауӕг республикӕ куыд цӕры, цы уавӕрты, куыд тох кӕны низы ныхмӕ ӕмӕ цы мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй йыл фӕуӕлахиз уа, ӕппӕт уыдӕтты фӕдыл хъусынгӕнинӕгтӕ рӕстзӕрдӕйӕ ӕрвылбон хӕццӕ кодтой республикӕйы цӕрджытӕм.

Цӕгат Ирыстоны дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕ знон ӕрбамбырд сты республикӕйы Национ музеймӕ — уырдӕм сын сӕ зӕрдиаг куысты тыххӕй арфӕ ракӕнынмӕ ӕрбацыд республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

— Ног низӕфтауӕг куы рапарахат ис, уӕд йӕ ныхмӕ, фыццаджыдӕр, ӕрлӕууыдысты дохтыртӕ, медицинон кусджытӕ ӕрыгон фӕлтӕр, волонтертӕ, амалхъомтӕ, ӕхсӕнадон минӕвӕрттӕ, алчи дӕр йе ‘ххуысы хай хаста низы ныхмӕ тох кӕныны иумӕйаг хъуыддагмӕ.   Уыцы бонты адӕмы цард бынтондӕр аивта, ӕрмӕст сымахӕн — нӕ. Ӕмӕ уыцы зын рӕстӕджыты дӕр уӕ куысты хӕстӕ рӕстзӕрдӕйӕ, ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕмӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кодтат, уый тыххӕй уын арфӕ кӕнын. Низимӕ баст уӕвӕр абон дӕр нывыл нӕма у, уый нӕ, фӕлӕ та ногӕй кӕны карздӕр. Арфӕ уын кӕнын уӕ дӕсныдзинады тыххӕй, ӕхсӕнады размӕ цы фарстатӕ ис, уыдон алыг кӕныны хъуыддаджы аккаг бавӕрӕн кӕй хӕссут ӕмӕ стырзӕрдӕ кӕй не стут, уый тыххӕй. Уӕ граждайнаг цӕстӕнгас, уӕ цыргъзонд, ӕхсӕнадӕн пайда хӕссынмӕ кӕй тырнут — ӕппӕт уыдӕттӕ сты журналистӕн аргъгӕнӕг ӕмӕ цӕвиттойнаг миниуджытӕ. Уӕ дӕсныйады алкӕддӕр ӕнтыстджын ут! — арфӕ кӕнгӕйӕ, загъта Битарты Вячеслав.

Республикӕйы фӕзуатыл ног коронавирусы хӕцгӕниз рапарахат кӕнын не ‘руадзыны мадзӕлтты архайыны тыххӕй ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ аккаг бавӕрӕн бахӕссыны тыххӕй Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕджытӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыдысты, уыдонимӕ сты «Рӕстдзинад»-ы коллективы минӕвӕрттӕ дӕр: сӕйраг редакторы хӕдивджытӕ Сланты Аслан ӕмӕ Бутаты Эльзӕ, хистӕр уацхӕсджытӕ Дедегкаты Зӕлинӕ, Саутӕты Тамилӕ ӕмӕ Хъойбайты Галинӕ.

Уыдонӕй уӕлдай, республикӕйы Сӕргълӕууӕджы арфӕтӕ райстой: телерадиокомпани «Алани»-йы кусджытӕ — оператор Гайты Хетӕг, уацхӕссӕг Хъалӕгаты Надеждӕ, сӕрмагонд уацхӕссӕг Наталья Фрейбер, шеф-редактор Черчесты Зӕринӕ, шофыр Абайты Таймураз; национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытӕ — рауагъды службӕйы хицау Дзестелты Мария, шеф-редактортӕ Хъуылаты Юри ӕмӕ Гуыбаты Людмилӕ, уацхӕсджытӕ Гӕззаты Иринӕ, Федор Сухарников ӕмӕ Скъиаты Ларисӕ, газет «Северная Осетия»-йы кусджытӕ — уацхӕсджытӕ Гӕцойты Наталья, Гуыбыраты Зӕлинӕ, Махъоты Мӕдинӕ, Всеволод Рязанов ӕмӕ къамисӕг Татьянӕ Шеходанова; фӕсивӕдон газет «Слово»-йы кусджытӕ — оператор Цагъаты Ларисӕ, корректор Чъерджиаты Ларисӕ, стӕй уацхӕсджытӕ Бӕззаты Алинӕ, Сусаннӕ Айвазян ӕмӕ Хъӕцмӕзты Зӕлинӕ.

Ӕгайты Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here