Концертон уӕлӕдарӕс сын балӕвар кодтой

0
393

Адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ зарджыты паддзахадон ансамбл «Терчы хъазахъхъӕгтӕ» фидӕн азы бӕрӕг кӕндзӕн йӕ сарӕзты 10 азы.

Уыцы зӕрдылдарӕн юбилейы агъоммӕ коллективы царды ӕрцыд ӕхсызгон цау — республикӕйы разамынды хъӕппӕрисӕй сын балӕвар кодтой ног концертон уӕлӕдарӕс. Уыцы дзаума балхӕнынӕн фӕрӕзтӕ радих кодтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауады фӕстауӕрцы фондӕй.

— Ног азы бӕрӕгбон ӕмӕ нӕ юбилейы агъоммӕ уӕлдай ӕхсызгондӕр у ахӕм зӕрдиаг лӕвар райсын, — зӕгъы ансамблы аивадон разамонӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Лилия Максимова. — Мах бузныг стӕм республикӕйы культурӕйы министр Къубалты Эльбрусӕй, нӕ тыхстаг фарст нын республикӕйы разамындмӕ кӕй фӕхӕццӕ кодта, уымӕй.

Ныртӕккӕ сфӕлдыстадон къорды уӕнгтӕ цӕттӕ кӕнынц ног программӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ногӕй та аивадуарзджыты раз сценӕйыл кӕд ӕрлӕудзысты, уыцы рӕстӕгмӕ.

Абайты Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here