Ныв кӕныны уӕлахиздзаутӕ

0
233

«Сывӕллӕттӕ — коррупцийы ныхмӕ», — ахӕм ӕрвылазон конкурсӕй Цӕгат Ирыстоны скодтой хатдзӕгтӕ ӕмӕ сбӕрӕг сты уӕлахиздзаутӕ. Кадджын уавӕры Хицауады Хӕдзары уыдис ӕмбырд. РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы коррупцийы ныхмӕ тохы управленийы разамонӕг ЧерЧесты Аслан ӕвзонг нывгӕнджытӕн радта зӕрдылдарӕн грамотӕтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ.

Конкурс ныр ӕртӕ азы дӕргъы цӕуы сывӕллӕтты ӕртӕ кары минӕвӕртты ‘хсӕн, йӕ бантысыныл архайӕг вӕййы коррупцийы ныхмӕ тохы РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы управлени. Хъуамӕ сывӕллӕттӕм фӕзына коррупцион ахастытӕм хи цӕстӕнгас, сӕ барадон культурӕ рӕза. Управленийы разамонӕг Черчесты Аслан зӕрдӕбынӕй салам радта ӕрбацӕуӕг уазджытӕн, сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн.

«Республикӕйы разамынд, стӕй мӕхи номӕй дӕр уын арфӕ кӕнын уӕ уӕлахизы тыххӕй. Ӕхсызгон у, ацы конкурсмӕ уе ‘ргом кӕй аздӕхтат, уый. Хӕдбар къамис равзӕрста 300 куыстӕй фылдӕр, се ‘хсӕнӕй ӕппӕты хуыздӕртӕ равзарын ӕнцон нӕ уыдис. Аивадон сфӕлдыстады фӕрцы йӕ ахаст коррупцимӕ чи равдыста, уыцы уӕлахиздзаутӕн мӕ бон у арфӕ ракӕнын. Нӕ бӕстӕйы патриотты кӕй хъомыл кӕнут, уый тыххӕй та уӕлдай бузныг ныййарджытӕн», — загъта Черчесты Аслан.

Уый фӕстӕ уӕлахиздзаутӕн радта грамотӕтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here