Поэты нуарджын дзырд

0
297

УФ-йы Фысджыты ӕмӕ Журналистты цӕдисты уӕнг, газет «Рӕстдзинад»-ы сӕрмагонд уацхӕссӕг Абайты Эдуарды ном ирон чиныгкӕсӕгӕн рагӕй у уарзон ӕмӕ зынаргъ. Йӕ поэзи нывӕзт вӕййы фыдӕлты нуарджын рох дзырдтӕй, арвайдӕнмӕ кӕсӕгау дзы банкъарӕм фыдӕлтыккон дуджы цард, сӕ миддуне ӕмӕ сӕ удысконд. Йӕ алы поэтикон ӕмбырдгондыл бӕрӕгбонау уымӕн сӕмбӕлынц чиныгкӕсджытӕ.

Ӕмӕ та мӕнӕ ног лӕвар ракодта Эдуард йӕ поэзиуарзджытӕн. Ӕрӕджы рауагъад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йӕ ног ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «ӕртхуроны хай». Йӕ ног уацмысты равдыста йӕ сыгъдӕг уарзт Ирыстонмӕ, ӕрдзы рӕсугъддзинад, нӕ адӕмы удысконд, сӕ сӕрыстырдзинад ӕмӕ зӕрдӕйы рӕсугъддзинад. Йӕ разныхасы зындгонд поэт, радиожурналист Къадзаты Станислав фыссы: «Не ‘мдугон поэт Абайты Эдуард йӕ удӕй арт цӕгъды, цӕмӕй махӕй алкӕуылдӕр дзаг цӕстӕй кӕса ирон дзырды хур. Цал ӕмӕ нын цал дзырды бахызта рохуатӕй, раздӕхта сӕ фӕстӕмӕ йӕ уацмысты!»

Йе ‘мбырдгонд райдайы ӕмдзӕвгӕ «ӕртхуроны хай»-йӕ. Поэт дзы зӕгъы йӕ хъуыды, йӕ хъысмӕт цард ӕмӕ мӕлӕты ‘хсӕн кӕддӕриддӕр быцӕу кӕй фӕкӕны, уый тыххӕй:

Мӕлын дӕр мӕ нӕ фӕнды,

Цӕрын дӕр мӕм нӕ цӕуы,

Ӕз цард ӕмӕ мӕлӕты

‘Хсӕн райгуырдтӕн быцӕуы.

Царды хуры ӕххӕстдзинад поэт уыны, цард ӕмӕ мӕлӕты ‘хсӕн быцӕу кӕй кӕны, уымӕн ӕмӕ зоны, се ‘хсӕн рӕстдзинадыл ӕнусон тох кӕй цӕуы, уый:

Мӕ цард ӕдзухдӕр— къахыр,

Цӕмӕй кӕна ӕххӕстдӕр.

Быцӕу мӕлӕтӕй къахын,

Нӕй банцайӕн нӕ хӕстӕн.

Дарддӕр ацы ӕмдзӕвгӕйы нымайы, царды цы фӕзындтытыл сӕмбӕлӕн ис, уый:

Ис сау тӕппытӕ хурыл,

Гуыбын хъуыр-хъуыраг хъуагӕй.

Цӕллахъ нӕ кӕны дурын

Йӕ тӕккӕ хъуырмӕ дзагӕй…

Адӕймаг куы цӕра, уӕд хъуамӕ ацы зӕххыл тауа йӕ зӕрдӕйы хорзӕхтӕ, ӕнӕ уыдонӕй нӕ царды цӕхӕрадоны дидинджытӕ нӕ, фӕлӕ сындзытӕ зайдзӕн. Адӕмӕн цас фылдӕр хорздзинӕдтӕ аразай, уый бӕрц дын Хуыцау дӕр ӕргом кӕндзӕн йӕ арфӕйаг хӕрзтӕ:

Афтӕ цӕр, дӕ фӕстӕ

Хорзӕй мысой дӕу,

Искӕмӕн дӕ хӕрзтӕй

Искӕй зӕрдыл лӕуу.

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы мысинӕгтӕ цӕры, уыдонӕн сӕ хуыздӕртӕ баст сты йе ‘взонджы бонтимӕ. Уӕд Эдуарды поэтикон хъайтар дӕр уыд йӕ тӕккӕ хъаруйы, барджыты ерысы дӕр раззаг:

Барджыты ерысы

Н’ акъуырдтон ӕз цъоз,

Ӕмӕ мын нӕ мысынц

Хорз адӕм мӕ хорз.

Цард быцӕу куыд у, афтӕ у дугъ дӕр. Ӕмӕ поэт кӕд йӕхи ӕххӕст дугъон нӕ хоны, фӕлӕ дзы уӕддӕр чидӕр уӕлдӕр кӕй уыд, уым ис йӕ тухӕн ӕмӕ уымӕй хоны йӕхи амондджын:

О, фӕлӕ кӕд дугъы,

Исчи уыд уӕлдӕр,

Ис дзы уӕд мӕ тухӕн —

Иу ӕвзыст уӕддӕр…

Поэты мад нал ис ацы дунейы, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ архайд мысы арынджы уӕлхъус. Уым баззад йӕ хъарм къухты фӕд, цы хӕмпус дзул-иу дзы кодта, уый та кӕддӕриддӕр дары йӕ зӕрдыл, хыссӕ ӕвдылӕны баззад ныййарӕгӕн йе ‘вдулӕн. Хъӕбулӕй йӕхицӕй та зӕрдӕйы мастад. Цард дӕр у сасирау лыстӕг, мах хъысмӕттӕ зулмӕ луаргӕйӕ рабӕрӕг вӕййы, чи нӕ у царды бӕззон, чи та — йӕ лыстӕг луарӕнтӕ:

Хыссӕйӕ равдӕлон

Мадӕн йӕ арынг,

Фӕлӕ йӕ хӕмпус дзул

Зӕрдыл ӕз дарын.

Цард дӕр — лыстӕг сасир, —

Луары нӕ зулмӕ.

Чи нӕ у луарӕнтӕ,

Чи та у дзуллаг.

Ахӕм у царды философи. Чи йӕ хӕрды ссӕуын бафӕразы ӕмӕ лӕгӕй баззайы, кӕй та йӕ фыддзинӕдты аххосӕй бынмӕ ӕрӕппары.

Ӕхсӕнад ӕмӕ цардмӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цы ахаст уа, уымӕй гуырынц йӕ цинтӕ ӕмӕ сагъӕстӕ. Уымӕй уӕддӕр лӕджы зӕрдӕ нӕ фӕтасы, фӕлӕ ахизы дуджы зындзинӕдты сӕрты дӕр. Уыцы зынтӕ та баззайынц йӕ зӕрдӕйы рӕбын, куыд нӕфӕччиаг, афтӕ:

Нӕ цинӕй, нӕ мастӕй ӕргом

Ӕгӕр дӕр фӕвӕййӕм, дзырдхъом.

Нӕфӕччиагӕн исты ныууадз

Дӕ зӕрдӕйы рӕбын, уӕууа!..

Лӕджы цард балцвӕндаг у, уый бӕрӕг уыд Нарты кадджыты дӕр. Цы ӕгъдӕуттӕ нӕм дзы ӕрхӕццӕ, уыдонӕн сӕ ахсджиагдӕр у зынгӕй ард хӕрын, уый у нӕ фыдӕлты удварн ӕмӕ лӕгдзинад ӕвдисӕн. Нӕ царды ӕппӕт нысантӕ сты рӕстагӕй ӕмӕ ӕргом зӕрдӕйӕ цӕрын. Фӕлӕ поэт зӕгъы, кӕд йе ‘гад ӕрцыд, уӕд цӕттӕ у мӕрдты хъизӕмар кӕнынмӕ дӕр. Ацы ӕппӕт нывтӕ нын дзырдты хуызы поэт равдыста йе ‘мдзӕвгӕ «Нӕртон ардбахӕрд»-ы:

Лӕг райгуырди балцӕн, —

Куыд-иу дзырдтой Нарт.

Лӕгдзинады алфӕн,

Зынгӕй хӕрын ард!

Мӕ балцыдзон сенк кард!..

Ӕппӕт дӕр — лӕгӕй.

Ӕрцыди кӕд ме ‘гад, —

Мӕртты бинаг къӕй!…

Лӕг райгуырди балцӕн, —

Куыд иу дзырдтой Нарт,

Лӕгдзинады алфӕн,

Зынгӕй хӕрын ард!..

Куырдадз. Къуз. Къуынцгомы-

Дымд цӕхӕры цӕст.

Мынӕг зынг нӕ комы,

Ӕртхутӕгӕмбӕрзт…

Ног поэтикон ӕмбырдгонд «ӕртхуроны хай»-мӕ ма автор бахаста хъӕууон царды нывтӕ, зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты дуне, адӕмы царды ӕппӕт миниуджытӕ нын ирдӕй кӕм ӕвдисы, ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ: «Уӕлкурдиат ӕрдз», «Ахӕр, гоцо», «Иубоны хосдзау», «Хъуг», «Дзӕнӕтмӕ зындонӕй», «Сир дӕр — хорз», «Мады мысгӕйӕ», «Амынд», «Кӕцы дӕ уый» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Поэтӕн йӕ ног чиныг цас цин ӕрхӕссы, уымӕй фылдӕр ӕхсызгондзинад та дзы чиныгкӕсӕг райсы. Ӕмӕ курдиатджын поэт Абайты Эдуардӕн газет «Рӕстдзинад»-ы йӕ алы ӕрмӕг дӕр газеткӕсӕгӕн ӕхсызгонӕй кӕсинаг куыд у, йӕ алы чиныгыл дӕр ын стыр ӕхсызгонӕй куыд ӕмбӕлдысты нӕ адӕм, афтӕ йӕ ног ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «ӕртхуроны хай» дӕр сын сӕ зӕрдӕтӕм ног цин кӕй ӕрхӕсдзӕн, сӕ удварныл ма сын стырдӕр хъарутӕ кӕй бафтаудзӕн, фыдӕлтыккон цардимӕ сӕ ноджы хуыздӕр кӕй базонгӕ кӕндзӕн, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнӕм. Афтӕмӕй йӕ авторӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы стырдӕр сфӕлдыстадон уӕлахизтӕ!

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here